Æрæджы рухс федта поэт, прозаик, драматург, æхсæнадон архайæг, филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы профессор, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны монографи, «Хурмæ тырнгæйæ», зæгъгæ.  Уый у ирон монографийы библиотекæйы радон чиныг. Йæ зонадон редактор у педагогон зонæдты кандидат, ЦИПУ-йы доцент Безаты Фаризæт. Хъазийы фырт йæ монографийы ирдæй равдыста зынгæ ирон поэт æмæ прозаик, Ирыстоны адæмон фыссæг Хуыгаты Сергей Зауырбеджы фырты цардвæндаг æмæ сфæлдыстад. Чиныджы бындуронæй анализ кæны курдиатджын фыссæджы сфæлдыстадæн.

Монографи конд у авд сæргондæй – «Сабибонтæй зæры кармæ», «Царды зынхизæн асинтыл», «Адæмы фарнæй – фæрнджын», «Мæлгъæвзаг Къоста æмæ йæ фæдонтæ», «Фыссæджы уæззау хæсимæ», «Уарзгæ, уæд – зæрдæбынæй», «Хуым кæнæм, уæд – дзыгуын галтæй». Разныхасы автор фыссы: «Æппынæдзух – хæларзæрдæ æмæ хъуы-дыхуыз, дзырдхъом æмæ дзырдбарон, æвдæлон æмæ æнæвдæлон, тæригъæдгæнаг æмæ фезмæлдмæ – рæвдз. Афтæмæй базыдтой йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ йæ хиуæттæ, йæ хæлæрттæ, стæй кæмæн æмбæлы, хъуыддаг æй кæимæ вæй-йы, уыцы æппæт адæм иууылдæр фыссæг  Хуыгаты Сергейы.

Сергей, кæйдæртау, искæмæй лæгау лæджы ныхас зæгъын кæм фæхъæуы, уым дæр раппæлыны охыл «Æз», «Æз» нæ хъæр кæны, фæлæ йæ тадзгæ-баргæ дзырд йæ дæлæвзаг нæ бамбæхсы – кады адæймагæн йæ номыл бæрзонд схæцы, æгады мийæн йæ ных бакъуыры, цæмæй рæстдзинады фæндæгтæ æхгæд ма цæуой… Æмæ йæхи цасфæнды хæдæфсарм дара, уæддæр йæ уаг æмæ йæ дзырдаивадæй уайтагъд раргом вæййынц, батæхуды кæныны, аккаг ын чи сты, йæ уды уыцы бæллиццаг миниуджытæм. Адæм мæнгæй нæ акæнынц: «Хорз лæг дзыхъхъæй дæр зыны». Сергей æцæг фыссæг кæй басгуыхт, уый дызæрдыггаг нæу. Ходы Камал дзы уымæн зæгъы: «Автор цæуыл фыссы, уый йын агайы йæ зæрдæ, уый йæ амидин кæны фыссынмæ, афтæ нывæфтыд æмæ йæ цæрæццагæй дæр уымæн свæййы йæ бон чиныгкæсæджы раз æрæвæрын».

Æрыгонæй йæ фыццаг чиныг «Мæ сыхæгты номæй»-ы ацæргæ лæджы хъæлæсæй уый тыххæй дзырдта, æмæ йыл фидаугæ дæр кодтой бадт лæджы хъуыдытæ: Æз абон мысын ибоны гæнæнтæ, ызнон куыдтон æндæрæбоныл æз. Тæхудиаг, дæллаг галау йæ уæнтыл кæмæн ныууадзы кусгæ бон йæ уæз! Тæхуды, адæм – хионæй-хæстæгæй – Фæйнæ «цума» куы зæгъиккой мæнæн. Тæхудиаг, лæггадгæнæг кæстæртæн Кæй равзарынц йæ цахъхъæнты æхсæн!.. (Кæны изæр). Æцæг тæхудиаг сты, се ‘взонджы бонтæй сæ зæры кармæ ахæм хъуыдытимæ чи цæры, уыдон. Æмæ уыцы тæхудиæгтæй иу у, цы фыссæджы кады хъуыддæгты кой кæнæм, уый – Хуыгаты сæрæн хистæртæй равзаргæ  Сергей.

Сæргонд «Сабибонтæй зæры кармæ»-йы Хъазиты Мелитон фыссы, зæгъгæ, кæд Сергейæн йæ ныййарджытæ хуыздæр цардæнхъæл алыгъдысты Ирыстоны цæгат хаймæ æмæ æрбынат кодтой Тарскæйы, уæддæр поэт йæ Фыдыбæстæ æнахуыр уарзтæй кæй фæуарзы, æнæ уый йын йæ цард ад кæй нæ фæкæны, уый тыххæй Сергей-фыссæг цæрынæй-хæрынмæ æппынæдзух мысдзæнис йæ райгуырæн къуым. Уый рæсугъд æнгас, йæ мæры хъарм æмæ уарзт нæ рох кæндзæн йæ удæй æмæ йын уыдзысты аиваддæттæг. Байхъусæм ын йæхимæ: … «С ‘астæу – мах хæдзар. Сарæзта уый мæ баба кæддæр. Уым-иу цы цæхæр банурæста, уый мæ тавы ныр дæр».

Дыккаг сæргонд «Царды зынхизæн асинтыл»-ы дзырдæуы, зæгъгæ, сфæлдыстадон кусæг йæхицæн, йе сфæлдыстадæн куы аргъ кæна, уæд алы хатт дæр йæ ног уацмыс, уый размæ кæй сфæлдыста, уымæй дæлдæр ма хъуамæ лæууа, хуыздæр куынæ уа, уæддæр. Сергейæн йæ фæндаг æрвылхатт дæр размæ уый тыххæй у. Ирыстоны адæмон поэт Ходы Камал зæгъы: «Уый, цыма, знон уыди: æртæ райдайгæ авторы – Хуыгаты Сергей, Джыккайты Шамил æмæ ацы рæнхъыты автор, – цинæй хæрд-мæ хаугæйæ, кастыстæм нæ фыццаг æмдзæвгæты корректурæ Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдады. Иумæйаг æмбырдгондæн йæ ном хуынди «Бонвæрнон». Уæд базонгæ дæн лæгæй-лæгмæ Сергеимæ. Уæ-дæй ардæм рацыд дыууиссæдз азæй фылдæр».

Хуыгаты Сергейæн йæ иууыл стырдæр бæллиц у йæ адæмæн лæггад кæнын. Уымæ тырны æппынæдзух. Поэтæн йæ уацмыстæ, йæ адæмы фарнæн, цæуынц йæ уды рæбынæй. Филологон зонæдты доктор, фыссæг Хуыгаты Ирлан тынг раст бахахх кодта йæ фыд Сергейы курдиаты æууæлтæ: «Хугаева отличают в осетинской литературе тонкий и нежный, словно акварельный, лиризм, убедительное утверждение красоты тру-овой жизни, глубокое осмысление оппозиций «село-город», «культура – цивилизация», «прошлое – современность…».

Нафи йæ мады ‘рвад Хуыгайы фыртæй афтæ кæй загъта: «Сергей цыфæнды куы фысса (æмдзæвгæ, радзырд, уацау, критикон уац) – кæддæриддæр кæны зæрдиаг ныхас, былалгъæй дзурын нæдæр зонгæ кæны, нæдæр йæ бон у. Ацы æрдзон миниуæгыл амад кæй у йæ удыхъæд, уый зоны нæ поэт йæхæдæг дæр æмæ йыл сæтты», – уый раст у. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаг ын уынæм йæ уацмысты, стæй йæ царды дæр. Нæй сын истæмæй, стæй сæ кæрæдзийæ дæр баивæн. Фыдыбæстæ райгуырæн уæзæгæй рай-дайы. Адæймаг йæ райгуырæн уæзæг цас уарзы, уымæй ис базонæн, йæ Райгуырæн бæстæйыл цас æнувыд у, уый. Æмæ адæймаг йæ зæрдæйы хъустæй ахсы, Сергейы лирикон хъайтартæн хъæуы «хæмпæл, хъолоджын фæндæгтæ цæмæн» сты йæ «царды бонты бульвар!», йæ сабибонтæй фæстæмæ хъæумæ цæй тыххæй у баст, «уыцы æрттивгæ рухс горæтты астæу» уый цæмæн æвзары цæрынæн…

Хъазиты Мелитон афтæ лæмбынæг æрдзырдта æмæ ирдæй равдыста Хуыгайы фырты сфæлдыстад æмæ бынтондæр йемæ зонгæ чи нæ у, уый дæр ын стыр аргъ скæндзæн æмæ йæ æнæмæнгæй дæр бафæнддзæн ацы чиныг бакæсын. Бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы Хъазиты Мелитонæн йæ æвæллайгæ сфæлдыстадон куысты тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.