Цхинвалы Кады Аллейы уагъд æрцыд салдаттæ-æмгъуыдонты æмæ курсантты ард бахæрыны цытджын церемони, кæцытæ бацыдысты ахуыр кæнынмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм.

Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли, Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны министр Тадтаты Алан, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Æфсæддонтæн, сæ ардбахæрды текст бакæсыны фæстæ, раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

«Æнусон арты цур, ныййарджыты хайадистæй æмæ Советон Цæдисы Хъайтарты цырты раз ард бахæрын ссис традици, цыран уæ алчи дæр банкъары Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынæн уæ цард снывонд кæныны фæндоны ахсджиагдзинад. Ныфс мæ ис, сымахæй алчи дæр кадимæ кæй хæсдзæн ироны ном», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг лæппутæм æмæ чызджытæм æрсидт, цæмæй республикæйы арæнтæй ахизгæйæ, аккагæй æвдисой Хуссар Ирыстоны, алчидæр сæ æнкъара йæ райгуырæн зæххы раз бæрндзинад.

Æфсæддонты раз ма раныхас кодта Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав, кæцы ныфс бавæрдта, æвзонг æфсæддонтæ æмæ курсанттæ сæ разы лæууæг хæстыл кæй фæтых уыдзысты.

Цытджын митингы фæуды РХИ-йы Гарзджын тыхты дæлхæйтты æфсæддонтæ æмæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсанттæ Кады Аллейы рацыдысты цытджын маршæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.