Хуссарирыстойнаг режиссер Ирина Яновская ссис Казаны уагъдцæуæг æппæтуæрæсейон кинофестиваль «Белая птица»-йы уæлахиздзау документалон социалон фильмы номинацийы. Киноныв «Откорй свое сердце» у, æнгуылдзтæ кæмæн нæй, ахæм æвзонг пианисты тыххæй.

Галаты Барисы номыл культурæйы фонды директор, РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг Гаглойты Лианæ сорганизаци кодта фембæлд Ирина Яновскаяимæ. Мадзалмæ æрбацыдысты æхсæнады минæвæрттæ, Иринæйы хæлæрттæ, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады кадетон скъолайы ахуырдзаутæ æмæ æндæр уазджытæ. Уыдон бакастысты фильм «Открой свое сердце»-мæ. Кинонывы дзырд цæуы æвзонг музыкант Алексей Романовыл, цыран пианист дзуры йæ вазыгджын фæндаджы тыххæй.

«Мæнæн фадат нæ фæцис сæрмагондæй хорзæх райсынæн, фæлæ йæ райста мæ кинонывы хъайтар – Алексей Романов», – загъта Яновская. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый æнæнхъæлæджы йемæ базонгæ Тæмискы уагъдцæуæг фæсивæдон форум «Без границ»-ы. Сорганизаци йæ кодта цæгатиррыстойнаг æхсæнадон организаци «Быть добру», зæгъгæ.

«Алексей у курдиатджын адæймаг, кæцыйæн йæ дыууæ къухыл дæр æнгуылдзтæ нæй, афтæмæй æрæмбырд кæны сценæмæкæсджыты æнæхъæн залтæ. Уый у фæндондзинады æмæ уды тыхы цæвиттон. Æз æрмæст кинонывы режиссер нæ дæн, фæлæ ма – оператор æмæ монтажер дæр. Съемкæтæ цыдысты æрмæстдæр иу бон. Фестиваль «Белая птица»-йы тыххæй куы базыдтон, уæд мæ бафæндыд уырдæм æй арвитын, уымæ гæсгæ мæ бахъуыд тагъдыл æй смонтаж кæнын. Равдыстон дзы, зæрдæйæ цы банкъардтон, уый», – загъта Ирина Яновская.

Кинолентæ раргом кодта æвзонг пианисты уæззау хъысмæт, кæцы алыхатт дæр йæхи æппæрста музыкæмæ, физикон арæнтæм нæ кæсгæйæ. Историйы хъайтар ссис æрмæст Алексей нæ, фæлæ ма ма йын йæ бæллицц сæххæст кæнынæн чи баххуыс кодта, уыцы ахуыргæнæг дæр.

 

Алексей Романовы биографийæ

Уый райгуырд, йæ дыууæ къухыл дæр æнгуылдзтæ нæ уыд, афтæмæй. Татарстаны Зеленодольскæй 15-аздзыд лæппу ссис дунеон æмвæзады виртуозон пианист æмæ ныр ралæууы æппæт дунейы сценæтыл. Адæмы разæнгард кæны, зæгъгæ, гæнæн цæмæн нæй, уымæн дæр саразæн ис. «Схъомыл дæн сидзæр сывæллæтты хæдзары. Нæй мын фад (стопа) дæр, пайда кæнын специалон протезæй. Мæ мад мæ уайтагъд ныууагъта сабиты хæдзары, уый фæстæ мæ ракодтой сидзæр сывæллæтты хæдзармæ. Æндæр сывæллæттау, æз дæр бæллыдтæн бинонты тыххæй, фæлæ кæй хъæуы мæн хуызæн æнæбон, æвадат сывæллон. Фæлæ мæ нæ фæндыд æвадат уæвын æмæ уымæ гæсгæ тырныдтон алцыдæр мæхæдæг аразынмæ. Хордтон мæ къухыл-иу мын уидыг бабастой, афтæмæй. Уый фæстæ та сахуыр дæн уидыгыл дыууæ къухæй хæцын. Сахуыр дæн хуыйын, ныв кæнын, афтæ мæ уарзон пианинойыл цæгъдын. Бафæрсдзыстут мæ – Куыд? Æз æй нæ зонын, куыд. Гæнæн ис, уый у диссаг, фæлæ æцæгæй та тренировкæты æмæ музыкæмæ æгæрон уарзондзинады фæрцы. Ноджы ма æууæндын, адæймаджы куы бафæнда, уæд алцыдæр сараздзæн.

Æндæр сывæллæттау, æз дæр бæллыдтæн бинонтæм. Æмæ мæ æхсæзаздзыдæй акодтой кæнгæ ныййарджытæ. Æхсæз азы цардтæн уыдонмæ, фæлæ мæ стæй фæстæмæ æрбакодтой сывæллæтты хæдзармæ. Дыууæ хатты мын сарæзтой, афтæ. Уый тынг зын у, куыддæрты мæ хъуыд мæ рыстыл фæтых уæвын. Нæ актон залы лæууыд пианино. Иу хатт æм бацыдтæн æмæ æрхæцыдтæн куы урс, куы та  сау клавишæтыл. Афтæ арæзтон цалдæр боны. Мæ хъомылгæнджытæ мæ фæхатыдысты, фæтæригъæд мын кодтой æмæ мын радтой æргомæй пианинойыл цæгъдыны бар. Афтæмæй пианино ссис мæ хæлар, мæ иунæгдзинад æмæ рыстæй ирвæзынгæнæг. Ныр мæ бон у мелодитæ сахуыр кæнын, мæхæдæг дæр сæ æрхъуыды кæнын. Фæлæ мæм раздæр клавишæтæ нæ хъуыстой, нотæтæ дæр нæ зыдтон. Нырма тренировкæ кодтон сывæллæтты хуымæтæджы зарджытыл, уый фæс-тæ мæхи фæлварын райдыдтон уæлдай вазыгджындæр мелодитыл». Афтæмæй мæ репертуары фæзынд фильмсага «Сумерки»-мæ саундтрек, æниу æй зонгæ дæр нæ кодтон, кæцæй у ацы мелоди, уый. Бирæ фарстаты тыххæй-иу бахатыдтæн музыкæ-йæ мæ ахуыргæнæг Ахметшина Аидамæ. Уый мын райдыдта сольфеджио амонын. Райдианы мах цагътам цыппар къухæй, æз ын æххуыс кодтон, стæй райдыдтон мæхæдæг цæгъдын æмæ цалдæр æнгуылдзæй цы аккордтыл хъуыд æрхæцын, уыдон рацарæзтой мæ уавæрмæ гæсгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй алцæмæндæр гæнæн ис саразын!», – радзырдта Алексей Романов.

Арвыстой йæ республикон конкурсмæ, цыран хайад истой æнæниз сывæллæттæ. Уырдыгæй æрæздæхт уæлахиздзауæй. Æмæ уый фæстæ йæ царды æрцыдысты серьезон ивындзинæдтæ.

«Мæхи хъæуæг адæймагыл банкъары-нæн мын баххуыс кодтой пианино æмæ фидæны мæ кæнгæ мад Луизæ. Уый у Зеле-нодольскы сидзæртæ æмæ сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæн æххуысы хæрз-аудæн фонд «Солнечный круг»-ы сæрдар».

Афтæмæй 13-аздзыд лæппу ссардта уарзæгой æмæ аудаг бинонты: мад, фыд æмæ цыппар æфсымæры. Ацы бинонтæн традицион уыд фыццаг пособийæ лæвар балхæнын. Æмæ йын балæвар кодтой синтезатор, кæцыйы фæрцы йæ бон уыд æрвылбон дæр  цалдæргай сахатты музыкæйæ архайын. Фæлæ уæддæр рæзты тыххæй хъуыд ахуыргæнæг. Нæ йæ рох кодта интернатæй музыкæйæ йæ ахуыргæнæг. «2015 азы декабры мах мæ ахуыргæнæг æмæ мæ мадимæ фæхуыдтой горæт Казаны камерон оркестры ралæудмæ. Кастæн сæм стыр цымыдисæй. Антракты рæстæджы мæ оркестры дирижер фæхуыдта гримеркæмæ æмæ мæм бахатыд мæ фадæттæ фенын кæнын. Сæххæст кодтон италиаг композитор Людовико Эйнаудийы мелоди. Куыд ацагътон, уый йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ мæ дыууæ боны фæстæ фæхуыдта Республикæ Татарстаны Стыр концертон залы йæ оркестримæ ралæууынмæ. Залы уыд тынг бирæ адæм æмæ райдайæны фæтыхстæн, фæлæ мæ стæй музыкæ йæхи дунемæ ахаста. Куы слæуыдтæн, уæд федтон – зал мын лæугæйæ æмдзæгъд кодта, бирæтæ та кæугæ кодтой. Ацы ралæуд систой бирæ журналисттæ æмæ сценæмæкæсджытæ дæр. Чидæр видео сæвæрдта ютубы. Дыккаг бон райсоммæ видеойы федтой милуан адæймаджы. Дзырдтой мæм алырдыгæй, хуыдтой мæ алæвæрдтæм, интервьютæм. Куыд фæзæгъынц, райсомæй райхъал дæн æнæнхъæлæджы зынгæ адæймагæй.

 

Æнтысты æмæ гом дуæртты тыххæй

Райдыдтой мыл бирæ фыссын, исын. Фæхуыдтой мæ программæ «Пусть говорят»-мæ, цыран фембæлдтæн, кæмæн табу кодтон, уыцы Ник Вуйчичимæ – зынгæ австралийаг мотивацион спикеримæ. Уымæн нæдæр къухтæ ис æмæ нæдæр – къæхтæ. Фæхуыдта мæ Казаны йæ конференцимæ, цыран ацагътон пианинойыл.

Байгом мын сты бирæ дурæттæ. Казаны 7-æм музыкалон скъола мæ айста йæ рæнхъытæм, каст æй фæдæн дыууæ азмæ. Ивгъуыд аз ма бацыдтæн Казаны авиацион институтмæ. Уыимæ мæ зонындзинæдтæ æххæст кæнын фортепианойæ, хайад исын конкурсты æмæ алыгъуызон концертты. Ралæууын фæсарæнты дæр, зæгъæм, Финлянди, Германы, цыран дисы баппæрстон музыкант Дитер Болены. Ивгъуыд аз, фæззæджы, уыдтæн Тайваны сакъадахы, уырдыгæй æрластон уникалон преми «Любовь к жизни».

Æгæрыстæмæй æнæ къухтæ æмæ къæхтæй дæр гæнæн ис амондджын уæвын.  Æз  дæр мæхи нымайын амондджыныл. Хæрзаудæн фонд «+7» мын балæвар кодта нымæцон пианино. Пианиноимæ ма мын балæвар кодтой куыдз-лабрадоры. Фæзынд мын уарзон чызг дæр. Царды алыхатт дæр хъæуы нысанмæ цæуын», – дзуры Алексей Романов.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.