17 апрелы Хуссар Ирыстоны æхсæнад йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой нæ адæмы æцæг патриот, куырыхон зондамонæг, инæлар-майор, орден «Уацамонгæ»-йы кавалер Тедеты Улифаны. Ирыстоны хъайтарæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрæмбырд бирæ адæм, зæлыдысты фыдохы музыкæйы зæлтæ. Тедеты Улифанæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, РХИ-йы Гарзджын тыхты минæвæрттæ, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, йæ хæлæрттæ, хæстæджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Фыдохы митинджы раныхасгæнджытæ нысан кодтой, Тедеты Улифан кæй уыд легендарон æфсæддон къухдариуæггæнæг. Ивгъуыд æнусы 90-æм азы Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг æнæформалтæ куы бырстой, уыцы уæззау рæстæджы Тедеты Улифаны къухдариуæгадæй арæзт æрцыдысты республикæйы Гарзджын тыхтæ. 1993 азы йæ снысан кодтой РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы сæргълæууæгæй æмæ бирæ азты дæргъы куыста республикæйы æфсæддон ведомствойы.  Уый йæ хæстон фæлтæрддзинад амыдта, Райгуырæн бæстæ фыдызнагæй чи хъахъхъæдта, уыдонæн. Йæхæдæг дæр активон хайад иста хæстон архайдтыты.

Митингуадзæг – РХИ-йы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз куыд банысан кодта, афтæмæй Тедеты Улифан тынг уарзта йæ Райгуырæн бæстæ, алыварсонæй дæр бæлвырд кодта Фыдыбæстæмæ йæ иузæрдиондзинад.

«Царды цыфæнды ма арæзтаид, йæ архайд кæддæриддæр здæхт уыд йæ райгуырæн Ирыстоны хæрзæбоны ‘рдæм», – загъта РХИ-йы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг.

Сыхæгты номæй раныхас кодта Зассеты Иван. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Тедейы фырт уыд хæдæфсарм æмæ намысджын сыхаг, инæлар уæвгæйæ, уый йæхи никуы уæлдæр кодта йæ сыхæгтæй.

Фыдохы митинджы раныхас кодта раздæры Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты цæгатирыстойнаг батальоны сæргълæууæг Фриты Хъазбег æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны республикæйы сырæзтæй фæстæмæ Улифан лæггад кодта йæ адæмæн.

«Улифан уыд стыр адæймаг, фидар удыхъæды хицау. Уый æнгом кодта ирæтты знаджы ныхмæ тохы хъуыддаджы. Æнæуæлдай ныхасæй мæ зæгъын фæнды: уый уыд адæймаг №1», – загъта Фриты Хъазбег.

Митинджы бакастысты мæсæллæйы телтæ, кæцыты æрæрвыстой фæсарæйнаг бæстæты гарзджын тыхты минæвæрттæ,  бæрнон бынæтты кусæг адæймæгтæ, дипломаттæ.

Уый фæстæ РХИ-йы Гарзджын тыхты цытджын хъарагъул рахастой Тедеты Улифаны мард буар æмæ йæ баныгæдтой Згъудеры уæлмæрды хæстон цытимæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.