Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин раарфæ кодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæ – Джусойты Константинæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары бынатмæ йæ снысан кæныны тыххæй.

Арфæйы тел Джусойты Константинæн цытджын уавæры радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Константин Хасаны фырт!

Уæрæсейы Федерацийы Хицауад æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары бынатмæ дæ снысан кæныны цытæн.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æнгом кæнынц хæлардзинады, æмцæдисады æмæ партнердзинады ахастытæ.

Ныфс мæ ис, дæ архайд Хицауады сæргълæууæджы бынаты кæй ахъаз кæндзæн дарддæры базарадон-экономикон рæзт æмæ культурон-гуманитарон æмархайдæн, иумæйаг проекттæ æмæ перспективон инициативæтæ размæ кæнынæн. Уый æххæстбæрцæй дзуапп кæны Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ин-терестæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Константин Хасаны фырт, æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ дæ бæрнджын архайды».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.