81-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Тедеты Улифан Елиозы фырт –  йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот,  инæлар-майор, орден «Уацамонгæ»-йы кавалер.

Улифан уыд легендарон æфсæддон хистæр, стыр бавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Хæстон архайдтыты ветеран, курдиатджын къухдариуæггæнæг Тедеты Улифан уыд уæззау уавæрты РХИ-йы Гарзджын тыхты аразджытæй сæ иу. Уый 1993 азы нысан æрцыд РХИ-йы Гарзджын тыхты Сæйраг штабы хистæрæй æмæ уæззау уавæрты 2005 азмæ намысджынæй æххæст кодта йе службæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн.

Йæ рæстæджы  йæ къухдариуæгадæй арæзт æрцыдысты РХИ-йы Гарзджын тыхты управленийы органтæ æмæ регулярон æфсæддон дæлхæйттæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы бакуыстæуыд æмæ ист æрцыд «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» закъон, æндæр нормативон-барадон акттæ, кæцытæ ифтонг кæнынц паддзахады хъахъхъæнынады фæдыл национ æфсады архайд.

Тедеты Улифаны фæрцы бакуыст æрцыд æмæ РХИ-йы Æдасдзинады советмæ бавдыстæуыд Гарзджын тыхтæй спайда кæныны план, кæцымæ  гæсгæ алы салдат дæр зыдта йæ бынат хæстон уаджы.

Уый хъахъхъæнынады ведомствойы куыст систематизаци кодта – регулярон æгъдауæй уагъд цыдысты хæстон цæттæдзинады мадзæлттæ, организаци æрцыдысты командирты, кæстæр афицерты курсытæ, уагъд цыдысты мадзæлттæ мобилизацигонд резервимæ, æххæст цыдысты æцæг æфсæддон службæмæ æрсидтытæ.

Йæ къухдариуæгады бын арæзт æрцыдысты æфсæддон билеттæ хуссарирыстойнаг хуызæгимæ, уагъд цыдысты æфсæддон парадтæ фистæг парадон расчетты, цалхджын æмæ æндæр æфсæддон техникæйы хайадистæй, арæзт цыд æмæ хуыздæр кодта æфсæддон инфраструктурæ.

Хъахъхъæнынады министрад фæцух куырыхон уынаффæгæнæгæй, æвзонг хæстонты фæлтæртæ кæй фæзмыдтой, ахæм адæймагæй, кæцыйæн йе стыр фæлтæрддзинадæй мах дарддæр дæр пайда кæнæм нæ æрвылбонон службæйы.

Хъахъхъæнынады министрады мах кæддæриддæр цытимæ мысдзыстæм æцæг хæстон, патриот æмæ хъомылгæнæджы.

РХИ-йы

Хъахъхъæнынады

 министрад

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.