УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсæмæг ссис уæгъдибар хъæбыс-хæстæй кадетты ‘хсæн дунейы чемпион. Ерыстæ уагъд цыдысты Болгарийы. Тренер Коцты Тамерланы хъо-мылгæнинаг финалы æнцонтæй рамбылдта Гуырдзыстоны минæвар Георги Чихрадзейы. Арсæмæгы бахъуыд æрмæстдæр 49 секунды æмæ йæ ныхмæлæууæджы рамбылдта 10:0 хыгъдæй.

Финалмæ цæугæйæ, цхинвайлаг спортсмен нырма æнцонтæй рам-былдта индиаг спортсмен Кумар Анирудхы – 11:1. Уый фæстæ та 10:0 хыгъдæй фæуæлахиз болгайраг Любомир Ивановыл. Зассейы фыртæн иу-уыл уæззаудæр рауад æрдæг финалон тох, цыран тох кодта Ираны минæвар Салар Сайед Хабибиехсаниимæ. Зассейы фырт æмбылды кодта 5:3 хыгъдæй. 30 секунды ма куыд хъуыд, афтæ Арсæмæгæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы партермæ ракæнын æмæ йын уым ноджы дыууæ хатты «накат» саразын æмæ афтæ-мæй фæуæлахиз 8:5 хыгъдæй.

«Ерысты нын иууыл сæйрагдæр ныхмæлæууæг уыд ирайнаг богал. Нымад цыд сæйраг фаворитыл. Уый ма рамбылдта кадетты ‘хсæн Азийы чемпионат дæр», – банысан кодта тренер Коцты Тамерлан.

Спортивон сезон нырма нæ фæцис, фæлæ ныридæгæн зæгъæн ис æмæ Хуссар Ирыстоны хъæбысæйхæц-джытæн кæй рауад тынг æнтыстджын. Раздæр ма 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Европæйы чемпион ссис Бестауты Андрей. Коцты Тамерланы иннæ хъомылгæнинаг Дзæгъиаты Сослан та хъуамæ хайад райстаид 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты, фæлæ йын, хъыгагæн, ацы бæстæмæ визæ нæ радтой.

АРÆЗТ ÆРЦЫД ОЛИМПИОН КОМИТЕТ

     Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд Национ Олимпион комитет. Йæ президентæй æвзæрст æрцыд спорты галуан «Олимп»-ы директор Табуты Роберт. Национ Олимпион комитет саразыны инициатор у уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы тренер, РХИ-йы хъæбыс-хæсты федерацийы президент  Тедеты Дзамболат. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй комитет арæзт цæуы, цæмæй нæ спортсментæн фадат уа нейтралон тырысайы бын Олимпион хъæзтыты хайад исынæн. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ у республикæйы æмбырдгонд командæ æрæмбырд кæнынмæ æмæ йын спортивон формæ самал кæныны тыххæй иу милуан сомы рахицæн кæнынмæ.

Национ Олимпион комитеты фыццаг вице-президентæй æвзæрст æрцыд базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæрдар Æлборты Алан æмæ вице-президент та ссис Тыбылты Чермен, кæцы у РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты спорты хуызты размæцыды хайады хистæр. Комитеты генералон директор та ссис РХИ-йы хъæбысхæсты федерацийы вице-президент Дзабиты Дмитри. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.