Хуссар Ирыстоны делегаци ацæудзæн Дамаскы æхсæнадæмон равдыстмæ, кæцы уагъд цæудзæн Сирийы столицæйы 6 сентябрæй 15 сентябрмæ, фехъусын кодта информагентад «Рес»-æн РХИ-йы экономикон рæзты министр Кокойты Геннади.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонæн уым рахицæн кæндзысты павильон, цыран хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ равдисдзысты сæ бæстæйы экспозицитæ.

«Абоны бон нæ республикæйы цалдæр куыстуаты бахастой равдысты хайад райсыны тыххæй фæндæттæ, афтæ ма индивидуалон амалиуæггæнæг дæр», – загъта Кокойы фырт.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æхсæнадæмон равдысты хайад райсыны фæлгæтты план кæй цæуы Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы базарадон-сæудæджерадон палатæты ‘хсæн æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Дамаскы æхсæнадæмон равдыст традицион æгъдауæй у Сирийы равдыстыты царды сæйраг цау. Уый фæзуатты уагъд цæуынц зынгæ сириаг сæудæджерадон, базарадон, сервисон компаниты æмæ организациты хъуыддагон фембæлдтытæ фæсарæйнаг партнертимæ. Фæсарæйнаг компанитæн армукъа у сириаг базарады йæ уæвынад æмæ хъуыддагон тыгъдад фæуæрæхдæр кæныны фадат.

Равдысты организатортæ сты Сирийы экономикæйы министрад æмæ  САР-йы Æхсæнадæмон армукъатæ æмæ равдыстытæ уадзыны тыххæй æхсæнадон уагдон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.