Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæн ахуыры азы кæрон айзæлдис фæстаг дзæнгæрæг, радтой фæлварæнтæ. Уыдоны фæстæ ма сæм æнхъæлмæ кастис традицион рауагъдонты бал, кæцымæ кæддæриддæр æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц нæ сомбонаразæг фæсивæд.

Дзауы районы, куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр рауагъдонтæн 24-æм июны уагъд æрцыдис, цæрæнбонтæм кæй бахъуыды кæндзысты, ахæм рауагъдон бал. Ацы бон бæрæгбонон фæлыст дарæсы сæ ахуыргæнджытæ, скъолаты директортæ æмæ ныййарджытимæ æмбырд кодтой райцентры. Сæ зæрдæтæ ма сын хъæлдзæг кодтой æхцондзинадхæссæг музыкæйы зæлтæ дæр. Мадзалы организатортæ рæсугъд фæсивæды æрбахуыдтой аив фæлыст сценæмæ æмæ сыл стыр цины æнкъарæнтимæ æмæ къухæмдзæгъдимæ æмбæлдысты адæм. Рауагъдонтыл цытджын æгъдауæй арфæйы ныхæстимæ  æмбæлдис Дзауы районы администрацийы ног сæргълæууæг Тыбылты Вандæ. Уый, фыццаджыдæр, бафæндыд, цæмæй сæ царды фæндæгтыл æнтыстджын уой æмæ уарзой сæ райгуырæн зæхх. «Арфæ уын кæнын, зынаргъ рауагъдонтæ, скъола каст кæй фестут, уый тыххæй! Ацы бæрæгбон сымах уæ зæрдыл дардзыстут цæрæнбонтæм, уымæн æмæ уын у рæсугъд æмæ хъæлдзæг. Сымах иуæндæс азы размæ бахызтыстут скъолайы къæсæртæй æмæ абон уыцы къæсæртæй рахызтыстут царды стыр фæндагмæ. Фæнды мæ, цæмæй сымахæн уыцы фæндаг уа рæсугъд æмæ лæгъз. Уе стырдæр хæс у, цы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуат ахуырмæ, уым хорз ахуыр кæнын. Ахуырадæн стыр нысаниуæг ис æхсæнады æмæ йæм тырнут», – загъта Тыбылты Вандæ. Уый ма арфæ æмæ буз-ныджы ныхæстæ загъта скъолаты ахуыргæнджытæн скъоладзау фæсивæд хъомыл кæны-ны хъуыддаджы се стыр хайбавæрды тыххæй. Дарддæр рауагъдонты цытджын æгъдауæй кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Дзауы районы администрацийы ахуыры хайады гæс Джиоты Алыксандр. Уый ма æхцайы премийæ схорзæхджын кодта Хуыцъейы астæуккаг скъолайы рауагъдон Козаты Анастасияйы. Козаты чызг йæ хорз ахуыр æмæ скъолайон царды активон хайад кæй иста, уый тыххæй нымад æрцыдис районы «азы хуыздæр ахуыргæнинаг»-ыл. Районы культурон мадзæлтты активон хайад чи иста, уыцы рауагъдонтæ та грамотæтæ райстой Дзауы районы культурæйы хайады сæргълæууæг Санахъоты Анжелæйы къухтæй.

РАУАГЪДОНТЫ БАЛ – РÆСУГЪД ФÆНДÆГТÆМ ХОНÆГ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Лолаты Аслан дæр раарфæ кодта рауагъдонтæн æмæ сын йæ цæст бауарзта, фидар æнæниздзинад, царды уæрæх фæндæгтæ æмæ аккаг ахуырад райсын.

Мадзалы цытджын хайы фæстæ рауагъдонты бал адарддæр кодтой музыкалон номыртæ, кæцыты бацæттæ кодтой районы администрацийы культурæйы хайад. Концертон программæйы хайад райстой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны эстрадон зарæггæнджытæ. Уыдон нымæцы уыдысты Тыбылты Леонид, Санахъоты Алан, Плиты Георги, Икъаты Миленæ, Лалыты Альберт æмæ æндæртæ. Лалыты Альберт концерты райдианы æрымысыд Донбассы ирон лæппутæй чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ, кæцыты хсæн уыд йе ‘мбал дæр æмæ сæ номыл сæххæст кодта йæхи фыст зарæг. Адæм иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты нæмттæ.

Ацы цымыдисон мадзалы фæстæ рауагъдонтæн орга-низацигонд æрцыд бæрæгбонон фейерверк дæр, кæцыйы рæстæджы фæсивæд зæрдылдарынæн истой сæ къамтæ.

ЦХУЫРБАТЫ  Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.