Уæзбын æмæ хиуылхæцгæ, дзурынæй бæрц чи зоны, хи стауын сæрмæ чи нæ хæссы, ахæм удысконды хицау у, 2008 азы августы хæсты  рæстæджы Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны тыххæй уæрæсейаг 58-æм æфсады сконды цы салдат æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, уый. Пулеметæй æхсæг Тасболат Ибрашев иунæгæй слæууыд гуырдзиаг хæстонты колоннæйы раз. Уæд ыл æрмæстдæр цыд 24 азы. Уыцы къамтæ æмæ видеотæ цалдæр боны фæстæ апарахат сты дунейыл. Фæлæ йæ сæйраг хъайтары æнхъæлдтой æндæр – Бато Дашидоржиев, кæцы уæд, ома, цалдæр боны фæстæ фæмард Хуссар Ирыстоны.

Уыцы видеоæрмæг Тасболат куы федта, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, базыдта йæхи. Бирæ азты дæргъы кæд Батойы агуырдтой, уæддæр дзæлгъæды, нæ йæ ссардтой.

Рæстдзинад сбæрæг бынтон æрæджы. УФ-йы паддзахадон æмæ политикон архайæг, Бурятийæ Паддзахадон Думæйы депутат Алдар Дамдинов Хуссар Ирыстонимæ телемосты рæстæджы фехъусын кодта, цалдæр азы кæй агуырдта Батойы æмæ кæй ссардта Тасболаты. Уый райгуырд Казахстаны, схъомыл Астраханы æмæ ныртæккæ цæры æмæ кусы Мæскуымæ æввахс.

«Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы мультимедион центры æрæджы уæрæсейаг салдаты хъæбатырдзинады цытæн уагъд æрцыд телехид Мæскуы-Цхинвал. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь æмæ министрады дæлбаруæвæг кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Алдар Дамдинов телемосты рæстæджы лæмбынæг радзырдта, йæхæдæг куыд агуырдта Тасболаты. Цыппар азы размæ, зæгъгæ, федтон ацы лæппуйы хайадистæй уыцы видео-æрмæг.

«Уæд мын загътой, Бурятийæ кæй уыд æмæ кæй фæмард. Мах уæд тынг хъынцъым кодтам, фæлæ уыцы-иу рæстæджы сæрыстыр дæр уыдыстæм, не ‘мзæххон хъæбатырдзинад кæй равдыста Хуссар Ирыстоны зæххыл. Сорганизаци кодтам змæлд йæ агурыны фæдыл, фæлæ истам æрмæстдæр иу дзуапп:  ахæм бурятиаг æмбæстаг нæй. Уый фæстæ мæм социалон хызæг Фейсбукы ныффыста иу адæймаг, кæцы зонгæ уыд Тасболатимæ», – дзырдта Алдар.

Тасболат Ибрашев æппындæр йæхи не стыдта, кæд дуне федта, уыцы видеоæрмæджы хъайтар уый у, уæддæр. Паддзахадон Думæйы депутат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыцы хъуыддаг фе-хъусын кодтой Тасболаты хо æмæ йæ цардæмбалæн.

2008 азы Хуссар Ирыстоны кæй уыд Тасболат, уый йæ ныййарæг мад базыдта телеуынынадæй – 1 каналæй æвдыстой репортаж æмæ дзы уынын кодтой йæ фырты цæсгом.

Бурятийæ депутат бузныг загъта Хуссар Ирыстоны адæмæн, афтæ хъарм уавæрты кæй сæмбæлдысты се ‘мзæххоныл.

Нæ дуджы хъайтар

«Уыцы рæстæджы стыр тугкалд чи не ‘руагъта, уыцы командæгæнджытæн стыр бузныджы ныхæстæ загътой телехиды рæстæджы. Тасболат та уыд хуымæтæг лæппу, салдат, нæ дуджы хъайтар. Уый нæ фæтасыд, æххæст кодта йæ командæгæнджыты бардзырдтæ. Нырæй фæстæмæ та уыдзынæ Хуссар Ирыстоны стыр хæлар æмæ уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у», – дзырдта Алдар.

Уæды рæстæджы Уæрæсейы архайдтытыл дзургæйæ телемосты хайадисæг банысан кодта, Уæрæсе кæй хъахъхъæдта йæ адæмы, йæ сыхæгты, йæ салдæтты. Уæрæсейаг æфсадæн 2008 азы æндæр фæрæз нæ уыд, хъуамæ æрурæдтаид агресси æмæ бахъахъхъæдтаид фидауынгæнæг тыхты æмæ йе ‘мбæстæгты.

«Дунейы бирæ æгъатыр æмæ диссаджы цаутæ æрцæуы, кæцытæн, хъыгагæн, æмбæлон аргъ не скæнынц. Афтæ уæрæсейаг æфсады дæр аххосджын кæнынц алы тæригъæд хъуыддæгты. Фæлæ ацы цау æмæ фæсарæйнаг журналисттæ дунейыл кæй апарахат кодтой уыцы видеоæрмæг, дзурæг сты уæрæсейаг æфсады сабырад уарзондзинадыл.

2008 азы Гуырдзыстон бабырста Хуссар Ирыстонмæ, уыцы уавæрты не ‘фсад хæсджын уыд, цæмæй адæмы бахъахъхъæна. Тасболат та ссис ахæм æмбæстаджы, адæймаджы, салдаты символ, кæцы хъахъхъæдта йæ Фыдыбæстæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы. Уый дзурæг у уæрæсейаг салдаты хъайтардзинадыл», – банысан кодта ныхасгæнæг. Ныфс бавæрдта, Тасболаты хæлардзинад Хуссар Ирыстонимæ кæй ахæсдзæн бирæ азты, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон у ахæм бæстæ, кæцы хицæн кæны йæ сабыруарзондзинадæй æмæ алкæмæдæр йæ хæларадон ахастæй.

«Мæ архайд æз хъайтардзинадыл нæ нымайын»

Тасболат Ибрашевы зæрдыл æрлæууыдысты уæды уæззау бонты мысинæгтæ. Нæлгоймаг фæразон у, фыдæвзарæнтæн дæр, уæззаудзинæдтæн дæр. Иуæндæс азы рацыд, фæлæ уæддæр Тасболат уыйас æрхæндæгæй мысыд уыцы уæззау бонтæ æмæ уынгæг кодта йæ зæрдæ, хатт-иу цæстысыгтæ фемæхстысты.

«Мæ архайд æз хъайтардзинадыл нæ нымайын, æз æххæст кодтон бардзырд, уый уыд мæ хæс, алы нæлгоймаджы хæс», – банысан кодта Тасболат. Уый 2008 азы августы хæсты фæстæ фыццаг хатт ис Хуссар Ирыстоны. Горæт, дам, бынтон фæивта хорзæрдæм йæ хуыз…

«Арæзт бирæ æрцыд. 2008 азы кæм уыдыстæм, фида-уынгæнæг тыхтæ кæм лæууыдысты, уыцы бынæттæ базыдтон, ноджы бирæ бынæттæ. Стыр бузныг, кæй мæ фæхуыдтат», – дзырдта Тасболат.

Бирæ бузныджы ныхæстæ загъд æрцæудзæн ацы æвзонг лæппуйы номыл нырма. Уымæн æмæ уæд уыцы рæстæджы нæ алы æмбæстаг дæр хъуыды кодта, кæй нал ссæрибар уыдзыстæм знаджы уæззау дзæмбытæй. Фæлæ нæм уæд фæзынд Уæрæсейы æфсад – ирвæзынгæнæг æфсад, Тасболаты хуызæн хъæбатыр лæппуты скондæй, кæцы фæсырдта хæствæллад Ирыстоны зæххæй знаджы суанг йæ лæгæтмæ.

«Уыцы рæстæджы махæй алчидæр æххæст кодта йæ разылæууæг æвæджиаг хæс. Хæсты æбуалгъдзинæдтæ макуыуал бавзарæд нæ рæзгæ фæлтæр.

Уæд мæныл цыд 24 азы. Мæ мад æй нæ зыдта, æз кæм дæн, нæ йын æй загътон, Хуссар Ирыстонмæ кæй цæуын, хъахъхъæдтон æй, уымæн æмæ мын зынаргъ у…», – уæззау улæфт ныккодта нæ хъайтар.

2008 азы Денис Ветчинов уыд Тасболаты командир. Уыцы хъæбатыры ном нæ алы æмбæстагæн дæр хорз зындгонд у. Йæ цырты размæ йын бацыд æмæ йын йæ рухс ном арыны цытæн сæвæрдта дидинджытæ Тасболат. Уый, зæгъгæ, уыд хъæбатыр, зынгзæрдæ æмæ йæ разы лæууæг хæстæ намысджынæй чи æххæст кодта, ахæм адæймаг. Кæдфæндыдæр уыд нæ фарсмæ. Базонгæ сты Цæцæны.

Тасболат бузныджы ныхæстæ загъта Алдар Дамдиновы номыл дæр. Уымæн æмæ уый руаджы раргом ацы сабыр, хиуылхæцгæ лæппуйы стыр хъæбатырдзинад.

Æцæг нæлгоймаг цахæм хъуамæ уа? – ацы фарстæн Тасболат афтæ сдзуапп кодта: хъуамæ цæрай раст, зонай, цы у мæнгарддзинад æмæ хæлардзинад.

«Мæ бинонтæн æнæнхъæлæджы уыд ацы хабар, куы йæ базыдтой, се ‘ввахс адæймаг ахæм хъайтардзинад равдыста, уæд. Мæ номыл æз хъусын æрмæстдæр бузныджы ныхæстæ. Фæлæ мæ бынаты алчидæр афтæ сархайдтаид», – дзырдта хæдæфсармæй.

Хорзæх – хъайтарæн

Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бузны-джы ныхæстæ загъта Алдар Дамдиновæн хъайтары кæй ссардта, уый тыххæй. Ахæм зынгæ цау, зæгъгæ, нæ адæмæн æнæзындгондæй нæ баззадаид, уымæн æмæ мах стыр кад кæнæм нæ хъайтартæн, нæ бæстæйы хæдбардзинадыл чи тох кодта, уыдонæн.

«Æмæ, æцæгæйдæр, «тохы быдыры иунæг дæр хæстон у». Уый хæсты тæмæны равдыста нæ хæлар Тасболат дæр. Ныр мæ ныфс ис, æмæ хайад кæй исдзæн нæ бæстæйы алы паддзахадон бæрæгбонты дæр», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Ана-толи ацы адæймаджы хъæбатырдзинад куы фехъуыста, уæд бафыста Барамынд Тасболат Ибрашевы майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй. Уымæн æмæ мах хъуыды кæнæм æмæ кæндзыстæм уыцы уæззау цаутæ æмæ бузныг стæм алы салдатæй дæр, кæцытæ слæууыдысты нæ адæмы бахъахъхъæныны тыххæй, уыдон махæн се ‘ппæт дæр сты хъайтартæ.

Телемосты рæстæджы уыцы хæрзиуæгон мисси сæххæст кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ хъайтары схорзæхджын кодта майдан «На страже мира»-йæ.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ма уыцы æфсады сконды уыд Тасболаты хуызæттæ, кæцыты нæмттæ нырма дæр не сты бæрæг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ мах базондзыстæм алы хъайтары ном дæр æмæ сæ хъуыды кæндзыстæм.

КЪÆБУЛТЫ  Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.