Куыд фæдзурынц, алы професси дæр хорз у æмæ дзы дæ зæрдæйы фæндиаг равзар, зæгъгæ, уый раст у. Бирæ адæймаг хæрзчысылæй равзары йæ зæрæдæмæ æввахсдæр дæсныйад æмæ йыл цæрæнбонты йæ зæрдæ никуы сивы, афтæмæй рæдауæй фæлæггад кæны йæ радтæг адæмæн. Ахæмтæ сæ цард æгасæйдæр снывонд кæнынц сæ уарзон архайдæн æмæ дзы æхцондзинад фæисынц.

Уыцы адæймæгтæм хауы нæ горæты цæрæг Букуылты Улифан дæр. Ацы куыстуарзаг нæлгоймаг бирæ азты дæргъы фæкуыста шофырæй æндæр æмæ æндæр куыстуæтты æмæ алыран дæр йæ фæстæ ныууагъта хорз ном, йæ куыст цæсгомджынæй кæй æххæст кодта, уымæ гæсгæ. Букуылты фырт ныр цыппар азы бæрц та кусы Цхинвалы автомобилон транспортон управленийы маршрутон таксийы шофырæй. Ацы бынаты кусгæйæ дæр та дзы райгонд сты бæлццæттæ, йæ уæздан ахасты тыххæй. Улифан хорз зоны йæ дæсныйад, адæмы раз æнкъары бæрндзинад æмæ иузæрдион у йæ куыстыл. Уый у раппæлыны æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъыны аккаг адæймаг.

Ацы куыстуатмæ кусынмæ куы æрбацыд, уæд æм радтой зæронд, хæлæтдзаг машинæ, фæлæ йæ йæхи тыхтæй сцалцæг кодта æмæ йыл райдыдта кусын. Зæронд машинæйы та цасфæды ма цалцæг кæнай, уæддæр арæх фехæлы. Ахæм уавæрты дæр Улифан тырны, цæмæй бæлццæтты зæрдæхудты ма бацæуа, – сцалцæг та кæны йæ машинæ æмæ та рейсмæ рахизы. Бæлццæттæй йæ йæ номæй дæр ничи хоны, фæлæ йæ фырбуцæн «дзæбæх шофыр» хонынц.

Уæдæ ма ахæм хорз æмæ куыстуарзаг кусæгæн Цхинвалы автомобилон транспортон управлени ног машинæ куы радтиккой, уæд ма йæ кусынæй цы бафсадит, йæ рейстæ дæр фæфылдæр кæнит  æмæ афтæмæй бæлццæттæн дæр фенцондæр уаид, маршрутон таксимæ сæ бирæ лæууын кæй нæ хъæуит, уымæ гæсгæ. Хорз уаид, бæлццæтты фæндон æххæст куы æрцæуид.

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.