3-æм апрелы Цæгат Ирыстоны фысджыты иу къорд, Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады фæхуындмæ гæсгæ æрцыдысты Цхинвалмæ. Семæ уыдысты Цæгат Ирыстоны фысджыты хайады аудæн комитеты уæнгтæ дæр.

Уазджытæ фыццаг дидинтæ сæвæрдтой Къостайы цыртыл. Уый фæстæ Цхинвалы Анахарсисы номыл национ библиотекæйы Хуссар Ирыстоны фысджытæ æмæ культурæйы министрады кусджытимæ ауагътой тымбыл фынг. Мадзал уагъта Цæгат Ирыстоны делегацийы уæнг Бигъуылаты Людмилæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон не ‘рцыд æмæ нæ фембæлды нысан  у, цæмæй бæстон æрдзурæм Костайы азы нæ разы цы хæстæ ис, уыдоныл. Уыдон та,  зæгъгæ, ацы аз куыд фæнд кæнæм, уымæ гæсгæ афтæ дардыл æмæ уæрæх арæзт никуы æрцыдысты. Юбилей банысан кæныны сæраппонд ныридæгæн Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдис къамис, разамынд ын кæндзæн республикæйы къухдариуæггæнæг Битарты Вячеслав. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Къостайы юбилей ацы аз нысан цæудзæнис Мæскуы, Санкт-Петербург, Цæгат Кавказы республикæты æмæ Уæрæсейы æндæр регионты, Ирыстоны культурон æмæ ахуырадон уагдæтты. Мæскуыйы паддзахадон, раздæры А.Пушкины номыл музейы байгом уыдзæнис Къостайы чингуыты равдыст. Уæрæсе æмæ Ирыстоны фысджыты хайадистæй ауагъд цæудзысты тымбыл фынгтæ. Æвдыст æрцæудзæнис Къостайыл ирон  ист кинонывтæ. Уымæй дарддæр ма  уагъд æрцæудзæнис концерттæ æмæ Ирыстоны нывгæнджыты куыстыты  равдыстытæ.

Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Æгънаты Гæстæн та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Коста йæ адæмæн, йæ Ирыстонæн сарæзта æгæрон бирæ. Ирон литературæйæн æрæвæрдта бындур, базонын нæ кодта æнæхъæн дунейæн. Йæ уацмыстæ абон дæр сты актуалон. Йæ ахæм аудгæ удыхъæды тыххæй нæм бирæ адæмтæ тæхуды дæр кæнынц. Æмбæлы æмæ уыцы лæггæдтæ зонæм, кæнæм ын стыр аргъ æмæ кад. Уый тыххæй мæ абон рæгъмæ рахæссын фæнды цалдæр фæндоны. Цæмæй Къостайы базонæм хуыздæр, хуыздæр рафæлгъауæм йæ фыстытæ уый тыххæй хорз уаид æмæ афæдз иу бон Ирыстоны скъолаты куы ахуыр кæниккой æрмæстддæр Костайы уацмыстæ, йæ цард-вæндаг. Хорз ма уаид уый дæр æмæ рæстæгæй рæстæгмæ не скъоладзаутæ куы æмбæликкой Нары æмæ иумæ уым куы кæсиккой Костайы æмдзæвгæтæ. Уымæй дарддæр ма Гæстæн банысан кодта, зæгъгæ, ма хорз  уаид уый дæр æмæ нырæй фæстæмæ нæ газетты, радио æмæ телеуынынады арæхдæр куы дзуриккой æмæ фыссиккой Къоста æмæ йæ уацмысты тыххæй.

Ирыстоны фысджыты иннæ æмсæрдар Хъазиты Мелитон та банысан кодта, зæгъгæ, иугай бонтæ нæ, фæлæ мах, ирон адæм, хæсджын стæм, цæмæй Къостайы мысæм алы бон дæр. Уымæн æмæ Къоста йæ адæмæн бакодта стыр лæггæдтæ, сарæзта бирæ æмæ уыдон мах ма хъуамæ рох кæнæм. Къостайы ныры юбилеймæ, зæгъгæ, бацæттæ кодтон йæ афоризмтæ æмæ монографи, сты рауадзинаг. Къостайы тыххæй нырма алцы нæ зонæм. Уымæ гæсгæ бакусын æмæ æрæмбырд хъæуы, Къостайы тыххæй загъд æмæ фыст цы æрмæджытæ æрцыд, уыдон æмæ сæ рауадзын хъæуы хицæн чингуытæй.

Уымæй дарддæр ма Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид, æмæ Къостайы тыххæй цы стыр мадзæлттæ фæуадзæм, уыдонмæ куы хониккам æндæр регионты адæмты минæвæртты дæр.

– Къостайы 160 азы юбилей банысан кæныны фæдыл къамисы æз дæр дæн, æмæ мæ бон зæгъын у, ныридæгæн нæ разы æвæрд хæстæй цалдæр кæй сæххæст кодтам, – зæгъы Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уымæй дарддæр ма загъта, зæгъгæ, цæмæннæ ис гæнæн, æмæ нæ парламенты депутаттæ, куыд Цæгаты, афтæ Хуссары дæр сесситæ рæстæгæй-рæстæгмæ уадзой иумæ. Ахæм къахдзæфтæ, зæгъгæ, æрмæст нæ ахастытæн нæ фæахъаз уаиккой, фæлæ ма æндæр хъуыддæгтæн дæр. Уыцы нымæцы – æвзаг æмæ литературæйы рæзт æмæ размæцыдæн дæр.

Фыссæг Дзасохты Музафер раппæлинаг хъуыддагыл банымадта, иумæ кæй фембæлдысты æмæ Къостайы 160 азы юбилей банысан кæныны тыххæй фарстатæ иумæ кæй скъуыддзаг кæнынц уый.

Къоста æрмæст ирон адæмы фыссæг нæу, фæлæ Уæрæсейы адæмы фыссæг дæр. Уымæн æмæ Къоста иронау куыд рæхст æмдзæвгæтæ фыссынмæ, афтæ рæхст уырыссагау фыссынмæ дæр. Йæ юбилей Мæскуыйы дæр нысан кæй æрцæудзæнис, уымæй та йæ кад кæны ноджы бæрзонддæр. Къостайы тыххæй, йæ уацмыстыл арæзт ис кинонывтæ, фæлæ абонмæ йæ «Дзæбидырдзуан»-ыл киноныв ист кæй не ‘рцыд, уый мæм кæсы диссаг дæр æмæ мæгуыраудзинад дæр, – загъта уый. Музафер ма банысан кодта, зæгъгæ, Къостайы фæдзæхстытæ иууылдæр æмæ бæстон кæй не ‘ххæст кæнæм,  уый тыххæй абон мах, йæ фæдонтæ, æмбæлæм иукъорд зындзинæдтыл. Къостайы тыххæй, зæгъгæ, загъд æмæ фыст цы хъуыдытæ æрцыд, уыдон æртымбыл кæнын æмæ сæ хицæн чиныгæй рауадзын хорз хъуыддаг у.

Музафер ма банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстонæн ахæм гениалон фырт чи радта, Ирыстонæн æгæрон бирæ чи сарæзта, фæлæ йын йæхæдæг йæ лæггæдтæй чи ницы федта, уыцы мады ном. Банысан кодта, Къостайы кæй хъæуы скадджын кæнын. Растыл нæ банымадта, Къостайы гуырæнбон æрвылаз дæр Нары кæй нал нысан кæнæм, уый дæр.

ХИПУ-йы ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр йæ раныхасы банысан кодта, Къостайы кæй хъæуы  хуыздæр ахуыр кæнын, хуыздæр зонын, фæлæ абоны æрыгон фæлтæр мæгуырау зонынц Къостайы тыххæй. Кæй фæнды сæ ма афæрсай, чи уыд Къоста, уæд сæ дзуапп вæййы æрмæстдæр – фыссæг. Нæ уазджытæн уайдзæф нæ кæнын, фæлæ нæ университеты студенттæ æмæ лектортæ арæх ацæуынц Цæгат Ирыстонмæ. Уым сын фембæлдтытæ вæййы уæ студенттимæ, фæлæ уырдыгæй иунæг хатт дæр нæма æрцыдысты æмæ фембæлдысты нæ студенттимæ.

Уымæй дарддæр ма Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, нæ университеты ректорат нæ кафед-рæйæн аразы æппæт фадæттæ дæр, цæмæй æмбæлон æмвæзадыл банысан кæнæм Къостайы 160 азы юбилей.

Йæ раныхасы историон зонæдты доктор, профессор Цыбырты Людвиг та банысан кодта, зæгъгæ,  политикон æгъдауæй дыууæ Ирыстон абон нырма кæд хицæн сты, уæддæр мæ уырны, тагъд иу Ирыстон кæй суыдзыстæм, уый.

–  Абон дыууæ Ирыстоны минæвæрттæ иумæ кæй сæмбæлдыстæм, уый дæр у баиу кæнынмæ чысыл къахдзæф. Цы хауы Къостайы 160 азы юбилей банысан кæнынмæ, уый тыххæй та зæгъдзынæн, цы фæндтæ æмæ хъуыдытæ загътат, уыдон иууылдæр кæй сты зæрдæмæдзæугæ. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр уаид, æмæ дыууæ Ирыстон ацы бæрæгбон банысан кæныны тыххæй куы саразиккой иумæйаг программæ.

Къостайы 160 азы юбилей банысан кæныны тыххæй тымбыл фынджы  рæстæджы аразинаг хъуыддæгтыл бæстон æмæ лæмбынæг æрдзырдта Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зассеты Жаннæ.

Тымбыл фынджы ма Къостайы 160 азы банысан кæныны тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Ирыстоны Фысджыты цæдисы цæгаты хайады аудæн комитеты уæнгтæ Козаты Димитр, Цæрыкъаты Æхсар,  Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ æмæ æндæртæ.     

Гæззаты Иван   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.