Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикимæ фембæлды рæстæджы Паддзахадон исад æмæ зæххы ахастыты фæдыл комитеты сæрдар Пæррæстаты Сергей фехъусын кодта 2019 азы æмбисы бакæнгæ куысты тыххæй.

Доклады куыд банысанчындæуыд, афтæмæй æхсæз мæйы дæргъы автоматизацигонд системæмæ хаст æрцыдысты 228 юридикон цæсгæмтты тыххæй бæрæггæнæнтæ, 3768 æнæзмæлгæ исады тыххæй (бæстыхæйттæ, агъуыстытæ), 3183-змæлгæ исад, афтæ ма 219 – зæххыты тыххæй.

Паддзахадон исады хайад æнгом куыст кодта паддзахадон исады объекттæ æмæ кадастрон паспортты паддзахадон регистрацийы тыххæй æвдисæнад райсыны тыххæй.

2019 азы æмбисы дæргъы ист æрцыд 64 паддзахадон регистрацийы тыххæй æвдисæнад, уыдонæй 5 – зæххы тыххæй, 19 – донуадзыны фæдыл объекттæ, 15 – дон ифтонг кæныны, 4 – газ ифтонг кæныны, 21 – бæстыхæйттæ æмæ агъуыстытæн.

Куысты стыр гуырахст арæзт цæуы, социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон паддзахадон исадмæ бакæнын æмæ сæ эксплуатаци исæг организацитæм радтын.

Уыдоны нымæцы сты алыгъуызон инженерон коммуникацитæ, хæрзарæзтады объекттæ, бæстыхæйттæ.

Афтæ ма хайад бакуыста æнæзмæлгæ объекттæ, ома, искæцы организацийы фидар чи не сты, ахæм æнæхицау объектты бартæ сбæрæг кæныны фæдыл.

Пæррæстаты Сергей фехъусын кодта, арендон ахастыты фадыджы цы куыст æрцыд, уый.

Банысанчындæуыд, ацы аз æдзæрæг фонды арендæйæ пад-дзахадон бюджетмæ кæй хъуамæ бацæуа 4 099 500 сомы, зæххы арендæйæ та – 2 525 000 со-мы.

Фембæлды рæстæджы Хицауады Cæрдар æрдзырдта паддзахадон исадæй пайда кæныны эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын, хæдзарадон субъектты æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты архайдыл контроль фæкарздæр кæныны фарстытыл, кæцытæ сты арендæ æмæ субарендæйы ахастыты, хъалонон фесæфтытæ фæкъаддæр кæныны нысанæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.