ЙЕ СТДЖЫТЫ ЙЫН БАНЫГÆДТОЙ

ЙÆ СÆНÆФСИРЫ УАЗИТЫ БЫН

8-æм августы æхстытæ чысыл куы фæсабыр сты, уæд Хъуылымбегты Эльзæ сфæнд кодта йæ зæронд фыды абæрæг кæнын. Йæ саби цы бирæуæладзыгон хæдзары арвыста, уый пырхытæй куы федта, уæд йæ зæрдæ ныккæрзыдта. Цыппæрæм уæладзыгмæ слыгъд æмæ сæ фатеры дуар бакæнгæйæ, хатæны рудзынджы æвгты згъæлæнтæ куы ауыдта, уæд йæ хуыцауы цæф базыдта. Йæ фыд иунæгæй цард, райсомæй йын хæринаг æрбахаста æмæ йæ бафæдзæхста куы бахæра, уæд цæмæй сыхæгтимæ ныккæндмæ ныххиза. Фæдзæхста йæ, цæмæй балконмæ дæр ма ахиза. Нæ йæм байхъуыста! Балконмæ æвджытæ мæрзынмæ рахызт æмæ йæ адзал уым ссардта, нæмыджы схъис сæмбæлд йæ сæрыл.

Балконы йæ фыды мард буар ссаргæйæ Эльзæ фæкуыдта, уый фæстæ архайын райдыдта мард лæджы буар хатæнмæ æрбаласыныл. Уынджы цъиузмæлæг нæ уыд, æххуысæнхъæл кæмæ фæдзырдтаид. Æхстытæ сæтынг сты, Эльзæ фæтарст æмæ ныккæндмæ ныххызт. Йæ хæстæджытæй бинонты трагеди никæмæн фехъусын кодта, сæ телефонтæ кæй нæ куыстой, уый тыххæй.

Æхсæвы йæ фыды бæрæг кæнынмæ æрбауад йæ кæстæр æфсымæр дæр. Горæты рухс нал уыд æмæ дуар куыддæрты бакодта. Фыды уынæр куынæуал хъуыст, уæд хабар бамбæрста. «Мæ фыд хаудæй хуыссыд балконы. Схæцыдтæн ыл æмæ йæ бахастон хатæнмæ, диваныл æй æрæвæрдтон. Йæ буар ныууазал, урс простынæйы йæ стыхтон. Фæстæмæ постмæ атындзыдтон, зæгъын дыккаг райсом ме ‘мбæлттæй искæйты ракæнон æмæ йын йæ мард буар сыджыты хай бакæнæм.

Дыккаг бон куыддæр æрбабон, афтæ мæ хъустыл ауад кæйдæр ныхас, Нæузæххонты уынджы, дам, фатертæ судзынц. Мæ фыды мард буарæн фæтарстæн æмæ мæхи раппæрстон нæхимæ. Снаряды нæмыг бахауд нæ фатермæ æмæ ссыгъд… Мæ фыды мард буарæй ницыуал баззад… Йæ мæгуыр стджытæ йын целофаны стыхтам æмæ сæ бавæрдтам нæ хæдзары фæстæ мæ фыдæн цы чысыл зæххы фадыг уыд, уым. Уым уымæн сагъд уыд сæнæфсиры уазитæ, сæрды æнтæф бонты-иу уым тæвд хурæй сæхи баууон кодтой йе ‘мцахъхъæн зæронд лæгти-мæ».

Иууыл фæстагмæ фыды амæ-лæты тыххæй базыдта хистæр фырт Эдуард, уый дæр лæууыд посты фидауынгæнæг тыхты батальонимæ. Йæ фыды ингæн фенын ын бантыст æрмæстдæр 13-æм августы, чысыл уавæр куы фæстабилон ис, уæд.

«Мæ фыд уыд тынг куыстуарзаг. Бирæ азты фæкуыста шофырæй. Пенсийы куы ацыд, уæддæр алкæмæндæр æххуыс кодта. Нæ мады цур баныгæнын æй нæ бон ссис 20-æм августы. Уыцы аз мæ фыдыл хъуамæ сæххæст уыдаид 72 азы. Нæ сыгъд фатер нын фæстæдæр сцалцæг кодта хицауад», – зæгъы Эдуард.

Уазæгты Марфа

 

 

 

«НЫУУАДЗ МÆ, ДÆХИ БАФСНАЙ»

74 аздзыд Джиоты Асиат къорд азты куыста медицинон хойæ тагъд æххуыс станцы. Цæмæй зыдта мæгуыр, кæддæр йæхи æххуысы сæр куы хъæуа, уæд æм «Тагъд æххуыс» цæугæ дæр кæй не ‘рбакæндзæнис.

Асиатæн Аллæйæ дарддæр сывæл-лон нæ уыд. Уый дæр йæ мады професси равзæрста. Асиаты цардæмбал цалдæр азы размæ фæхъуыд. Августы райдианы Аллæ йæ сывæллæттимæ иумæ уыд Знауыры районы, Убиаты хъæуы. «3-æм августы Убиаты æхсын райдыдтой ставдкалиброн нæмгуы-тæй гуырдзиаг хъæу Нулы ‘рдыгæй. Æхст æввахсæй æввахсдæр хъуысын куы райдыдта, уæд мæ сывæллæттæн старстæн. Сывæллæтты фыд æмæ йе ‘фсымæр сфæнд кодтой мах æдасдæр ранмæ акæнын. Æрдæгæхсæв ме ‘нахъом æртæ сывæллонимæ хъæд-хъæд нæ ных сарæзтам Цъунары хъæумæ».

Уыцы бонты Тъбеты хъæуыл горæты сывæллæтты эвакуаци кодтой Цæгат Ирыстонмæ. Аллæ дæр йе ‘нахъом сабитимæ баиу колоннæимæ. Хуссар Ирыстонæй лигъдон бинонтæй цалдæр æрбынæттон сты Цæгат Ирыстоны Къостайыхъæуы хъæууон администрацийы бæстыхайы.

8-æм августы гуырдзиаг фашисттæ горæтмæ куы æрбаирвæзтысты, уæд Аллæ тынг старст йæ мадæн. «Цæгат Ирыстонæй Хуссармæ цыд «Тагъд æххуыс»-ы машинæтæ. Æз сын ныллæгъстæ кодтон, цæмæй мæ семæ акæной. Мæ сывæллæтты æнæзонгæ адæмимæ ныууагътон æмæ райсом 6 схатыл ратындзыдтон мæ мадмæ. Зары фæндагыл цæугæйæ, æхстыты бын фестæм. Дыууæ машинæ, кæцытæ цыдысты нæ разæй, арты амæттаг фесты. Тынг тарстысты «Тагъд æххуыс»-ы машинæтæ дæр, фæлæ сæ шофыртæ фæстæмæ здæхын дæр сæ сæрмæ нæ хастой. Къусреты фæндагыл æрхызтыстæм горæтмæ».

Аллæ ма куыд зæгъы, афтæмæй горæтмæ æрбафтгæйæ, йæ цардæмбал Константины фæрцы куыддæрты бахæццæ йæ мадмæ, Плиты Харитоны уынгмæ. Интенсивон æхстытæй мад æмæ чызг сæхи аууон кодтой хæдзары ныккæнды. Иунæгæй тарстысты æмæ сфæнд кодтой сыхæгтæй искæйты бацагурын. Куыддæр сæ хæдзары къæсæрæй рахызтысты, афтæ уадид райхъуыст егъау срæмыгъд. Аллæ фæкаст йæ мады ‘рдæм æмæ федта йæ мады тугæйдзагæй. «Сыхæгты хæдзæрттыл сæмбæлд ставдкалиброн нæмгуытæ æмæ уырдыгæй цы схъистæ рахауд, уыдонæй цалдæр ныссагъд мæ мады буары. Æз æм балыгътæн æмæ йыл хæрдмæ сæнцай-сæнцай кæнын. Уый та мын лæгъстæ кодта «Ныууадз мæ, дæхи бааууон кæн, дæ сывæллæттыл ахъуыды кæн». Мæ хъæрмæ сыхæгтæй чидæртæ разынд, баххуыс мын кодтой мæ мады сæ ныккæндмæ бахæссынæн. Йæ уавæр алы уысм æвзæрæй-æвзæрдæр кодта, куырдта, цæмæй йæ фæстæмæ нæхи хæдзармæ бахæссæм, мæхи хæдзары мæ уд сисон, зæгъгæ. Сыхæгты æххуысæй йæ фæстæмæ хæдзармæ бахастам».

Уыцы æхстыты азарæй ныппырх Остъаты бинонтæн сæ хæдзар дæр. Хæдзары сæр фегом, рудзгуыты æвгтæ нызгъæлæнтæ сты. Пырх хæдзары бадт Аллæ йæ удисæг мадимæ. Дыккаг бон, 10-æм августы, æнамонд усмæ æрбакодтой «Врачи без границ»дохтырты, фæлæ дохтыртæ загътой, Асиатæн сæ бон бах-хуыс кæнын кæй нал у…

Аллæ йæ мады мард буар нылласта ныккæндмæ. Дыууæ бон иунæгæй фæбадт йæ уæлхъус. Сыхæгтæ иу-уылдæр фæлыгъдысты æдасдæр бынæттæм 12-æм августы Остъаты бинонтæн сæ бон ссис сæ мард бавæрын…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.