Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы сæрдар Харебаты Батрадз комментари сарæзта Централон-Африкæйаг Республикæйы  уæрæ-сейаг журналистты амæлæтимæ баст трагикон цауы тыххæй.

«Æппæт инциденттæ дæр, кæцытæ баст сты журналисттимæ, сæ профессионалон хæс æххæст кæнынимæ, уымæйдæр сæ трагикон фæстиуджытæм куы æркæнынц, æнæхъусдард нæ баззайынц нæ фарс æрдыгæй, – загъта Харебаты Батрадз. – Махæн уымæ ис нæхи цæстæнгас, кæцы æнгæс у  дунеон журналистон æмæхсæнад кæй бакуыста, уыцы ахастимæ».

Уый банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг массмедиайы минæвæртты амæлæты фæдыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

«Уæрæсейаг журналистты хъуыддаг ис равзарыны стадийы, – загъта Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы сæргълæууæг. – Æмбæрстгонд нæу, уыдон уым цы мисси æххæст кодтой».

Харебаты Батрадзы ныхæстæм гæсгæ, эстремалон уавæрты цы журналисттæ кусынц, уыдон бирæ хатт фæкусынц мæлæтæй тæссаг уавæрты.

«Ис ахæм журналисттæ, кæцытæ фæкусынц æнæ мандатæй. Ахæм стæм специалисттæ бахауынц иттæг экстремалон уавæрты. О, фæлæ уыдон, уый æмбаргæйæ, уæддæр цæуынц ахæм зонæтæм», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Журналистты цæдисы сæрдар мæсæллæйы ныхæстæ загъта Африкæйы фæ-мардуæвæг журналистты бинонтæн.

«Ацы бæстæйы Уæрæсейы минæварад активон хайад исдзæн ацы трагикон цау рабæрæг кæныны хъуыддаджы,- банысан кодта Харебаты Батрадз. – Абоны онг уал зындгонд у уый, æмæ сæ профессионалон хæс чи æххæст кодта, уыцы адæймæгтæ фæмард сты». Журналистты амарыны хъуыддаг райхъуыст 31 июлы. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистрад бафидар кодта, Кирилл Радченко, Александр Расторгуев æмæ Орхан Джемаль кæй фæмард сты, уый. Министрады ма радзырдтой, зæгъгæ, Централон-Африкæйаг Республикæйы уæрæсейаг минæварадæн зындгонд нæ уыд, журналисттæ ацы бæстæйы территорийыл цы бынаты сты, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.