Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегациимæ, кæцыйы сæргъ лæууыд РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты 2008 азы августы хæстыл 14 азы сæххæсты сæраппонд  мысæн мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.

Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй ма фембæлды хайад райстой президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, Парламенты сæрдар Тадтаты Алан, æмæ йæ фыццаг хæдивæг Гасситы Петр.

Цæгатирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй та – Парламенты сæрдары хæдивджытæ Билæонты Батраз æмæ Гутнаты Аслæнбег, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстыты фæдыл Парламенты комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан, Парламенты Аппараты къухдариуæггæнæджы хæдивæг Дыгъуызты Тамаз.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы мысæн бонты цæгатирыстойнаг æфсымæрты фарсхæцынад  махæн у уæлдай ахсджиагдæр.

«Сымах немæ дих кæнут циндзинады моменттæ дæр æмæ алыхатт дæр нæ фарсмæ стут иууыл уæззаудæр рæстæджыты . Махæн нæй 2008 азы августы трагикон бонтæ ферох кæныны бар», – загъта Гаглойты Алан.

Йæ рады, Алексей Мачнев банысан кодта, зæгъгæ, абон мысæн бон у, æрмæст Хуссар Ирыстоны цæрджытæн нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы Федерацийæн дæр. «Хъæуы истори зонын æмæ хъуыды кæнын, фæлæ ма хъæуы фидæнмæ кæсын дæр, хатдзæгтæ аразын, æхсæнад рæзын кæнын æмæ сабыр цард аразын. Æз хъуыды кæнын, зæгъгæ, нырыккондзинады егъаудæр паддзахад – Уæрæсейы Федераци, кæй у  гарант Республикæ Хуссар Ирыстон кæй рæздзæн, уымæн. Хуыцау зæгъæд, цæмæй хæст макуыуал уа», – загъта уый.

Фембæлды хайадисджытæ ма банысан кодтой æхсæнпарламентон æнгом ахастытæ æмæ æхсæнведомствойон æмгуыстады æнтыстджын рæзты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.