Июны мæйы æрбалæудимæ алы хатт дæр мæ зæрдыл æрлæууынц 1992 азы июны мæйы тугуарæн бонтæ. 1992 азы  июны уæлдай тынгдæр сызнæт сты нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ, уæды хуызæн никуы рауæлдай кодтой ирон адæмы – алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æнæсцухæй æхстой горæтмæ, æмæ, дам, нæмыг кæуылфæнды дæр æмбæлæд – саби уа, зæронд кæнæ сылгоймаг, уæлдай сын нал уыд. Æниу тæригъæд та кæд кæмæн кодтой. Уынгмæ ахизæнтæ нал уыд, ТЭК-ы снайпертæ кæй æрбынат кодтой æмæ комкоммæ горæты уынгтæ кæй æхстой уымæ гæсгæ. Æхстытæ-иу бирæ хатт  æнæхъæн суткæты дæргъы дæр не ‘рсабыр сты æмæ афтæмæй мардысты куыд хæстон лæппутæ, афтæ сабыр цæрджытæ дæр. Июны мæйæ 14-æм июлмæ, цалынмæ фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рбацыдысты Хуссар  Ирыстонмæ, уæдмæ фæмард тынг бирæ адæм, цæфтæ та фесты сæдæгай адæймæгтæ. Цхинвалы чи баззад, уыдонæй ахæм ничиуал баззад, стырæй, чысылæй цалдæр æбуалгъ хабар йæхи цæстæй чи нæ федта æмæ бавзæрста.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 1992 азы июны æндыгъд бонты цалдæр цауы тыххæй.

Фæмард хъæбатырæй

1992 азы 7-æм июны уæззау уавæры бахаудысты Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды æртыккаг взвод. Уыцы бон уыдон хъахъхъæдтой ТЭК-ы районы пост. 7-æм июны хъæбатырæй фæмард 17-аздзыд Санахъоты Гришик, гуырдзиаг æнæадæймæгтæ йæ амардтой сырдон æгъдауæй. Йе ‘взонг буарыл ахæм бынат нал баззад, уый æхст æмæ фыднад цыран нæ уыд. Фæлæ уæддæр Ирыстоны хъайтар худинаджы мæлæт йæ сæрмæ не схаста æмæ фæстаг сулæфты онг дæр хъæр кодта, зæгъгæ, «æз ирон дæн!».

Лæг аирвæзт, цайдан – нæ

Мах, Исахъы уынджы 58-æм корпусы цæрджытæ æппынæдзух бадтыстæм нык-кæнды æмæ уынгæджыйы бонтæ æрвыстам. 8-æм июны нæ сыхæгтæй иу, 1-аг уæладзыджы цæрæг Санахъоты Толик (абон дзæнæты бадинаг) бацыд йæ фатермæ дон нуазынмæ æмæ куыддæр  донæй йедзаг цайдан йæ дзыхыл сдардта, афтæ та бæстæ æхст фестад, бæстæ ныннæрыд, æмæ… цайданы хæтæл, тамакойау йæ дзыхы куыд аззад æмæ йæ инæ хай та – йæ къухы, уый хатгæ дæр нæ фæкодта.

Куыд рабæрæг, афтæмæй гуырдзиаг тыхæйисджыты сармадзаны нæмыг æрхауд нæ фæсхæдзар, хуыйæн фабрикæйы раз. Дзыхъмард фæци фабрикæйы хъахъхъæнæг. Абоны онг дæр мæ цæстытыл уайы нæлгоймаг хаудæй куыд лæууыд фабрикæйы кæрты, уый. Нæмгуытæ ихуарæгау кæй кодтой, уымæ гæсгæ йæм цасдæр рæстæджы бацæуæн дæр нæ уыд. Мах æй мард не ‘нхъæлдтам æмæ фæдзырдтам тагъд æххуысы станцмæ, фæлæ дзæгъæлы… Бæргæ ма йæ аластой æхстыты бын  соматикон рынчындонмæ, фæлæ… Нæмыджы схъистæй иу та æрбатахт Толикы рудзынгæй, сæмбæлд… дон цы цайданæй нуæзта, уый хæтæлыл æмæ йæ хырхæй лыгау фæхицæн кодта йæ «гуырæй» – цайданæн йæ хæтæл аззад йæ дзыхы, йæ «гуыр» та йæ къухы уæлдæфы ауыгъдæй. Афтæмæй лæг аирвæзт, цайдан – нæ.

Нал ын бантыст хъомыладон аттестат райсын

8-æм июны гуырдзыйы нæмыгæй фæмард Тъбеты æрцæуæны Исахъы уынджы бирæуæладзыгон корпустæй сæ иуы цæрæг, Джиоты 17-аздзыд хъуымбылдзыкку чызг Маринæ. Корпусы раз æрхаудта æмæ спырх егъау снаряд. Снаряды схъистæй фæцæфтæ сты Маринæ æмæ йæ мад Сланты Фатимæ. Мах хабар куы фехъуыстам, уæд кæд тынг æхстой, уæддæр нæ сыхæгтимæ алыгъдыстæм æнамонд цауы бынатмæ (Фатимæйы хо нæ сыхаг уыд). Фатимæйы хъæрзын абоны онг дæр мæ хъустыл уайы, нæ урæдта йæ рыстытæ. Маринæйæн нæмыджы схъис сæмбæлд йæ сæрыл æмæ уайтагъд фæмард. Чызг уыцы азы каст фæцис астæуккаг скъола, фæлæ йын хъомыладон аттестат райсын нал бантыст, лæгсырдтæ йын йе ‘взонг цард кæй ас-къуыдтой, уый аххосæй. Фатимæйæн йæ уавæр уæззау кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ аластой Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ уый дæр цардæй ахицæн Дзæуджыхъæуы рынчындæттæй сæ иуы цалдæр боны фæхъизæмар кæныны фæстæ. Æгæрыстæмæй, нал федта йæ уарзон хъæбулы мæрдон хуыз дæр. Мад æмæ чызг иууыл иумæ цыдысты, æнæ кæрæдзи бынтондæр нæ фæ-рæзтой. Æвæццæгæн, Фатимæ сæрæгасæй куы аирвæзтаид, уæддæр не схастаид йæ уарзон хъæбулы мæлæт. Æмæ ныр 28 азы дæргъы мæрдты бæсты дæр иумæ мæрдæнцойад кæнынц Тъбеты уæлмæр-ды.

Дзæгъæл нæмыг – ныхыл

Уыцы æндыгъд бонты ма мæлæтæй амондджын ирвæзт акодта Цхинвалы ра-йоны Тъбеты хъæуккаг Бибылы фырт, раздæры механизатор. Уыцы бон уый радæй  хызта хъæубæсты фос. Изæры фосы рæгъау куы рацæйскъæрдта, уæд æнæнхъæлæджы йæ ныхыл сæмбæлд … нæмыг. Дзæгъæл нæмыг нæлгоймагæн чысыл фæхъæн кодта  йæ ныхы царм æмæ афтæмæй æрхуадта йæ размæ. Систа нæмыг, æркаст æм, стæй асæрфта йæ ных æмæ йæ къухтыл хиды æртæхты бæсты туг куы федта, уæд бамбæрста, цы æнамонды цауæй аирвæзт, уый. Æвæццæгæн, дзæгъæл нæмыг рацыд дардæй, йæ тых фесæфта æмæ афтæмæй сæмбæлд лæджы ныхыл… 1992 азы 9-æм июны æрцæугæ цау дæр мæ никуы ферох уыдзæн. 9-æм июнь мæнæн у цины бон дæр æмæ æндыгъд бон дæр. Цины бон мын уый тыххæй у, æмæ 1977 азы 9-æм июны фыццаг хатт банкъардтон хъæбулы ад, уыцы бон райгуырд мæ фыццаг хъæбул Хуриты Ларисæ, æндыгъд бон та мын уый тыххæй у, æмæ 1992 азы 9-æм июны Ларисæйы райгуырæн боны бахаудыстæм уæззау уавæры, Тъбеты схизæны фæцæф сты мæ дыууæ хъæбулы дæр. Æхстыты бын нæ баластой соматикон рынчындонмæ, цыран сывæллæтты хирург Павел Аветисян мæ чызджы уæрагæй систа нæмыджы схъис, фæлæ бирæ туг кæй фесæфта, уый аххосæй йын йæ къæхты цы цалдæр нæмыджы схъистæ уыд, уыдонмæ нал бавнæлдта. Аветисян куы базыдта Ларисæйыл уыцы бон 15 азы сæххæст, уæд ын балæвар кодта, йæ къахæй йын цы нæмыджы схъис систа, уый, кæцы абоны онг дæр ис нæ хæдзары. Ларисæйæн йæ уæраджы стæг кæй асаст, уый тыххæй рынчындоны арвыста иу мæйæ фылдæр. Абоны онг дæр хъизæмар кæны, йæ къæхты цы нæмыджы схъистæ баззадысты, уыдоны тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.