Ирон дзырдаивадмæ бирæ азты аккаг хайбавæрд хæссы не ‘мзæххон, поэт, тæлмацгæнæг, публицист, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, РХИ-йы сгуыхт журналист Дыгъуызты Тенгиз. Уымæн Дзæуджыхъæуы рауагъдад «Полиграф-Сервис»-ы рацыд йæ ног поэтикон æмбырдгонд «Æвзист суадон». Чиныгмæ ног æмдзæвгæтæй дарддæр бацыдысты алы азты фыст уацмыстæ. Чиныджы редактор у Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг Джусойты Марат. Йæ рауадзынæн зæрдиаг æххуыс бакодта зындгонд æхсæнадон архайæг æмæ меценат Къæбысты Георги.

Чиныджы сæйрагдæр темæтæй иу у Фыдыбæстæмæ æнæкæрон уарзондзинад, Ирыстоны абон, йæ сомбоныл сагъæс. Йе ‘нтыстдзинæдтыл цин кæнын æмæ йæ хъыгæй риссын. Автор фыссы:

Мæ Ирыстон!  Фыдытымыгътæн нæ тасыс

Ды тулдзау  фидар, сабитау æргом.

Дæ рыст риумæ, ныййарæгау, нылвасыс

Дæ хъæбулты – зынаргъ дын у сæ ном.

Уырны мæ мæн, дæ хъæдгæмттæ, дæ хъыгтæ

Уыдзысты рох æвзæр фыдфынау раст

Æмæ дæ рыст, дæ тугæрхæм цæссыгтæ

Ныссæрфдзысты дæ хъæбултæ – фæлмаст.

Хуссар Ирыстоны уæззау, хъизæмар бонтæ куы скодта, Гуырдзыстоны фыдгæнджытæ нæ зæхмæ балбирæгътау куы лæбурдтой, уæд ивгъуыд азы 90-æм азты Дыгъуызты Тенгиз дæр уыд, Ирыстоны чи хъахъхъæдта, уыцы фыццаг фæдисонтимæ, уый йæ сисы бырынкъæй карз тох кодта Ирыстоны фыдзæрдæ знæгтимæ, лæууыдис Ирыстоны хъахъхъæнджытимæ хæстон постыты. Ирдæй зыны йе ‘мдзæвгæ «Ардбахæрд»-ы. Ныффыста йæ 1991 азы 12 январы:

Афтид уынгтæ кæм фæвæййынц, уым – дард –

Ирон ныхас чысыл мусонгæй хъуысы.

Уым лæппутæ сты тохвæллад, æнкъард,

Сæ уæззау зынтæ арты фарсмæ мысынц.

Æвзонг хæстон сæлæф митмæ нымдзаст,

Ыстæй йæ сæрыл цадæггай ысхæцыд…

Æмæ ысдзырдта:

«Иры тыххæй ард

Мах бахордтам, мах тох кæнын нæ фæндыд»

Ирон ныхас чысыл мусонгæй хъуыст,

Уым сахъ лæппутæ – тохвæллад, æнкъардæй,

Чыребайыл та саумылазон тыхст,

Ысхъиугæ кодта судзгæ стъæлфæн артæй…

Стыр зиæнттæ æмæ зæрдæрыстытæ баййæфта Дыгъуызы фырт Гуырдзыстоны национал-фашистты ‘рдыгæй. Уæд, 1993 азы йæ чызг Аланæ мæлæтдзаг рынчын фæцис æмæ æнустæм баззади сахъатджынæй. Поэты кæстæр æфсымæр Леонид та Сатихъары посты лæугæйæ, гуырдзиæгты гæрзифтонг æфсæдтимæ карз тохы хъæбатырæй фæмард 2008 азы 8-æм августы. Тенгиз ыл ныффыста зæрдæагайгæ, æрхæндæг æмдзæвгæ:

Æз уарзтон цард, нæ Иры зæхх, нæ бæстæ…

Фæлæ знаг ныббырста махмæ уæд,

Æмæ йæ ныхмæ рацыдтæн æз хæстмæ,

Уæззау хæсты мæ ‘ рыййæфта мæлæт.

Мæ мæгуыр мад, мæ сидзæртæ, ныббарут!..

Поэт аив хуызджын, ахорæнтæй ныв кæны Ирыстоны алæмæттаг æрдз. Чиныджы бирæ ис æрдзыл фыст зæрдæскъæфæн уацмыстæ. Уыдон кæсгæйæ адæймагмæ райгуыры бирæ æхцон хæссæг æнкъарæнтæ æмæ цардбæллон бæллицтæ.

Тенгиз тынг бирæ уарзы йæ ныййарджыты æмæ сын стыр аргъ кæны, уæлдайдæр та йæ куыстæфхæрд, зæрдæхæлар мады æмæ йыл фыссы зæрдиагæй æмдзæвгæтæ:

Кæддæрау та нæ артдзæсты цыма

Æрæмбырд и нæ бинонты къорд иумæ.

Мæ сæр – фæлурс, фæлæ уæддæр нырма

Мæн сабиау æрбалвасыс дæ риумæ…

Тенгиз у поэт-лирик, уый фыссы, удæй æмæ зæрдæйæ цы банкъары, уый. Уымæн рауайынц зæрдæмæхъаргæ йæ лирикон уацмыстæ, уæлдайдæр та, уарзондзинадыл  кæй фыссы, уыцы æмдзæвгæтæ.

Поэты лирикон хъайтар у сыгъдæгзæрдæ, рæстдзинадыл хæст, уый нæ уарзы фыдыбæс-тæйыл гадзрахатæй цæуджыты, адæмы тугвæллойæ мулк æмæ исбон чи скодта, ахæм ницæйаг уд кæмæн ис, ахæмты.

Дыгъуызы фырт кæд æхсæнадон хъуыддæгты æмæ мадзæлтты фæархайы, уæддæр йæ сæйраг нысан у Ирыстон, фыдыбæстæйæн цардамонд æмæ рухс хæссын. Уыцы арфæйаг миниуæг ис йæ бирæ патриотикон æмдзæвгæты, йæ фылдæр уацмысты. Уый фыссы:

Арвгæрон нæ судзы арт:

Уый хур æрбацæуы сырх худы

Æмæ та ногæй райгуырд цард,

Мæ фыды зæхх йæ мидбыл худы…

Чиныджы фылдæр æмдзæвгæтæ фыст сты аив, хъæздыг æмæ нуарджын æвзагæй, аив сурæттæ æмæ образтæ, æрдз æмæ царды цаутæ æвдыст цæуынц хуызджын, хъæздыг фæлгондзтæй. Зæрдæйы арфæй цæуынц йæ сагъæстæ, йæ цин æмæ йæ рыст. Фæлæ Дыгъуызы фырты лирикон хъайтар у цардбæллон, рæсугъддзинадмæ æмæ сабыр цардмæ тырнæг. Поэт фыссы:

Æз уарзын сабыр дуне, цард,

Æз кувын уый тыххæй Хуыцаумæ,

Æдзух нæ адæмы цæлхъзард

Куы хъуысид, ехх, тæхуды дардмæ!

Дыгъуызты Тенгиз ис йе сфæлдыстадон кары, йæ чиныг «Æвзист суадон» та ирон чиныгкæсæгæн у хорз лæвар æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ. Ноджыдæр нын нæ зæрдæтæ йæ курдиатæй æмæ ног чингуытæй бирæ азты цы рухс кæна, уыцы арфæ æмæ йын хъарутæ Дунескæнæг радтæд.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.