Нæ дуджы электронерги кæдæм нæ хæццæ кæны, уым цардыл дзурæн дæр нæй. Уый æрвылуысм хъæуы куыд горæты, афтæ хъæуты цæргæйæ дæр. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы разамынад стыр хъусдард здахы æппæт хъæууон цæрджытæм электроэнергийæ сæ сифтонг кæнынмæ. Стæй, æрмæст электроэнергийæ нæ, фæлæ нуазыны донæй ифтонг кæнынмæ, æмæ ма сæм фæндæгтæ хæрзарæзт кæнынмæ дæр. Уыдон сты хъæууон фæллойгæнæджы цардаразæг.

Советон дуджы æмæ уый фæстæ дæр Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы цæрджытæ æнæ электроэнерги никуы баззадысты. Алы хæдзары цæрджытæ дæр пайда кæнынц йæ хæрзиуджытæй æмæ хъæстаг нæ уыдысты. Фадат сын уыдис телевизормæ бакæсынæн, сæ алыварс цы цаутæ цæуы, уыдонимæ базонгæ уæ-вынæн. Куыстой сæ уазалгæнæнтæ æмæ æндæр электронон мигæнæнтæ дæр æмæ бузныг уыдысты Уахтъанайы хъæуы цæрджытæ.

Фæлæ фæстаг азты цæрджытæ тынг тыхсынц хъæуы уынгты рухсытæ кæй нæ сыгъдысты, уый тыххæй. Уымæн æмæ сæм сарæх сты сырдтæ æмæ лæбурынц хъæумæ. Уæлдай тынгдæр тыхсынц Къадзты сыхы цæрджытæ. Ам уынгтæ советон дуджы дæр никуы рухс кодтой. Фæлæ уæд сырд арæх нæ уыд æмæ ахæм тас не `взæрстой. Хъæддаг сырдтæ ныр афтæ арæх сты æмæ тасдзинад æвзарын кæнынц канд ацы хъæуы цæрджытæн нæ, фæлæ ма нæ республикæйы бирæ хъæуты адæмæн дæр. Æвæццæгæн, хъæды фаг хæринагыл нал æмбæлынц æмæ лæбурынц уæлдайдæр та уынгты цæджындзтыл электроэнергийы рухсытæ кæм нæ судзынц, мады гуыбынау талынг кæм вæййы, ахæм хъæутæм. Æдасæй æрцæуынц æхсæвыгæтты æмæ цæуыл фæхæст вæййынц фосæй, уыдон аскъæфынц. Æмæ канд фосы не `ргæвдынц. Адæмæн сæхицæн дæр тæссагдзинад хæссынц. Цæмæй йæ зоныс, йæхи дыл кæцырдыгæй ныццæвдзæнис.

Ацы бонты сæ хъæуы телцæджындзтыл бакодтой электроны ц-рæгътæ æмæ ссыгъдысты. Райгондæй баззадысты Къадзты сыхбæстæ ацы хъуыддагыл чи бакуыста, æппæт уыдонæй. Афтæ ма сæрмагонд бузныг зæгъынц Президент Гаглойты Аланæн, адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын йæ ахсджиагдæр хæсыл кæй ны-майы, уый тыххæй.

Иууылдæр рухс цард кæнæнт! Бузныг!

       Хъæуы цæрджыты номæй

КЪАДЗТЫ Владимир

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.