МА   АМÆЛ,   ГÆСТÆН!

Уыдис иу хъæуы хъæздыг колхоз. Колхозæн, куыд фæтк, афтæ уыдис йæхи правлении. Правленийæн – уæнгтæ: сæрдар, хынцæг, агроном, зоотехник. Быдыртæ æмæ фермæты та куыстой бригадиртæ сæ бирæ колхозонтимæ. Колхозонтæ сæ бæркад хастой колхозы къæбицмæ, правленийы уæнгтæ та хъуыды кодтой, уыцы бæркад куыд фылдæр кодтаиккой, ууыл. Æмæ фылдæр кодта. Хынцæг – цыппарцæстон ацæргæ лæг Дзуба-иу нымайæн къæбæлты дыууæрдæм куы сратæр-батæр кодта æмæ-иу кæройнаг нымæц куы равдыстой, уæд-иу йæ мидбылты зæрдæйæн æхцон худт бакодта. Уыцы хабар-иу æхсызгон куыннæ уыдис сæрдарæй колхозоны онг алкæмæндæр. Уымæн æмæ-иу сæ иумиаг куыст куы дих кодтой, уæд-иу алчидæр йæ хæдзармæ уæрдоныл, гъе та хæдтулгæйыл фылдæр тыллæг, фылдæр продукттæ баласта. Афтæмæй сæ алкæйы цард дæр хуыздæр кодта.

Æрмæст алкæмæн иугъуызон нæ. Правленийы уæнгтæ тагъддæр райдыдтой аразын æдтæгуæлæ хæдзæрттæ, сæ уæрæх кæртытæм фыццаг уыдон батылдтой рог автомашинæтæ. Уæдæ дарæсы кондæй, цæсгомы бакастæй дæр куыннæ хицæн кодтой: дарæс – хуыздæр, сыгъдæгдæр, сæ цæсгæмттæ та – фæлурсдæр, нарстдæр.

Фермæты, быдырты кусджытæ куыннæ æмбæрстой уыцы хъуыддаг æмæ-иу кæрæдзийæн хъаст дæр ракодтой, зæгъгæ, фыдæбон мах кæнæм, сæ цард та уыдонæн тагъддæр хуыздæр кæны. Фæлæ та-иу сæ къух ауыгътой, цалдæр адæймаджы дарын, зæгъгæ, æгас колхозæй нæ бон куыннæ бауыдзæнис.

Афтæмæй цыдис рæстæг, уæдæ цы. Колхозонтæ сæ уд хъардтой куыстыл æмæ колхоз уæддæр хъæздыг кодта.   Фæлæ амонд æдзух йæ мидбылты нæ фæхуды. Йе ‘рфгуыты фелхынцъ кæнын, йæ чъылдым фездахын дæр зоны. Æмæ дын колхозмæ, чи дзы куыста, уыдонмæ йæ чъылдым æмбойны куы фездахид. Æцæг сау бонтæ сыл акодта. Цæвиттон, колхозонтæй сæ иумæ дард кæцæйдæр, рæстмæ зонгæ дæр кæй нæ кодта, ахæм чидæр æрхауд. Уый разынд  цавæрдæр тæссаг низæй рынчын. Низ бинонтыл бахæцыд, бинонтæй æгас хъæуыл апырх æмæ цæгъдæнтæ кæнын райдыдтой. Се мбисонд сæхи, фæлæ ма раздæры стыр хъæуы цæрджытæй, хъæздыг колхозы кусджытæй аззадысты æрмæстдæр сæрдар Гызыл Цамелович, быдыркустгæнæг кусджыты бригадир Хитъор æмæ колхозонтæй сæ иу, Гæстæн, зæгъгæ.

Цавæр стыр бæллæх сыл сæмбæлд, ууыл куыннæ хъыг кодтой ацы æртæ адæймаджы, фæлæ удæгасæй кæй аирвæзтысты, ууыл та  цин кодтой. Удæгас адæймагмæ та дарддæры царды фæндтæ вæййы æмæ дын иу бон куы уыд, уæд сæрдар правленимæ фæдзырдта бригадир æмæ колхозонмæ. Раздæр-иу æмбырд куы уагътой, уæд куыд уыд, ома, æмбырды уæвæг адæм президиумы æмæ залы бадджытыл куыд дих кодтой, ныр дæр – афтæ. Æрмæст ныр президиумы бадтис сæрдар иунæгæй, залы та – иннæ дыууæ.

Сæрдар сыстад йæ бынатæй, рахызт трибунæмæ æмæ райдыдта дзурын:

– Æмбæлттæ! Сау бонтæ ныл ныккодта, нæ колхоз сæрыстыр кæмæй уыд, размæ кæй хъаруджын куысты руаджы цыдис, уыдон ныццагъды сты. Фæлæ мах цудын ма хъуамæ бауадзæм нæ колхозы. Хъуамæ уæва æмæ цæра нæ колхоз! Æртæйæ йедтæмæ кæй нал баззадыстæм, уымæ гæсгæ нæ чи цы араздзæн, цы куыстытæ æххæст кæндзæн, уыдон хъуамæ адих кæнæм кæрæдзийыл æмæ нæ алчидæр хъуамæ  æрывнала йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. (Залы айзæлыд æмдзæгъд). Мæ хъуыдымæ гæсгæ Гæстæн уыд колхозон æмæ хъуамæ куса быдыры йæхи æмæ йе ‘мбæлтты бæсты дæр æмæ сын сæ рухс ном бæрзонд хæсса. Ды та, Хитъор, нырæй фæстæмæ уыдзынæ бригадир дæр æмæ хынцæг дæр. Гæстæн цы æмæ  цас куса, уый тыххæй мын зонæнтæ мæ разы æрвылбон дæр æвæрдзынæ. Æз та раздæрау æххæст кæндзынæн, сæрдары раз цы стыр æмæ бæрнон хæстæ лæууынц, уыдон.

Дарддæр Гызыл Цамелович æрдзырдта, æвæстиатæй сæ цы куыстытæ бакæнын хъæуы, уыдæттыл æмæ стæй апырх сты.

Хъæуы цæрæг æнæвдæлон вæййы кæддæриддæр, уæлдайдæр та сæрды афоны. Уыимæ ма æгас колхоз кæй кодтой, уыцы куыстытæ иу адæймагмæ куы æрхауой, уæд. Уыцы адæймаг та, куыд зонæм, афтæмæй у Гæстæн. Уый сæумæцъæхæй изæрдалынгтæм быдыры куыстытæ кодта. Йæ астæу сраст кæныны рæстæг ын нал уыдис. Иу куыстæй æппæрста йæхи æндæр куыстмæ, куыста йæхи æмæ йе ‘мбæлтты бæсты дæр æмæ цудын нæ уагъта колхозы.

Хитъор дæр йæ хæстæ æххæст кодта рæвдз. Каст, йæ цæст æнæсцухæй дардта, Гæстæн кæм, цы æмæ цас бакуыста, уымæ, стæй-иу сæ æхсæвы нымайæн къæбæлтыл æрнымадта æмæ-иу зонæнтæ дыккаг райсом сæрдары раз цæттæйæ уыдысты.

Уыдонимæ зонгæ кæнгæйæ, Гызыл Цамеловичæн йæ зæрдæ раздæрæй ноджы хуыздæр радис,  кæд æфтиæгтæ фыдæр нал кодтой, уæддæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ раздæр æфтиæгтæн сæ фылдæр хай колхозонтæ сæ куыстыбонтæм фæстæмæ сæ хæдзæрттæм æнтъыхтой, ныр та ма сæ чи хæссы? Иу колхозон у æмæ йæ цас хъæуы!

Сæрдар цæуыл уыд ахуыр, уый нæ уагъта. Ахуыр уыд æмбырдтæ уадзыныл дæр æмæ та мæнæ ног æмбырды трибунæйæ дзуры:

– Æмбæлттæ! Нæ хъуыддæгтæ кæд раздæры хуызæн рæвдз нал цæуынц, уæддæр нын хорз æнтысы, фæлæ кæмдæр цыдæр хъуыддæгты дæр фæстейæ аззайæм. Цæвиттон, акæсут-ма нæ сыхаг хъæуты колхозтæм. Кæцы сæрдарæн дзы нæй фæсарæйнаг машинæ? Уæдæ мах кæмæй дæлæсиндæр стæм? Мах дæр ахъуыды хъæуы ацы фарстыл. Уый тыххæй нæ æмæ цæмæй мæнæн хорз уа, æз ыл рацу-бацу кæнон, фæлæ æндæр колхозты хсæн нæ колхоз цауддæр цæмæн хъуамæ зына!

– Раст у, тынг раст зæгъыс, Гызыл Цамелович. Ды кæцы колхозы сæрдарæй цауддæр дæ, кæс ма, æртæ йедтæмæ не стæм, афтæмæй нын цас æнтысы, цас! Тæккæ райсом ацу æмæ балхæн ног машинæ! – бардзырды хуызы зæгъы Хитъор.

Сæрдар æлхæнынмæ кæд ацыдис, уымæн ничи ницы базыдта, фæлæ къуырийы фæстæ  «Мерседес» машинæ дардмæ тæмæнтæ калдта колхозы правленийы кæртæй.

Цыдысты бонтæ. Сæрдар, бригадир æмæ колхозонæй алчидæр йæ хæстæ дарддæр æххæст кодта. Гæстæн раздæрау сæумæцъæхæй цыд йæ куыстмæ, фынæйафонты та йæ къæхты фырфæлладæй йæ фæдыл ласгæ, здæхт йæ хæдзармæ. Бригадирæн та фæзынд «Нива» машинæ æмæ ныр Гæстæны кустытæ бæрæггæнæг йæ фæстæ фистæгæй нал цыд. Сæрдар бæлвырд-бæрæгæй цы куыст кодта, уымæн Хитъор рæстмæ ницы æмбæрста, Гæстæн та йын бынтондæр ницы хымпырдта…

Иу ахæмы, Гæстæн тыллæг æфснайыны афон, быдыры уæхскуæзæй куы куыста, раст уыцы рæстæджы Хитъор йæ цуры машинæ фæурæдта. Райдианы кæрæдзийы афæрстытæ кодтой, стæй йын Хитъор зæгъы:

– Гæстæн, Гызыл Цамелович горæты хæдзар аразы æмæ, дам, мæм сом сис амайынмæ куы фæкæсис. Æз дæр цæуын.

– Тыллæг сæфы æмæ куыд ацæуон. Стæй ахæм куыстытæм нæ арæхсын æмæ… – йæхи бакъултæ кодта Гæстæн.

– Ницы кæны, иу бонмæ нæ фесæфдзысты. Лæгмæ фæкæсын хъæуы, худинаг у…

Сразы йæ кодта. Дыккаг бон рагацау ацыдысты. Бирæ кусджытæ дзы æрбамбырд ис, фæлæ Гæстæны цæст йæ хицауыл не схæцыд. Ныр æй мæйæ фылдæр нæ федта.

Куыст йæ тæмæны уыдис. Гæстæн цæмæ арæхст, уый – змис, цемент  æмæ дон иумæ змæнтын. Æмæ куыста, йæхи нæ сайдта. Фæлæ йыл сæмбæлд æнамонд хабар. Сисамайæджы къухтæй агуыри фæиртæст, рахауд æмæ Гæстæны сæрыл æруадис. Йæ туг акалд. Уайтагъд æй рынчындонмæ аскъæфтой. Хитъор дæр семæ.

Куыд, кæцæй, фæлæ сæ фæстæ бамидæг  Гызыл Цамелович.

Хитъор ыл йæхи баппæрста:

– Сæфæм, сæфæм, Гызыл Цамелович, исты ма йын баххуыс кæн…

Сæ дыууæ дæр уырдыг слæууыдысты Гæстæны уæлхъус. Уый йæ зонд фесæфта, йæхимæ нал цæуы… Дохтыртæ архайынц йемæ. Уалынмæ сæ иу йæхи сраст кодта æмæ йæ цуры лæууæгæн загъта:

– Амард…

– Ма амæл, Гæстæн! – нырдиаг кодта Гызыл Цамелович.

– Гæстæн, ма амæл! – ныббогъ ласта Хитъор дæр.

Ацы хатт Гæстæн сæ иумæ дæр нал байхъуыста…

Сæрдар æмæ бригадир бирæ  фердиаг кодтой рынчындоны къуымты. Адæмы сæхимæ æркæсын кодтой æмæ кæрæдзийы фарстой, афтæ зæрдæсудзгæ кæуыл сты, уыцы зиан сын цы бавæййы, уымæй.

 

«ХОРЗ ЛÆППУТÆ УЫДЫСТЫ»

Дыууæ рагон хæлары – Сикъо æмæ Агор горæты уынджы кæрæдзийыл амбæлдысты. Сикъойæн йæ галиу цæст – бинтæй баст. Цæсгом амыты, уымыты – цъæхтæ. Йæ уæлæ хъарм, фæлæ дæрдджын телогрейкæ. Сæрыл дæр дæрдджын хъусджын худ. Йæ цырыхъхъыты  цахæм хæлафы къæхтæ уыдысты тъыст – галифе, æви растфадыг, уый бæрæг нæ уыд. Йæ бакаст зæрдыл лæууын кодта, 1812 азы хæсты Наполеоны æфсæдтæй фæстæмæ, Францмæ чи лыгъдысты, уыдонæй сæ иуы, уæлдайдæр та ацы уазал хъызт боны. О, фæлæ уыцы хæст дæууæ æнусы размæ уыд, стæй францаг салдат Хуссар Ирыстонмæ цæмæн радзæгъæл уыдаид?

Агор æй зонгæ дæр нæ бакодтаид, фæлæ Сикъо йæхæдæг фæцарæхст:

– Салам, мæ хæлар!

Хъæлæсæй æнцон базонæн уыд æмæ йæ уайтагъд æрхъуыды кодта Агор.

– Салам, Сикъо! Дæ хорзæхæй, кæцы хæстæй здæхыс? Цы дыл æрцыд?

– Хæстыл ма сыкъатæ вæййы, мæ хæлар! Фæцæйсæфтæн, фæцæй, мæ хæлар – хъарæгау йæ сæр тилгæ, йæ къухтæ йæ фæрстыл хойгæ бакодта Сикъо.

– Дæ хорзæхæй, радзур-ма, цы дыл сæмбæлд, чи дæ бахъыгдардта, чи дæм бауæндыд!.. – чысыл раздæр сæрибарæй сæхи цы къухты æнгуылдзтæ хатыдысты, уыдон мустучъитæ фестадысты Агорæн, дæндæгтæ скъæс-къæс кодтой.

– Гъехх, цъæх над сæ скодтой, цъæх над, мæ хæлар. Æртæйæ уыдысты. Сæ иуæй иннæ уæйыгдæр. Сæ машинæйæ рагæппытæ ластой, мæ алыварс хъен алæууыдысты. Бирæ раныхас-баныхас дзы нæ уыд, уайтагъд хъуыддагмæ рахызтысты. Сæ иу мын риуæрдыгæй мæ дарæсæй  йæ галиу дзæмбы цæуыл фæхæст, уыдон æрбамбырд кодта йæ мустучъийы, систа мæ уæлдæфы.

– Ды кæй фæсайдтай, кæй ныррекет кодтам æмæ кæй амардтам, уый æхцатæй нын цæуылнæ фæхай кодтай!  – æмæ иннæ къухæй æфсæрæн – хæфт.

– О, о, о! – ныхъынцъым кодта Агор…

– Уæдæ! – дарддæр дзырдта Сикъо, – мæ цæстытæ дын куыннæ атарытæ сты. Уый мæ феуæгъд кодта æмæ цалынмæ зæхмæ хаудтæн, уæдмæ мын иннæтæй сæ иу ноджы мæ былтæн ахъаззаг сыргъæвта, мæ хæстæг чызджы, дам, мын цæмæн сæнамонд кодтай…

– Гъо-о-о, гъо-о-о! – йæ къухтæ кæрæдзийыл фырдисæй сцагъта Агор.

– Æз афтид голлагау дыдæгътæй зæххыл адæргъ кæн. Уайтагъд мæ æрбадæнтыл, мæ фæрстыл, мæ къæхтæ, къухтыл уадысты сæ хъæбæр дзабырты цæфтæ. Сæ иу та мæм æргуыбыр кодта æмæ цыма профессионалон рингыл бокс кодта, уыйау дæнг ласта мæ цæсгомы, уый та, дам, дын мæ хионы кæй амардтай, уый тыххæй!

– Йарæбын, уый дæ маргæ куы кодтой, маргæ!.. – йæ дисæн кæрон нал уыд  Агорæн.

– Маргæ мæ кодтой, маргæ, уæдæ!

– Дæ хорзæхтæй, æмæ кæд сæмдзæхтон дæ семæ, æз дæ рекетгæнæгæй куынæ зыдтон? Куынæ дæ зыдтон сылгоймæгты фæстæ рацу-бацугæнæгæй, дæ цардæмбал, дæ сывæллæттыл æнувыд куы уыдтæ? Уыдæттæ дæр ма, гъа, фæлæ лæгмар разынай, уый æнхъæл дæ никуы уыдтæн. Афтæ дын хъуыдис! Ды мæнæн хæлар нал дæ. Мæхæдæг дæр дæ тæрсын райдыдтон, – карзæй загъта Агор æмæ дарддæр йæ фæндагыл фæраст.

– Фæлæуу-ма, Агор, кæд мæ зыдтай ахæмæй, байхъус мæм æмæ дын мæ хабар кæронмæ радзурон, – йæ фæдыл адзырдта Сикъо. Уый æрлæууыд, раздæхт æм фæстæмæ.

– Нæ зонын, цас мæ надтаиккой, фæлæ иу ахæмы, цы спортивон худ мыл уыдис, уый мæ сæрæй куы ахауид.

– Гъей! Фæлæуут-ма, ацы лæг коса куы у… – йæ рахис къухыл хæрдмæ схæцгæйæ бакодта сæ иу.

Æртæ дæр мæм æдзæмæй ныккастысты.

– Йæ сæрыл-ма йын дæ къух арахæс-бахæс кæн, чизоны йæ дасгæ ныккодта, скомандæ кодта сæ иу æндæрыл. Уый мын мæ сæрыл йæ къух дыууæрдæм арауадз-бауадз кодта.

– Коса у, къух дзы ницæуыл хæцы, – сбæлвырд кодта уый.

– Рихитæ Пирузы рихитæ сты, фындз дæр – гуыбыр… дызæрдыг кæны æртыккаг.

– Чи дæ? – афарста мæ сæ кæцыдæр.

– Сикъо дæн… – хъæрзгæйæ бакодтон æз.

– Пируз нæ дæ? – ногæй та мæ афарстой.

– Нæ… – цыбыр дзуапп сын радтон.

– Лæппутæ, – райхъуыст сæ иуы барджын хъæлæс, æндæр кæйдæр фæнадтам, авæрут æй машинæйыл æмæ йæ рынчындонмæ бадавæм.

– Афтæ мæ бамидæг кодтой рынчындоны. Исæн хайады  сын радзырдтой, фæндагыл цæугæйæ мæ иуварс æппæрстæй кæй ссардтой фыднадæй, сæ машинæйыл мæ кæй сæвæрдтой æмæ мæ афтæмæй кæй æрбаластой. Сæ цæрæнбон бирæ, хорз лæппутæ уыдысты…

– Ноджы ма сæ хорз лæппутæ хоныс, мæлæтдзаг над дæ куы фæкодтой? – бадис кодта Агор.

– Уый сын ивддзаг фæдæн…

 

БИАЗЫРТЫ  Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.