Мæскуыйы уагъд æрцыд спортивон хъæбысхæсты супертурнир «Гран-при «Москва» – Кубок АЛРОСА». Супертурниры фæлгæтты уагъд æрцыд 9 тохы. Фæйнæ æртæ фембæлды уагъд æрцыдысты грэпплинг, уæгъдибар хъæбысхæст æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй хайад райстой дыууæ ирон богалы – Козырты Сергей æмæ Сидахъты Зауырбег. Козырты Сергейæн йæ ныхмæлæууæг уыд 2021-æм азы дунейы чемпионаты бронзæйон призер монгойлаг Лхагвагэрэл Мунхтур. Фембæлд рауад цымыдисон æмæ рæсугъд. Дыккаг периоды ирон богалæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы йе уæхсчытыл сæвæрын.

Иннæ ирон спортсмен Сидахъты Зауырбегæн 74 кг уæзы категорийы йæ ныхмæлæууæг уыд Белорусийы спортивон кад хъахъхъæнæг дагъыстайнаг хъæбысæйхæцæг Магомедхабиб Кадимагомедов. Ацы дыууæ богалы ма ацы аз финалы хæцыдысты Токиойы Олимпион хъæзтыты. Уым 7:0 хыгъдæй рамбылдта ирон спортсмен. Ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, Кадимагомедов хъавыд реванш райсынмæ. Уый тыххæй йæхи цæттæ кодта сæрмагондæй. Фæлæ та йын ныр дæр нæ рауад Зауырбеджы ныхмæ фæлæууын. Тох рауад æндыгъд. Фæстаг минуты онг хыгъд уыд 1:1 ирон богалы пайдайæн (фæстаг балл Зауырбег систа). Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, Сидахъты Зауырбег цыд атакæйы æмæ йын бантыст ноджы 5 баллы сисын æмæ 6:1 хыгъдæй рамбулын.

 

***

Дыккаг бон Мæскуыйы та уагъд æрцыд фыццаг хъазт спорты ног хуыз рестболлæй. Рестболлæй арæх фæхъазынц хъæбысхæстæй архайæг спортсментæ сæ тренировкæты рæстæджы. Ныр та хъæбысæйхæцджытæ сфæнд кодтой фыццаг официалон хъазт ауадзын. Уым фембæлдысты дыууæ коман-дæйы. Сæ иуы сæргъ слæууыд уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонды тренер Тедеты Дзамболат, иннæйы къухдариуæггæнæг та уыд æртæ хатты Олимпион чемпион Таймæзты Артур. Хъазт ацыд хъæлдзæгæй. Чысыл рæстдзæвиндæр разындысты Тедеты Дзамболаты командæйы хъазджытæ æмæ рамбылдтой.

 

ГРЕКАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Каспийскы уагъд æрцыд Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Йæ уæлахиздзау ссис ирон богал Джиоты Дмитри. Уый фыццаг бынат бацахста 82 кг уæзы категорийы. Ерысты æвзист призертæ систы Гугкаты Давид (67 кг), Хуыгаты Аслан (87 кг) æмæ Къозонты Зауыр (130 кг). Бронзæйон призертæ та систы Чертхъоты Уырызмæг (63 кг) æмæ Беккуызарты Руслан (130 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.