Кæронмæ бахæццæ æнæпрофессионалон футболон къорды чемпионат мини-футболæй. Турниры фæудмæ дыууæ туры раздæр фыццаг бынат бацахста командæ «Массив», фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ футболисттæ иннæ дыууæ фембæлды дæр сæ хъазт нæ фæлæмæгъдæр кодтой æмæ рамбылдтой сæ ныхмæлæууæг командæты.

Сæйраг тох цыд дыккаг бынат бацахсыныл, кæцы фадат дæтты Ирыстоны Кубокыл тох кæнынæн. Ацы бынатмæ претенденттæ уыдысты дыууæ командæйы – «Борз» æмæ Хъахъхъæнынады министрады командæ. Кæронбæттæн туры «Борз» 11:3 хыгъдæй фæуæлахиз «Фæсивæд»-ыл æмæ турнирон таблицæйы рæстæгмæ рахызт дыккаг бынатмæ. Иннæ туры сæйраг фембæлды Хъахъхъæнынады министрады командæ хъазыд «Дыргуис»-имæ. Хъазтмæ æрбацыд нæ республикæйы президент Гаглойты Алан. Ацы фембæлды Хъахъхъæнынады министрады хъуыд æппынкъаддæрæй æмдыхæй ахъазын, «Дыргуис»-ы та æнæмæнгдæр хъуыд рамбулын, цæмæй æртыккаг бынат бацахстаид. Дыккаг таймы хыгъд уыд 3:1 «Дыргуис»-ы пайдайæн. Фæлæ Хъахъхъæнынады министрады командæйæн бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын æмæ хыгъд сæмхуызон кодтой. Фæстаг минуттыл дыргуисæгтæ ноджы фæцырддæр кодтой сæ хъазт, ныхмæлæууæг кулдуары раз сывзæрын кодтой цалдæр хорз уавæры пурти бакъуырынæн, фæлæ-иу тынг хорз ахъазыд.

Хъахъхъæнынады министрады командæйы кулдуаргæс Цхуырбаты Арсен  фæстæдæр нымад æрцыд турниры хуыздæр кулдуаргæсыл. Фембæлд фæцис 3:3 хыгъдæй æмæ Хъахъхъæнынады министрады командæ бацахста дыккаг бынат, «Дыргуис» та баззад цыппæрæм бынатыл.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан. Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, уымæ гæсгæ республикæйы къухдариуæгад алыварсон æххуыс кæндзæн ахæм турниртæ уадзыны тыххæй.

«Абон нæм спортивон бæрæгбон у. Райсомæй уыдыстæм стритболæй турниры, ныр та æрбацыдыстæм футболмæ. Федтон «Дыргуис» æмæ Хъахъхъæнынады министрады командæты хъазт. Фембæлд рауад тынг цымыдисон. Ахæм мадзæлттæ нæ хъæуы арæхдæр уадзын, цæмæй фæсивæды цайдагъ кæнæм спортыл», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Æртыккаг призон бынатыл ацыд командæ «Борз». Ацы футболистты уæлдай тынгдæр бауарзтой спортуарзджытæ йæ ирд хъазты тыххæй. Командæйы хъазы нæ республикæййы хуыздæр æвзонг боксертæй сæ иу Гæджиты Гурам.

«Раст зæгъгæйæ, уый æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ æртыккаг бынат бацахсдзыстæм. Уымæн æмæ нæ командæйы архайынц спорты æндæр æмæ æндæр хуызты дæснытæ раздæры футболисттæ, хъæбысæйхæцджытæ, рогатлеттæ. Мæхæдæг дæн боксер. Уымæ гæсгæ нын дывæр æхсызгон у ахæм бæрзонд бæрæггæнæн кæй равдыстам, уый», – йæ æнкъарæнтæ раргом кодта Гæджиты Гурам.

Турниры цыдмæ йæ хъус дардта Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм ерыстæ уадздзысты спорты æндæр хуызтæй дæр.

«Турнир алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Хайад дзы райста бирæ фæсивæд. Дарддæр фæнд кæнæм турниртæ волейбол æмæ баскетболæй дæр ауадзын», – фехъусын кодта Хубежты Руслан.

Чемпионаты хайад райста 10 командæйы. Турнир райдыдта декабры райдианы. Хъæзтытæ уагъд цыдысты алы хуыцаубоны дæр Республикон комплексон спортивон скъолайы.

Къорды организацион комитеты минæвар Тедеты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ турниры тыххæй ис æрмæстдæр æвæрццаг комментаритæ.

«Турнир рауад тынг цымыдисон. Командæтæн хъыг дæр уыдис кæронмæ кæй бахæццæ. Абон мæм бахатыдысты, зæгъгæ, æхцайы призтæ нæ нæ хъæуынц, æрмæст, зæгъ, турнир адарддæр уæт. Мах сын баныфсæвæрдтам «ЛФЛ 8х8» турнир апрелы райдайын, кæцы уагъд цæудзæн фæззæджы онг. Нæ турниры телеграм-каналмæ, кæцы бакодтам дыууæ мæйы размæ, сæхи ныффыстой 500 адæймаджы бæрц. Сæйраг уый у, æмæ турнир кæй фæцыд куыд йæ хайадисджыты, афтæ спортуарзджыты зæрдæмæ дæр», – загъта Тедеты Азæмæт.

Фыццаг бынатыл ацæуæг командæйы президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта хъæдæрмæгæй арæзт оригиналон кубокæй. Сæйраг призы сарæзта Тыбылты Махарбег. Командæ ма райста æхцайы приз дæр. Кубоктæ æмæ æхцайы премитæ ма райстой дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахсæг командæтæ. Æхцайы премитæ ма лæвæрд æрцыдысты турниры хуыздæр хъазджытæн. Хуыздæр футболисттыл нымад æрцыдысты æмæ символикон æмбырдгондмæ бахаудтой Хъахъхъæнынады министрады кулдуаргæс Цхуырбаты Арсен, командæ «Барс» æмæ «Массив»-ы хъахъхъæнджытæ Цхуырбаты Руслан æмæ Джиоты Алан, размæбырсджытæ – «Дыргуис»-ы командæйæ Хъодалаты Иосиф æмæ Гуыбаты Хетæг, кæцы хъазыд REARS-æн. Гуыбаты Хетæг ма ссис турниры хуыздæр бомбардир.

Ныр «Массив» æмæ Хъахъхъæнынады министрады командæ тох кæндзысты Ирыстоны Кубокыл, цыран сæ ныхмæлæуджытæ уыдзысты РЦИ-Аланийы Æнæпрофессионалон къорды чемпионаты фыццаг дыууæ бынат бацахсæг командæтæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.