Хъæууон цæрджыты проблемæтæ дзæвгар сты æмæ рæстæгыл се скъуыддзаг кæныныл чи бацархайы, уыдон æдыхст вæййынц. Фæлæ зæгъын хъæуы, алы фарстæн цæрджыты ‘рдыгæй нæй кæронмæ сæххæстгæнæн. Хъæуы æвæрццаг æмæ æппæрццаг фарстатæ та иууыл хуыздæр фæзоны бынæттон администрацийы сæргълæууæг, æнæхъуаджы йæ, мыййаг, нæ  хуыдтой хъæуы хицау дæр. Нæ республикæйы бирæ ис, йæ разылæууæг ахсджиаг хæстæм бæрндзинады цæстæй чи кæсы, цæрджытæ йæ куыст æмæ архайдæй разы кæмæй сты, хъæууон администрацийы ахæм сæргълæуджытæ.

Йæ дæлбаруæвæг хъæууон цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл чи тыхсы, бынæттон æмбæстæгтимæ иумиаг æвзаг чи ары, уыдоны нымæцмæ хауы Цхинвалы районы Тъбеты хъæууон администрацийы сæргълæууæг Кокойты Елиоз дæр. Бынаты цы хъуыддагæн вæййы рарастгæнæн, ууыл иумиаг тыхтæй бакусынц. Æндæр хъуыддæгтæ æвæрццагæй ахицæн кæныны тыххæй та фарст æрæвæры районы администрацийы раз æмæ бацархайынц  фарст æрбæстон кæныныл. Ахæм хорз куыстæн та æвдисæн сæхæдæг сты хъæууон администрацийы скондмæ хауæг Ногхъæу æмæ Тъбеты цæрджытæ. Цæвиттон, Ногхъæуы цæрджытæ тынг тыхстысты, бынæттон уынгтæ бынтон æдзæллаг уавæрмæ кæй æрцыдысты, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ зындзинæдтæ æвзæрстой куыд автотранспорты хицæуттæ, афтæ фистæгæйцæуджытæ дæр. Æрæджы сæ цалцæг кæнынмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ куы фæзындысты, уæд цалдæр хуызы техникæ архайдтой фæндæгты хæрзарæзтадыл æмæ куыстыты æппæт хуызтæ сæххæст кодтой рæстæгыл æмæ гъæдджынæй. Афтæмæй хъæуы уынгтæ рафидыдтой. Хæдзарад ма ноджыдæр кусы Тъбеты хъæуы иу сæйраг уынджы хæрзарæзтыл дæр æмæ уыцы куыстытæ дæр фæуыдзысты цыбыр æмгъуыдмæ.

Тъбеты хъæуы цæрджыты фылдæр хай тынг тыхсынц, донхæры доны хъуагдзинад кæй æййафынц, ууыл. Уымæ гæсгæ сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуыты цы цæхæрадоны культурæтæ байтауынц, уыдонæй не ‘рзайын кæнынц зæрдæйы фæндиаг тыллæг. Уавæр бахынцыд æрцыд æмæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад кусы ацы фарст дæр æвæрццагæй аскъуыддзаг кæныныл. Æмбæлон бынаты уыдзæн, къанауы дон кæй йедзаг кæна, ахæм резервуар æмæ уырдыгæй та доны хæтæлтыл хæццæ кæндзæн алы цæрæджы зæххы фадыгмæ. Ацы куыстытæ æххæст кæныныл дæр ныридæгæн архайдæуы æмæ уæд бирæ фенцондæр уыдзæн цæрджытæн.

                        ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.