Редакцимæ æрбацыд Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Михайленко Сашайы мад Лалыты Хадизæт. Хъæбулы мæрдæй зæрдæрыст мады бафæндыд, цæмæй газет «Хурзæрин»-ы фæрцы бузныг зæгъа Сывæллæтты республикон библиотекæйы коллективæн, сæ директор Джиоты Аллæйы сæргълæудæй.

«Афтæ нæм кæсы, цыма 1992 азы Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау се ‘взонг цард нывондæн чи æрхастой, уыдон рох кæнын райдыдтой. Фæстаг рæстæджы фылдæр кой кæнынц æмæ мысынц 2008 азы августы хæсты фæмардуæвæг хъайтарты тыххæй. О, уый раст у, хъуамæ сын сæ ном арæм, фæлæ уый хыгъд рох кæнын нæ хъæуы гуырдзиаг-ирон ныхмæ-лæуды райдианы, ома, 1992 азы хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ дæр. Уыдон дæр сæ цард сæ Ирыстоны, ирон адæмы рæсугъд сомбоны тыххæй радтой. 2008 азы æмæ 1992 азы чи фæмард, уыцы хъайтартæн уыд иу нысан – Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнын. Мæ зынгхуыст хъæбулы ма мын чи æрхъуыды кæны, уый у Сывæллæтты республикон библиотекæйы коллектив. 21-æм февралы ам цытджын æгъдауæй банысан кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Сæрмагондæй мадзал бацæттæ кодтой зынгхуыстытæ Михайленко Саша æмæ Тедеты Вадимы ном ссарыны тыххæй. Уый тыххæй сын Вадимы мад Гаглойты Замирæимæ зæгъæм стыр бузныг се ‘рхъуыдыйы тыххæй.

Фæнды ма мæ хъæбулы тыххæй иу дыууæ ныхасы зæгъын дæр. 1992 азы май-июны мæйты горæт алыгъуызон егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй куы æхстой, уæд Саша иу гæпп йæ куыстмæ, стоматологон поликлиникæмæ кодта, иннæ гæпп та – лæппутæ кæм хæцыдысты, уырдæм. 1992 азы февралы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд арæзт куы æрцыд, уæд Саша дæр бацыд ацы къордмæ. Мæ хъæбул гуырдзиаг фашистты ныхмæ хæцыны æмрæнхъ куыд дохтыр, афтæ фыццаг æххуыс кодта цæф лæппутæн æмæ сæ ласта республикон рынчындонмæ. Цæф лæппутæй-иу туг кæй бахъуыд, уымæн иу радта йæхи туг дæр.  Фыццаг æххуыс бакодта Гæбæраты Стасикæн дæр, кæцы фæцæф Присы хъæуы æмæ йæ уый фæстæ æрласта рынчындонмæ. Йæ амæлæтæй дыууæ боны размæ та рынчындонмæ æрбаласта йæ сыхаг Тедеты Юрийы, кæцы мæцыд йæ туджы. Бирæ туг кæй фесæфта, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд бирæ донорон туг. Фыццаг ын туг чи радта, уый уыд Саша. Уыд ахæм цау дæр – цхинвайлаг лæппутæ Наниты Темыр æмæ Владимир æнæнхъæлæджы бахаудтой знаджы къухтæм. Владимир куыддæрты раирвæзт, фæлæ Темыр фыднадæй бахауд гуырдзиаг хъæу Куртайы рынчындонмæ.

Хабар æрцыд Сашайы хъустыл. Уый айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ уайтагъд скодта æфсæддон дарæс медицинон эмблемæтимæ æмæ цалдæр уырыссаг салдатимæ балæууыд Куртайы рынчындоны. Уым гуырдзиаг дохтыртæн бауырнын кодта, Темыры æфсæддон госпиталмæ кæй ласынц, уый тыххæй. Афтæ бирæгъты дзыхæй ратыдта фыднад лæппуйы æмæ йæ аирвæзын кодта мæлæтæй. Æниу, æрмæст Темыры? Хорзы бацыд бирæ тыхст адæймæгтæн, бирæты ирвæзын кодта мæлæтæй куыд хосты, афтæ хæцæнгарзы руаджы дæр. Мады зæрдæ зонаг у æмæ-иу ын алы æфсæнттæ кодтон, зæгъын, бакæс ма дæхимæ, сфыдхуыз дæ æмæ иу бон улæфгæ уæддæр бакæн, кæнæ та ацæуæм Стъараполмæ. Уый-иу мын мæ ныхас æрдæгыл фескъуыдта æмæ-иу мын сдзуапп кодта:

– Мамæ, æмæ постыты цы лæппутæ лæууынц, уыдон тæригъæд не сты? Æз ам хæдзары куы æрлæууон кæнæ искуы мæхи куы бамбæхсон, уæд ма сын мæхи цы цæсгомæй равдисдзынæн, худинаг у!..

Уыцы æлгъыстаджы бон, 1992 азы 27 майы дæр æй нæ уагътон, йæ разы æрлæууыдтæн, фæлæ мæлæты фæндагыл, æвæццæгæн, мыд конд ис. Абоны онг дæр йæ фæстаг ныхæстæ мæ хъустыл уайынц, «мама, я пошел» æмæ ахызт, цæрæнбонтæм – йæ хæдзары къæсæрæй, ацыд йæ фæстаджы фæндагыл мæ зæрдиаг хъæбул. Абоны онг дæр мæхи мастæй хæрын, цæмæннæ йæ баурæдтон, йæ разы мæхи цæмæннæ амардтон, уыцы бон посты лæууын йæ рад дæр нæ уыд. Тынг-иу æй куы æрбаймысыдтæн, уæд-иу ын йæ тугæйдзаг майкæ райстон æмæ-иу уымæ смыстон, мæ хъæбулы буары тæф кодта. Ацы аз 31-æм марты мæ хъæбулыл сæххæст уыдаид 60 азы.

 Афтæ хъæбатырæй тох кодта знæгты ныхмæ Тедеты Вадим дæр. Уый йæ царды фæстаг  бонтæ Дзæуджыхъæуы рынчындоны куы тыдта, уæддæр йæ райгуырæн Ирыстоны тыххæй фарста, зæгъгæ, куыд сты лæппутæ, цы бауыдзæн Ирыстоны хъысмæт. Сæ уарзон Ирыстоны тыххæй зæрдæдзургæйæ ацыдысты се ‘нусон бæстæмæ ацы дыууæ æдзард лæппуйы. Уымæн æмæ уыдон нал æрæййæфтой, сæ цард цæй тыххæй нæ бавгъау кодтой, уый – сæ Райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад», – йæ цæстысыг та нæ баурæдта зæрдæрыст мад.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.