8-14-æм мартмæ Суздалы цыдис Дунейы фыццаг бынат бацахсыны фæдыл ерыстæ æппæтстилон каратэйæ. Хайад дзы райстой командæтæ Уæрæсейы 50 регионæй, афтæ ма фæсарæйнаг бæстæты 15 командæйы. УФ-йы ныхмæ цы санкцитæ расидтысты уыдонмæ нæ кæсгæйæ фæсарæйнаг паддзахадтæй æрцыдысты Донецкы Адæмон Республикæ, Беларусь, Кени, Алжир, Камерун, Казахстан, Узбекистан, Таджикистан, Хуссар Ирыстон, Абхаз, Молдова, Турк, Ангола, Куба æмæ Азербайджаны спортсментæ. Чемпионаты хайадисджытæ æппæт уыдысты æртæ мин спортсмены.
Хуссар Ирыстоны командæйы сконды уыдысты Дудайты Доннæ, Гаглойты Дианæ æмæ Тадтаты Софья. Нæлгоймæгтæй та чемпионаты хайад райстой Арсен Каспаров æмæ Козаты Роберт. Уыдоны тренировкæ кодта æмбуар хæсты тренер Хъуылымбегты Мамед.
Чызджыты тренер Созайты Владимир куыд радзырдта, афтæмæй чемпионат уагъд цыд Спорты галуан «Суздаль-Арена»-йы. Дудайты Доннæ æмæ Гаглойты Дианæ татамимæ рахызтысты фыццаг бон. Æрдæгфиналмæ бæргæ бахызтысты, фæлæ, сæ дыууæ дæр фæхæрд сты финалы тохты, уымæн æмæ тæрхонгæнджытæ æххуыс кодтой сæ ныхмæлæуджытæн. Дыууæ спортсменкæйы бахъуыд кæрæдзийы ‘хсæн ауадзын тох æртыккаг бынатыл æмæ бронзæ фæцис Дудайты Доннæйы».
Ерысты дыккаг бон архайдтой Тадтаты Софья, Арсен Каспаров æмæ Козаты Роберт. Созаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, уыдон иууылдæр фæхæрд сты сæ ныхмæлæуджытæн æмæ рахаудтой ерыстæй. «Йæ аххосаг уыд фæлтæрддзинад сын кæй нæ фаг кодта, уый. Уыдон бирæ рæстæг нæ тренировкæ кодтой пандемийы рæстæджы. Æхсæз мæйы бæрц та ерысты нал истой хайад. Æцæг спротсментæн уый стыр æмгъуыд у», – бахахх кодта тренер.
Созайты Владимиры ныфс ис, нæ спортсментæ хайад кæй райсдзысты 24-æм марты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны фæдыл ерысты дæр, кæцы цæудзæнис Мæскуыйы. Афтæ ма каратистты нывæзты ис æхсæнадæмон ерыстæ 1-3 майы УФ столицæйы цыран хуссарирыстойнаг командæ рахиздзæн йæхи националон тырысайы бын.
Созайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй Дунейы чемпионат æппæтстилон каратейæ уагъд хъуамæ æрцыдаид ивгъуыд аз ноябры мæйы, фæлæ йæ пандемийы аххосæй рахастой 14 мартмæ.

УАЗÆГТЫ М.

***
УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ
Горæт Надымы уагъд æрцыд 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Танделаты Аминæ æмæ Кæсæбиты Алинæ. Аминæ 62 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз Стъавраполы крайы минæвар Юлия Коваленкойыл. Алинæ та 65 кг уæзы сæйраг тохы рамбылдта Санкт-Петербурджы спортивон кад хъахъхъæнæг Алина Рыбкинайы.

***
Хуссарирыстойнаг æвзонг богал Коцты Арсен ссис 2007-08 азты гуырд спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзау. Арсен архайдта 52 кг уæзы категорийы. Уый финалы тыхджындæр уыд Æрыдоны районы минæвар Дзиццойты Эрикæй. Хуссар Ирыстоны командæйы иннæ уæнг Пухаты Роланд та 75 кг уæзы категорийы бацахста дыккаг бынат. Ноджы ма иу майданы хицау бацис Сидамонты Артур. Уый та 57 кг уæзы схызт пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ.
Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Коцты Тамерлан, Бикойты Азæмæт æмæ Гæджиты Марат.
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ныр дæргъвæтин азты дæргъы хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ æрвылхатт дæр майдантæ кæй рамбулынц РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг ерысты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ РХИ-йы дæр хъæбысхæсты скъолайы æмвæзад кæй фæбæрзонддæр ис.

ФУТБОЛ
Уагъд æрцыдысты Национ футболон къорды 28-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд «СКА-Хабаровск»-имæ. Кæд та ныр дæр алайнæгтæ сæ ныхмæлæуджытæй активондæрæй архайдтой, уæддæр сын пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ уыд, уыдонæй не спайда кодтой. Уый хыгъд фысымтæн бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын. Афтæмæй «Алани» фæхæрд 2:0 хыгъдæй.
«СКА-Хабаровск»-ы æнтыстмæ сæ хайбавæрд бахастой Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинæгтæй æртæйæ – Хъараты Давид, Цаллæгаты Дзамболат æмæ Гаглойты Александр.
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Гаглойты Александр кæй у цхинвайлаг æмæ арæх хайад кæй фæисы «РХИ-йы президенты кубок» рамбулыны сæраппонд турниры.

БОКС
Ирон боксер Хуыгаты Алан ссис профессионалон боксæй Мæскуыйы уагъдцæуæг турнир «Дерись и побеждай»-ы уæлахиздзау. Боксы изæры сæйраг тохы Уæрæсейы чемпионы титулы сæрыл 22-аздзыд ирон спортсмен фембæлд Таджикистаны минæвар Рамазан Алиматовимæ. Тох цыд 10 раунды. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ æртæ тæрхонгæнæгæй дыууæйæ уæлахиздзауыл банымадтой Хуыгаты Аланы. Афтæмæй уый ссис Уæрæсейы чемпионы титулы хицау.

***
Венгрийы столицæйы 27-30 марты уагъд æрцæудзæн Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æмæ кæд ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ хайад нæ райсдзæн, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ ирон спортуарзджытæ стыр цымыдисмæ кæсдзысты чемпионатмæ. Уымæн æмæ уым æндæр бæстæты сконды хайад исдзысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Æдæппæтæй ерысты майдантыл тох кæндзысты 7 ирон богалы. Уыдон та сты: 74 кг – Цæболты Хетæг (Серби), Салхъазанты Таймураз (Словаки), 79 кг – Гулаты Æхсарбег (Словаки), 86 кг – Фриты Таймураз (Испани), Макъоты Борис (Словаки), 97 кг – Байцаты Владислав (Венгри) æмæ Цæкуылты Батырбег (Словаки).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.