Хъæуккон лæг магуса никуы вæййы, уымæн æмæ йæ цард йæхи къухтæй, йæ уæнгты хъаруйы руаджы аразгæ вæййынц. Æппæт куыстытæ дæр йæхимæ фенхъæлмæ кæсынц. Куыстытæ та афæдзы дæргъы алы бон дæр фаг кæнынц. Уымæ гæсгæ æдзух хъуамæ змæлды уай, архайай, кусай.

Дзæгъиаты Зелим кæд нырма царды даргъ фæндагыл нæ рацыд, 30 азы йеддæмæ йыл нæма цæуы, уæддæр, ныридæгæн, хъæуккон лæджы царды сфæлтæрдта, чысыл сабийæ фæстæмæ йæ бавзæрста Знауыры районы Бехъмары хъæуы.

Ацы хъæу Зелимæн тынг адджын у. Йæ цард æгасæйдæр снывонд кодта фосдардæн. Куыд зонæм, афтæмæй, ныртæккæ хъæууон хæдзарады сæйраг фигурæ ссис фермер, фæлæ уыдонæй дæр æцæг амалиуæгад райтынг кæнын кæй фæнды, уыдон бирæ не сты. Бирæтæ дзы хицауадæй райсынц æххуыс, фæлæ уыцы æххуыс хъуыддагæн ницы æххуыс фæвæййы. Бахардз сæ кæнынц æндæр нысæнттæн æмæ дзы бирæтæ, æгæрыстæмæй ,афардæг вæййынц нæ республикæйæ æддæмæ.

Фермерон хæдзарад райтынг кæнын бафæндыд Зелимы дæр. Зæрдиагæй йæ кæй фæнды уыцы хъуыддаг саразын, уый бæрæг у, цы ын бантыст, уымæй дæр.

Райдагæ фермертæ æмæ амалиуæггæнджытæн æххуыссæн программæ арæзт куы æрцыд, уæд ын радтой 200 мин сомы æмæ уыцы фæрæзтæй балхæдта стуртæ. Ныр ын уыдон баисты 70 сæры бæрц. Уыдонæй 25 сты дуцгæ хъуццытæ, иннæтæ сты уæнгуытæ, дыгæрдгуытæ, ис дзы заинаг хъуццытæ дæр. Ноджыдæр сæ фæфылдæр кодтаид, фæлæ сын скъæт нæ фаг кæны. Райдианы скъæт арендæйы райста Магърисы хъæуы. Уым сæ фæдардта цыппар азы бæрц. Ныр та Хеиты хъæуы йæхицæн балхæдта хæдзар æмæ йын ам та йæ фермæ рæстæгмæ пайда кæнынæн авæрдта йе ‘мбал лæппу.

Дзæгъиаты Зелим йе ‘хсыр кæм ауæй кæна, уый фадат ын нæй. Базармæ сæ хæсгæйæ сæфы йæ зынаргъ рæстæг, уымæ гæсгæ дуцгæ хъуццыты фæдæйынц сæ родтæ. Стæй сæ хæххон сæрвæттæм куы аскъæры, уæд уым фæахсы цыхт æмæ сæ зæрдиагæй фелхæнынц нæ горæттæгтæ.

Зелим йæ фос сæрдыгон хæххон хизæнуæттæм  Чеселт, Ерман, Едысмæ кæй фескъæры, уый хорзыл нымайы ветеринарон дохтыр Лолоты Владимир. Йæ хъуыдымæ гæсгæ Зелим у ахæм фосдарæг, кæцы хъуыды кæны йæ фосы æмæ адæмы æнæниздзинадыл дæр. – «Уый у бафæзминаг хъæппæрис, уымæн æмæ сæрды хæххон хизæнуæтты цы фос фæхизой, уыдонæн сæ æхсыры гъæд æмæ дзидза дæр вæййынц уæлдай хæрзаддæр. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ махмæ æндæр рæттæй цы дзидза ласынц, уыцы стуртæн фæхæрын кæнынц, бæгæны æмæ спирт кæмæй фæаразынц, уыцы баззайæццæгтæ, барда кæй хонæм, уый. Уымæй та фос сæхæдæг дæр рынчын кæнынц, сæ ахсæнты фæзыны хæлмагниз, ивындзинæдтæ вæййы йæ уыргты æмæ игæры. Ахæм стурты фыд та мах хæрæм тынг арæх. Нæхимæ та хæххон кæрдæгыл чи фæхизынц æмæ æвдадзы хосау чи сты, уыцы суадæттæй цы стуртæ баназынц, уыдоны фыдызгъæл æмæ урсагæн æмбал нæ вæййы. Нæхимæ, быдырбæсты  та сæрдыгон хизæнуæтты тынг бирæ ис джыбытæ æмæ уыдон фосæн фæцъирынц сæ туг æмæ сын разиан кæнынц. Уымæ гæсгæ тынг хорз хъуыддаг у, фермертæй иуæй-иутæ сæ фос кæй аскъæрынц бæрзонд, хæххон сæрвæттæм, уый. Афтæ, уæдæ, бафæзминаг у, уыцы хъуыддаджы Дзæгъиаты Зелим», – загъта йæ хъуыды Лолоты Владимир.

Уæдæ, Хуыцау зæгъæт, æмæ Зелимы фезмæлд, йæ куыстуарзондзинад цæвиттойнаг суæт æндæртæн дæр. Йæ бæллиц у йæ фосæн скъæт самал  кæнын æмæ йæ фос ноджыдæр фæфылдæр кæнын æмæ йæ рæсугъд фæндтæ иууылдæр сæххæст уæд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.