Куыд Колыты Аксойæн, афтæ уымæн дæр схонæн ис Æгъуызаты Иуанейы фæдон. Уымæн æмæ сæ æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон хъуыддæгты бирæ æнгæсдзинæдтæ ис…

Мамытты Стефан райгуырд 1848 азы 1 августы, Зæрæмæджы, уæды Нары приходы. Райдайæн скъола каст фæци сæхи хъæуы. Уый фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины ахуыргæнæндоны.

Стыр ахъаз фæци ацы скъола йæ рæстæджы ирон адæмы ‘хсæн фыссынад æмæ ахуырад рапарахат кæныны хъуыддаджы. Йæ хуыздæр ахуыргæнинæгтæ ‘рвыст цыдысты Уæрæсейы æмæ æндæр рæтты дины уæлдæр скъолатæм ахуыр кæнынмæ. Уыдонæй уыди Мамытты Стефан дæр. Арвыстой йæ Тифлисы дины семинармæ. Æлборты Барысби куыд фыссы, афтæмæй Стефанæн 1877 азы 2 октябры радтой сауджыны цин, фæстæдæр сси протоирей. 25 азы Стефан куыста Ирыстоны.

Нæй бæлвырд æрмæджытæ йæ бинонты царды тыххæй дæр, æрмæст мын дзырдæуыд, зæгъгæ, йын уыдис бинонтæ. Схъомыл кодта æмæ уæлдæр ахуырдзинад радта йæ чызг æмæ йæ лæппуйæн. Чызг афтыд Мæскуымæ, лæппу куыста ам, нæхимæ, оргæнты, фæлæ 1937 азы цæхæры æнаххосæй басыгъд.

Стефаны амард 1918 азы æмæ ныгæд  æрцыд Ирон аргъуаны кæрты.

Цы кадавар æрмæджытæ нæм ис Мамытты Стефаны сфæлдыстадæй, æрмæст уыдоны бындурыл дæр нæ бон зæгъын у, сæ автор хуымæтæг адæймаг кæй нæ уыдис: дины кусæг, фыссæг, драматург, тæлмацгæнæг, ахуыргæнæн чингуыты автор. Уыимæ фыста иронау дæр æмæ уырыссагау дæр. Стефанæн йе сфæлдыстадон куысты зынгæдæр хай скъолатимæ баст у. Стефан бацæттæ кодта мыхуырмæ ирон абетæ цыбыр грамматикæимæ, ратæлмац кодта дины чингуытæ. Æцæг уыцы азты амынд чингуытæй иу дæр мыхуыры нæ фæзынд. Нæ фæзындысты фæстæдæр азты дæр, кæд Дзесты Куыдзæг йæ мысинæгты чиныг «Нæ буц хистæртæ»-йы фыссы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны 1900 азты райдайæны скъолаты ахуыр кодтой Мамытты Стефаны чингуытæй, уæддæр.

Уый хорз зыдта ирон скъолаты уавæр, æнæ зонгæ нæ уыд, чингуыты кадавардзинад дæр æмæ йæ удæй арт цагъта, исты амæлттæй уавæр фæхуыздæр кæныныл. Йæ арæзт чингуытæ лæвар æрвыста Ирыстоны скъолатæм, цæмæй рæзгæ фæлтæр ахуыр кодтаиккой мадæлон æвзаг, æгъдæуттæ, фольклор, истори, æрдз, цæрæгойты æмæ зайæгойты цард, дины ахуырад.

1908 азы Батумы мыхуыры рацыд «Сывæллæтты чиныг» дыууæ хайæ. Уыд ахуыргæнæн чиныг. Чиныджы фыст уыдис дзырдтæ: пиллон æмæ къæвда. Къамисы уæнгтæ сæ сраст кодтой цырын – уарын; фугæ – мугæ, алыбон – æлæбон æ.а.д. Стефаны хъуыдымæ гæсгæ, къамисы уæнгты зæрдæмæ нæ фæцыд уырыссаг æвзагæй тæлмацгонд æрмæджы хæрзхъæддзинад дæр, ома, дам, комкоммæ тæлмацгонд у уырыссаг æвзагæй. Фæлæ та ацы фиппаинæгтимæ дæр не сразы Стефан. Чиныджы лæвæрд цæуынц ирон сыбырттнывтæ (дамгъуат) æмæ нымæцтæ иуæй дæсы онг. Чиныджы дыккаг æрдæг арæзт у цыбыр тексттæй, аргъæуттæй, æмбисæндтæй, уыци-уыцитæй, сæйрагдæр Къостайы æмдзæвгæтæй «Фыдуаг», «Уасæг», «Кæмæн цы?», «Лæгау», адæмон сфæлдыстадæй зарджытæ – «Цъæх сæгъы зарæг», «Авдæны лолотæ».

Аивадон тексттæй чиныджы Къостайы æмдзæвгæтæй фæстæмæ ис 3- 4 æмдзæвгæйы: «Уалдзæг», «Сæрвæт», «Амонд» (зæрдыл æрлæууы Хъайтмæзты Аслæмырзæйы æмдзæвгæ «Фæллой»), «Стыр боны æхсæв». Адæймагмæ ахæм хъуыды æрцæуы, цыма ацы æмдзæвгæтæ, стæй дыккаг чиныджы чи ис, уыдонæй иу цалдæр Стефанæн йæхи фыст сты. «Стихотворения поэта Коста и некоторые мои собственные». Зыны сыл æвæлтæрд къухы фæд дæр.

Дыккаг чиныджы («Сывæлæтты чиныг. Дыккаг хай») дæлсæргонды фыст ис: «Скъолайы æмæ хæдзары кæсынæн». Чиныг дих кæны дыууæ хайыл. Фыццаг хай арæзт у аивадон тексттæй. Уыдон сты Къостайы æмдзæвгæтæ («Тæхуды», «Сагъæс»), ирон аргъæуттæ («Дыууæ æфсымæры», «Цуанон æмæ уæйыг»), æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, фæндырыл цæгъдынæн зындгонд ирон зарæггæнæг æмæ таурæгъгæнæг Зыгъуытаты куырм Бибойы таурæгъ «Бирæгъ æмæ зыгъарæг» Байаты Гаппойы фыстæй.

1911 азы Стефан скъолаты программæмæ гæсгæ сарæзта æмæ рауагъта «Хуыцауы диныл ахуыргæнæн чиныг». Тексттæ иууылдæр сты дины темæйыл фыст. У уырыссаг æвзагæй тæлмац. Куыд загътам, афтæмæй Мамытты Стефан йæ тыхтæ фæлвæрдта прозæ æмæ драматургийы жанрты дæр. 1909 азы газет «Хабар» æстæм номыры ныммыхуыр кодта Стефаны тæлмацæй М. Горькийы æмдзæвгæ «Песня о Соколе»-йы фыццаг хай, фарастæм номыры та мыхуыры рацыд йæ дыккаг хай. Уый уыди номдзыд фыссæджы фыццаг уацмыс ирон æвзагыл.

1879 азы газет «Терские ведомости»-йы мыхуыры рацыд йæ фыццаг уац «Несколько слов об осетинах». Уац кæд полемикон у, уæддæр автор быцæу ныхас нæ кæны, уый размæ цы æрмæджытæ уыд, уыдоны автортимæ, фæлæ сæ куры, цæмæй æгæр схъæл ныхас ма кæной, ма фервæссын кæной ирон адæмы сæхиуыл.

1890 азы газет «Северный Кавказ» иу цалдæр номыры фæд-фæдыл мыхуыр кæнын райдыдта радзырд уырыссаг æвзагыл «Косе», или кровная месть в анархическое время Осетии». Цымыдисаг у радзырд. Бæрæг у, автор хорз кæй зоны хæхбæсты цæрджытæн сæ цардыуаг, сæ низы хатт, сæ аххосæгтæ æмæ сæ фæстиуджытæ: «Ирыстоны хæхты хуымæн бæзгæ зæххытæ бирæ нæй, фæлæ дзы уыгæрдæнтæ дæр хæрз гыццыл хæйттæй апырх сты хъæуты алывæрсты. Ахæм хæдзар нæй, æмæ йæ хуымтæ кæнæ йæ уыгæрдæнтæ иу ран, иу зæххы хайыл кæмæн сты».

Цæргæ-цæрæнбонты Ирыстоны цыдæриддæр хылтæ цыди, искуы-иу стæм ма уæд, уый йедтæмæ цыдысты зæххы сæрыл… Искæй арæнмæ гыццыл баирвæзæд дæ дзывыр, æмæ тас уыди, туг куы ныккæла, уымæй.

Тызмæг рæстæг, хæххон царды æууæлтæ, æнæмæнг, æвæрдтой ахæм ахаст æрыгон фæлтæры зæрдæйы æнкъарæнтыл.

Рагæй уарзтой кæрæдзи сусæг уарзтæй Косе æмæ Дзаххо. Уарзтой хæххон суадонау сыгъдæг уарзтæй. Æрмæст Дзаххо куы фæцæф, æнæнхъæлæджы йæ Косе тугамæстæй куы федта, уæд йæ зæрдæ бахъарм. Бирæ рæстæг йæхимæ не ‘рцыд. Фæлæ «сусæгдзинад, – фыссы автор, – сылгоймаджы дзыхы, дон сасиры цас лæууы, уыйас йедтæмæ нæ лæууы». Косейы сусæгдзинад рахъæр кодта йæ чындз. Хъæубæстыл ахæлиу, фæсивæд ыл зарæг скодтой, йæ уарзоныл зæрдæхъæрмттæ кæны, зæгъгæ, æмæ æрыгон чызг йæхи доны баппæрста. Йæ амондæн, хæстæг, доны был, дураууон бадти Дзаххо. Хъахъхъæдта, йæ туджджын (йе’фсымæр) хосгæрстæй кæд раздæхдзæн, уый. Æнæнхъæлæджы федта æвирхъау ныв æмæ мæлæты дзæмбытæй байста йæ уарзоны.

ЙÆ ДУДЖЫ СТЫР ЛÆГ

Ууыл аскъуыйы радзырд, – фыст æй нæ фæци æви дзы мыхуыр æрмæст ацы скъуыддзаг æрцыд, уый зын зæгъæн у.

Нæ сæм хъæуы абоны цæстæй кæсын æмæ аргъ кæнын. Уыдон сты сæ рæстæджы хъæбултæ. Сæ уавæртæм гæсгæ архайынц æмæ æвдисынц хæхбæсты цæрæг адæмы хъысмæт. Автор нæ пайда кæны бæлвырд афыстытæй. Йæ хъайтарты хуызæн уый дæр у иу цасдæр мадзура. Радзырд «Косе», куыд загътон, афтæмæй мыхуыры фæзынд уырыссаг æвзагыл. Фæлæ мæм афтæ кæсы, фыст æрцыдаид иронау. Æрмæст, уыцы азты (1890) ирон æвзагыл периодикон мыхуыр кæй нæма уыдис, уымæ гæсгæ тæлмацгонд æрцыд уырыссаг æвзагмæ. Дызæрдыггаг нæу, тæлмацгæнæг Стефан йæхæдæг кæй уыдаид, уый. Кæд афтæ у, уæд ма уый иу хатт дзурæг у Стефаны хъæздыг миддуне æмæ æппæтвæрсыг курдиатыл. Йæ адæмы истори, сæ цардыуаг æмæ æгъдæуттæ хорз чи зыдта, ахæм куырыхон адæймагыл.

1916 азы ма журнал «Чырыстон цард»-ы фæзынди Стефаны радзырдтæй иу. Хуыйны «Чи цы тæригъæд ракæна, уымæй йæ æфхæры Хуыцау».

Стефаны пьесæ «Налхъуытæ» фыст кæд æрцыд, уый бæрæг нæу. 29 мартъийы (11 апрелы) 1913 азы Гуырдзыстоны цензурæйы комитет бар радта пьесæ сценæйы сæвæрынæн. Фыццаг хатт сценæйыл æвæрд æрцыд 1913 азы 14 апрелы.

Налхъуытæ рацыд цæрæг бинонты æхсæнæй (йæ фыд пайдайыл лæвæрдта æхца), уыдис æм иуцасдæр ахуыргонддзинад дæр. Æрыгæттæ сæ цард куы баиу кодтой, уымæй æртæ мæйы дæр нæма рацыд, афтæ Афæхъо йæ уарзондзинадыл йæ къух ауыгъта. Йæ бинойнаджы йæ сæрмæ нал хаста, фæстæзад æмæ æнахуыргонд дæ, зæгъгæ, æмæ ракуырдта иу цыдæр хиуарзон, тæргайгæнаг, æнæгъдау æмæ фыдзæрдæ уырыссаг сылгоймаджы. Рæстæг цыди, æмæ Афæхъо сабыргай æмбарын райдыдта йæ рæдыд, уæлдайдæр, йæ дыккаг ус æй куы фæхудинаг кодта йæ æнæныббаргæ ахастæй, уæд, æмæ йæхи амардта.

Налхъуытæ – æнæхæлд, хæдзонд æмæ хæрзæгъдау адæймаг, бирæ уарзта йæ мойы. Архайдта, цæмæй йæ цард ма фехæла. Æмбæрста, ахуырдзинад æм фаг кæй нæй, духовон рæзты дæр дæлдæр кæй лæууы Афæхъойæ æмæ ахуыры фæндагыл ныллæууыди. Ахуыр кодта канд Бетъырбухы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Каст фæци Оксфорды университет. Фæстагмæ æрыздæхт сæхимæ. Фæлæ уæдмæ, куыд загътам, афтæмæй Афæхъо йæхи амардта.

Уæлдæрамынд аивадон уацмыстæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæй уæлдай ма уæды периодикон мыхуыры фæрстыл бакæсæн ис Мамытты Стефаны публицистикон уацтæ дæр.

Уыдоны ныхас цæуы рæстæджы ахсджиаг фарстатыл. Зыны сыл авторы æнæнцой зæрдæйыуаг æмæ зонды фæд.

ХЪАНТЕМЫРАТЫ Риммæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.