Мæ уарзон ирон адæм! Алы ирон хæдзармæ ныфсджынæй бакъахдзæф кæнæд æнæниздзинад, фарн æмæ амонд!

Мæ сæйраг арфæ – алы ирон къæсæй дæр куыд райхъуыста чысыл ноггуырд лæппуйы цъæхахст!!!

Æз чысылæй фæстæмæ схъомыл дæн ирон Дзырдты астæу, кæсаг денджызы уылæнты куыд агуылф кæны, афтæ. Мæ хъусты кæддæриддæр зæлыдысты сæ уæлмонц мыртæ æмæ зарæг, куыд хæдзары, афтæ дуармæ дæр.

Уарзын мæ мадæлон æвзаг, уарзын æй æнæкæрон уарзтæй æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй æнус-æнусты хъуыса йæ хъуытаз хъæлæс.

Уымæн мын сты зынаргъ Ирыстоны цыдæриддæр журнæлттæ æмæ газеттæ мыхуыргонд цæуы, уыдон се ‘ппæт дæр. Рафыссын сæ куыд Хуссары, афтæ Цæгаты дæр.

Ирон дзырдтæ мæ цард сты, фæлæ дзы уæддæр мæ зæрдæмæ æппæты æввахсдæр сты æрдзы тыгъдадимæ баст дзырдтæ: Хур, Арв, Стъалытæ, Мæй, Сæуæхсид, Рухс, Арвырон, Хох, Фурд, Денджыз, Цад, Суадон, Мигътæ æмæ а.д.

Зæгъæм, стъалытæм куы фæкæсын, уæд мын сæ рæсугъддзинад мæ зæрдæйы райгуырын кæны уæлмонц хъуыдытæ, цыдæр уæларвон тых мын мæ тыхыл тых бафтауы. Уыцы уæларвон тых, æвæццæгæн, поэтты зæрдæ бынтон базмæлын кæны æмæ уымæн ис бирæ æмдзæвгæтæ фыст Стъалытыл.

Абон мæ ныхас æрдзон тыгъдады дзырдтæй иуыл уыдзæн – «Хурзæрин»-ыл.

«Хурзæрин»-æн æрмæст йæ ном дæр баст у нæ истори, культурæ, этнографи æмæ аивадон литературæимæ, уымæн æмæ йын ис Иугæнæг тых, иу Зæрдæ æмæ иу Ирыстон! Уый нæ дихтæ кæны ирон адæмы диалекттæ æмæ ныхасздæхтытыл, хъæутæм æмæ кæмттæм гæсгæ. «Хурзæрин» æдзухдæр æмдзу кæны йæ адæмимæ, йæ цин æмæ йæ хъыгимæ, уымæ гæсгæ куы йæ бæрæгбоны дарæс скæны, куы та – саутæ.

Ирыстоныл стыр бæллæхтæ æрцыд: Беслæны трагеди, дыууæ карз хæсты куыд Цæгаты, афтæ Хуссары дæр. «Хурзæрин» уыцы æгъатыр нывтæн уыд æвдисæн æмæ адæм æнгомдæрæй-иу æрбалæууыдысты кæрæдзимæ цыфыддæр знæгты ныхмæ. «Хурзæрин» у нæ адæмы удварны Цæджындзтæй иу, йæ Артдзæст, йæ Азфыссæг. Уымæн ныффæрæзта æппæт æбуалгъ хæстытæн æмæ трагикон хабæрттæн. «Хурзæрин» ирон адæмы цардыуаджы стыр бынат ахсы, уыдис ын æндæр нæмттæ дæр «Коммунист», «Советон Ирыстон». Йæ редактортæ та уыдысты Ирыстоны разагъды лæгтæ – литературæйы зиууæттæ: Плиты Арон, Гафез, Куымæридтаты Алыксандр, Тедеты Павел, Харебаты Леонид, Дзуццаты Хадзы-Умар, Биазырты Роланд, Гæбæраты Юри æмæ абоны редактор – Дамбегти Иринæ.

Æз сæ фылдæры зыдтон лæгæй-лæгмæ, бирæтæй сæ зонын лæггад æмæ рæвдыд, уæлдайдæр – Гафезæй. (Мæ мад куы фæзиан, уæд уыцы бон Нафи та йæ докторы диссертаци бахъахъхъæдта Горькийы номыл Дунеон литературæйы институты æмæ йæ Гафез нæ бахъыгдардта, нæ йын æй схъæр кодта, иууылдæр хабæрттæ йæхимæ райста, æрмæст хабар загъта Абайты Вассойæн уый йæ фыццаг оппонент уыди Нафийæн).

«Хурзæрин»-ы абоны кусджытæ удæй хъæздыг æмæ фæрнджын адæм сты. Иу бинонты цард кæнынц, æфсымæртæ æмæ сын хоты ахаст ис кæрæдзимæ. Уымæн тауынц Ирыстоны бæрзонд хæхтæ æмæ дидинæгджын фæзтыл амонды хуры тынтæ.

Газеты радон номыр куы рацæуы, уæд цыма суадонæй рæсугъд æмæ сыгъдæг дон ныххæлхæл кæны, афтæ Ирыстоны хабæрттæ кæсæджы раз ныззæй кæнынц. Уыцы курдиатджын адæм сты: Биазырты Роланд, Джиоты  Екатеринæ, Бестауты Валя, Цхуырбаты Ларисæ, Осиаты Индирæ, Кокайты Зæринæ, Къæбулты Маринæ, Джиоты Алыксандр æмæ иннæтæ.  Сæйраг редактор абон у Дамбегти Иринæ.

Мæ уарзон газет «Хурзæрин», дæ райгуырдыл сæххæст 100 азы, æнæхъæн æнус лæггад кæныс Ирыстонæн, архайыс, цæмæй газет уа «Иунæг», «Арфæйы дзырд» æмæ ирон дзырдты æнæбын къæбиц.

Кус нын фæрнæй. Ноджы тыхджындæр кæнæд дæ æвидигæ курдиат. Мин-мин азты нын æвидигæ хуым кæн дæ дзывырæй арф ауæдзтæй ирон дзырдаивады быдыры!!!

ДЖУСОЙТЫ Клавæ,

профессор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.