1942 азы 5-æм ноябры йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы кæстæр лейтенант Зæнджиаты Владимиры   хæдтæхæг ИЛ-2 немыцаг тыхæйисджытæ æрæппæрстой Цæгат Ирыстоны Хæтæлдоны хъæумæ æввахс.  

Уыцы бон знаг тыдта Дзæуджыхъæумæ. Кæстæр лейтенант Зæнджиайы фырт 7-æм гвардион штурмгæнæн авиаполчы сконды атакæ кодта фашистты танкæтæ. Уæдмæ фæзындысты «мессертæ». Владимир сатакæ кодта знаджы хæдтæхæджы. Тох карзæй-карздæр кодта. Ноджы ма æрæппæрста знæгты дыууæ куынæггæнæг хæдтæхæджы, фæлæ йын уæдмæ сцæф кодтой йæхи хæдтæхæджы дæр. Йæ амæлæт ын федта æрмæст къорды командир нæ, фæлæ иннæ штурмонтæ дæр. Æгæрыстæмæй, йæ ныййарджытæ райстой тæссаг сау гæххæтт сæ фырты амæлæты тыххæй.

Тæхæг судзгæ хæдтæхæгæй рагæпп кодта парашютимæ, фæлæ зæххыл куы æрхауд, уæд фыррыстæй бауадзыг. Сыгъд æмæ цæфæй бахаудта немыцаг фашистты  къухтæм…

Зæнджиаты Владимиры æмслужбæгæнæг,  Севастополы Ленины ордены 7-æм гвардион Сырхтырысаджын штурмгæнæн авиацион полкы тæхæг Василий Емельяненко йæ документалон уацау «В военном воздухе суровом»-ы мысы уыцы хæстон цауты тыххæй. «1942 азы 5 ноябры Орджоникидзейы районы æз тахтæн фараст штурмгæнæн хæдтæхджыты разæй. Куынæггæнæг хæдтæхджыты роль æххæст кодтой дыууæ штурмгæнæн хæдтæхæджы æнæ бомбæтæй. Уыдон цыдысты къорды фæстæ æмæ æппынæдзух арæзтой «хæсгард»-ы маневр. Ацы хæдтæхджытыл тахтысты Зæнджиаты Владимир æмæ Николай Письмиченко. Нæ нысан уыдысты Хæтæлдоны цур танкæтæ. Ацы бынæттæ хорз зонгæ уыдысты Владимирæн, уымæн æмæ ам арвыста йæ сабибонтæ, йе ‘взонгад. Нæ хæстон курсы галиуфарс – цъæх хæхтæ, сæ бынмæ та – Хæтæлдон. Уæлейæ нæм цæхгæр уырдыгмæ тахтысты «мессерты»  фыццаг цыппар хæдтæхæджы. Фыццаг сатакæ кодтой разæй цы хæдтæхæг тахт, уый. Зæнджиайы фыртæн йæ бон ссис æхгæнæн æхст фæкæнын, кæцы йын рауад тынг æнтыстджын æмæ знæгты куынæггæнæг хæдтæхджытæй иу фæздæгкалгæ зæххмæ ацыд. Уый уыд Зæнджиаты Владимиры фыццаг уæлахиз. Уый каст хæдтæхæджы фæстæ, цалынмæ зæххыл нæ сæмбæлд, уæдмæ. Уымæй чысыл фæстæдæр, танкæты фыццаг атакæйæ рахизгæйæ, ауыдтон судзгæ æмæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ тæхгæ штурмгæнæн хæдтæхæджы. Федтон кабинæйæ кæй рахаудта зынджы  къуыбар æмæ бынмæ тæхын райдыдта. Зæххыл федтам судзгæ парашюты. Æрмæст æз нæ уыдтæн æвдисæн Зæнджиаты Володяйы амæлæтæн йæ райгуырæн хъæумæ æввахс, фæлæ…», – радзырдта Василий Емельяненко.

 

«Æз нырма тæхдзынæн»

Фæлæ æрцыд диссаг æмæ Владимир сæрæгасæй баззад. Парашютыл зæххыл æрхаугæйæ, банкъардта йæ къахы тыхджын рыст æмæ бауадзыг. Ацы æнæмсæр тохмæ кастысты йе ‘мбæлттæ æмæ знæгтæ дæр. Хæтæлдоны хъæуы цæрджытæ катай кодтой тæхæджы хъысмæтыл, уымæн æмæ кæм æрхаудта уыцы бынатмæ атагъд кодтой фашистты мотоциклисттæ.

Æппæт ацы цаутæ йæхи цæстæй федта æвзонг лæппу Басаты Барис, кæцы уый фæстæ уыд хæххон аграрон университеты ректор (дзæнæттаг). «Хæтæлдоны цæрджытæ тынг маст кодтой, тæхæг знæгты къухмæ кæй бахауд, уый тыххæй. Знæгты мотоциклисттæ йæ изæры уадзыгæй æрбаластой нæ хæдзармæ æмæ йæ æрæппæрстой сыджыт астæрдыл. Уыд æнæхъæнæй дæр сыгъдтытæ. Мæ фыды мад æмæ мæ мад сæхицæн бынат нал ардтой, фæндыд сæ æрдæгмард тæхæгæн баххуыс кæнын, чи у уый базонын, фæлæ йæ алыварс лæууыдысты хъахъхъæнджытæ автоматтимæ. Æрмæстдæр изæры сæ бон ссис цæфмæ баирвæзын, радтой йын дон æмæ йын йæ сыгъд цæсгом та туаг æхсырæй байсæрстой. Уыдон базыдтой  се ‘мзæххон ирон кæй у, уый.

Цалдæр боны уыд нæ хæдзары. Æрбцыдысты-иу æм афицертæ тæлмацгæнджытимæ. Фарстой йæ кæм ис аэродром, кæцы авиаполкæй у, фæлæ сын уый æппындæр ницы схъæр кодта. Афтæ тынг-иу æй фæнадтой æмæ-иу бауадзыг. Хъизæмар ын кодтой æрвылбон дæр. Мæ фыды мад Ануш ын куы дзырдта, зæгъгæ, æнцад хуысс, уæззау уавæры кæй уыд, уымæ гæсгæ, уæд-иу ын уый сдзуапп кодта: «Ницы кæны, Ануш, мæнæн æрмæстдæр мæ базыртæ басыгътой. Æз нырма атæхдзынæн…!.

 

Баныгæдтой йæ удæгасæй

Иу райсом немыцаг салдаттæ Хæтæлдоны цæрджыты æрбатардтой скъолайы бæстыхаймæ. Фашисттæй иу тæхæджы раласта тыргъмæ, йæ сыгъд къухтыл ын абаста бæндæн æмæ йæ æрбалхынцъ кодта. Бæндæны иннæ кæрон гитлерон бабаста саргъмæ æмæ йæ бæхыл йæ фæстæ аласта зæххыл. Хъæуы кæрон уæрм скъахын кодтой. Фашисттæ йæ ныппæрстой уырдæм æмæ йыл тагъдыл сыджыт бакалдтой. Зæнджиаты Владимир удæгасæй кæй баззад, уый уыд æнахуыр диссаг. 1942 азы ноябры фашисттæ тæхæджы удæгасæй куы баныгæдтой уыцы бон, Хæтæлдоны хъæуыл тардтой уацайраг сырхæфсæддонты. Уыдон фæхатыдысты, фæндагыл сыджыты къуыпп кæй змæлыд, уый. Уацайрæгтæ йæ скъахтой, сластой йæ уæрмæй æмæ йæ радгай хастой сæ къухтыл суанг Дыгуры онг.

 

Сæвæрдтой йын цырт

Цалдæр боны фæстæ, советон æфсæдтæ Хæтæлдон куы ссæрибар кодтой, уæд Зæнджиаты Владимиры хæдтæхæг кæм æрхаудта, уым ын сæвæрдтой цырт – чысыл обелиск стъалыимæ. Æмæ хæстæй цалдæр азы фæстæ та йæ хæстон æмбæлттæ ногæй æрбацыдысты хъæумæ æмæ обелискыл бафидар кодтой æндæр пластинкæ, цыран фыст уыд: «Хъайтар цæры! Уадз, ацы цыртдзæвæн зæрдыл лæууын кæнæд йе сгуыхтдзинæдты тыххæй!».

 

Концлагеры бавзаргæ хъизæмæрттæ

Зæнджиайы фырт иннæ уацайрæгтимæ бахаудта концлагерь-301. Уый уыд тæссаг бынат, цыран гитлерон дохтыртæ цæф æфсæддон службæгæнджытыл арæзтой дзыллон куынæггæнæн æбуалгъы фæлварæнтæ. Ацы «Гросс-лазарет» уыд украинæйаг чысыл горæт Славутмæ дыууæ километры дæрддзæгæн. Изæрыгæтты-иу Владимир хиаразгæ лæдзгуытыл æнцой кæнгæйæ, ахуыр кодта цæуын. Æртæ хатты бафæлвæрдта алидзынмæ, фæлæ йын ницы рауад. Æрмæстдæр цыппæрæм хатт ссис йæ бон алидзын æфсæддон уацайрæгты къордимæ. Украинæйаг хъæуы цæрджытæ йын баххуыс кодтой партизантимæ бастдзинад саразынæн. Афтæмæй тæхæг-штурмгæнæг, Цæгат Кавказы сæрыл тохы хайадисæг ссис К.Ворошиловы номыл молдаваг баиугæнды партизан, кæцы архайдта Шепетовка, Ровно, Славутайы районты. Володя цыд иууыл бæрнондæр хæстон операцитæм. Партизанты къорды ссардта æцæг æмбæлтты, фæлæ æппынæдзух хъуыды кодта йæ авиаполкыл. Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст хæдтæхæджы штурвалыл сбадынмæ æмæ арвмæ стæхынмæ. Партизанты къордимæ рахызт фронты хаххыл. Фæндыд æй йæхи полкмæ бахауын, фæлæ йæ дохтыртæ арвыстой госпиталмæ. Уый фæстæ йæ бахъуыд цалдæр мæйы сæрмагонд хайад «СМЕРШ»-ы фæдагурджытæн бæлвырд кæнын, раздæры тæхæг кæй у, уый тыххæй. Уым æм æххуысмæ фæзындысты йæ хæстон æмбæлттæ. Уыдон фыстæг арвыстой фæдагурджытæм, Æфсæддон-Уæлдæфон тыхты штабмæ, цыран бафидар кодтой æрмæст  тæхæджы хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй нæ, фæлæ ма æрдомдтой, цæмæй йын лæвæрд æрцыдаид Советон Цæдисы хъайтары ном. Хъыгагæн, уыцы документ кæмдæр фесæфт æфсæддон чиновникты кабинеты æмæ хорзæх не ссардта йæ хъайтары. Цасдæр рæстæджы фæстæ Владимир ногæй сбадт фронтон хæдтæхæгыл, сарæзта дæсгай хæстон атахты, уæлдæфæй штурм кодта Берлины. Йе сгуыхтдзинæдтæ нысан æрцыдысты бирæ паддзахадон хорзæхтæй.

Хæсты фæстæ ноджы дæс азы тахт, ахуыр кодта хæстон машинæты ног хуызтæ. Актюбинскы æфсæддон авиацион ахуыргæнæндоны йæ фæлтæрддзинад амыдта æвзонг пилоттæн. Фæлæ йæ зæронд цæфтæ риссын райдыдтой. Æрæздæхт Цæгат Ирыстонмæ. Цалдæр азы уыд ДОСААФ-ы комитеты сæрдар. Уый фæстæ та куыста  армийы инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар Плиты Иссæйы мемориалон музейы директорæй.

 

Арвы хæстоны  ном цæры æмæ цæрдзæн æнустæм

Зæнджиаты Владимир цардæй ахицæн 1993 азы февралы 73 аздзыдæй. Фæлæ йæ мысынад уæддæр цæры адæмы зæрдæты. Ныффыстой ыл хъайтарон зарæг. Дзанайы фырты уынджы йæ хæдзары къулыл баконд æрцыд мемориалон фæйнæг. Дзæуджыхъæуы йæ номыл ис уынг æмæ скъола дæр. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй фыссынц маршал А.Гречкойы чиныг «Битва за Кавказ»-ы, армийы инæлар И.Тюленевы мемуартæ «Через три войны»-йы, аиацийы маршал К.Вершинины мысинæгтæ «Четвертая воздушная»-йы, документты æмбырдгонд «Советские Военно-Воздушные силы в Великой Отесчественной войне 1941-1945гг.»-йы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Зæнджиайы фырты хиуæттæ кæй сты Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы директор Михаилиди Ольга æмæ йæ мад Зæнджиаты Замирæ. Уыдонæн абоны онг дæр хъарм ахастытæ ис Владимиры бинонтимæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ Владимиры чызг Валя у УФ-йы сгуыхт дохтыр. Куыд загътой, афтæмæй йæ царды фæстаг азты Зæнджиайы фырт уыд уæззау рынчын, фæлæ дам-иу  уæддæр йæ чызгæн ныфсытæ авæрдта: «Ницы кæны мæ чызг, ацы знагыл дæр фæуæлахиз уыдзыстæм». Иумиагæй, зæгъ, «уæлахиз» уыд йæ царды  сæйраг ныхас. Уый, зæгъ, кадимæ рацыд æппæт царды фæлварæнтыл. Уарзтой æмæ йын кад кодтой йæ хæстон æмбæлттæ, йемæ чи куыста, уыдон иууылдæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.