ФÆНДАГ ХОСГÆНÆНДОНМÆ

Цхинвалæй Знауыры онг асфальт фæндаг фæцис æмæ дарддæр цæуæм Балтайы хъæуы ‘рдæм. Бахæццæ йæм стæм. Иуæй-иу хъæутау Балта нæ федзæрæг. Фæндаджы былтыл капиталон арæзт дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ ивынц кæрæдзи, цæст схæцы ногарæзт хъæдын хæдзæрттыл дæр. Хъæуы цæрджытæ хæдзарон фос кæй дарынц, уый бæрæг у, сæ кæртыты, стæй хъæууынгты хуытæ, родтæ кæрчытæ фенæн кæй ис, уымæй. Дардмæ хæрзарæзтæй зыны Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты заставкæ. Куыддæр Балтайы хъæуæй Метъехмæ бахызтыстæм, афтæ æрбатары мобилон бастдзинад, бамыр нæ машинæйы радиойы уынæр, фæуынгæг фæндаг æмæ фæфылдæр сты дзыхъхъытæ. Фæндаджы дыууæ фарс бæрзонд бæлæстæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц æмæ хуры рухс фæндагмæ нæ уадзынц. Фæндаджы иувæрсты цы цæссыджы хуызæн сыгъдæг  цæугæдон згъоры, уый сыр-сыр адæймагæн диссаджы æхцондзинад хæссы. Дарддæр фæндаг бацыд назхъæды. Нæзытæ – рæхснæг, цыма арвмæ фæцыдысты, афтæ зыны. Иу уысм мæхи аргъæутты дунейы банкъардтон. Фæндаг ранæй-рæтты, лæсæн бынæттæ кæм ис, уым хафт, хуыр дæр ыл ныккалдтой. Сахат æмæ æрдæг фæ-цыдыстæм ахæм зынвадат фæндагыл, фæлæ уыимæ иумæ ацы алæмæттаг æрдзы хъæбысы цæуынæй адæймаг æхцондзинад иста.

БЫНАТЫ

Бахæццæ стæм хосгæнæндон «Ныфс»-мæ. Уый æрбынат кодта комы, тар хъæды. Улæфæндонмæ хæстæг згъоры чысыл цæугæдон æмæ раст уымæн у йæ дон хайджын хоскæнæн миниуджытæй. Стæгниз, нуæрттæ æмæ зæрдæнизæй чи хъæрзы, уыдонæн ацы донæй ваннæтæ райсын у æвдадзы хосау.

Ам цы цалдæр коттедж æвæрд ис уыдонмæ бахизын хъæуы хиды сæрты. Коттеджтæй дарддæр ам ноджы ис цалдæр хицæн æмæ хицæн бæстыхæйттæ: хæрæндон, ваннæтæисæн хатæн, сæрдыгон мæнгагъуыст, медпункт, хиирхæфсæн хатæны иу къуымы музыкалон инструменттæ, иннæ фарс библиотекæ, телевизор, шашкæтæ, шахматтæ, бильярдон стол æмæ а.д. Иудзырдæй, ардæм улæфынмæ чи æрбацæуы, уыдон ваннæтæ райсынæй дарддæр ссардзысты, сæхи цæмæй æмæ кæм аирхæфсой, уый.

Нæ размæ худгæбылæй рахызт йæ саразæг, бынæттон амалиуæггæнæг Чилæхсаты Владимир йæ кусджытимæ. Уыдон се  ‘ппæт дæр уыдысты куыстыл лæуд. 25-æм июнæй райдайдзæн йæ куыст хосгæнæндон æмæ ныр уым цæуы цæттæгæнæн куыстытæ. Зымæджы йæ территорийыл цы сыфтæртæ æмæ æндæр брæттæ æрæмбырд сты, уыдонæй йæ бæстон сыгъдæг кодтой. Улæфæндон кæд дуркъæйыл арæзт ис, уæддæр йæ алфæмблай дидинæгæй нæ зыны. Уыдон ам хæсгæ сыджытыл схъомыл кодта улæфæндоны кусæг. Санаторимæ хъусдарæг кæд зымæджы мæйты дæр вæййы, уæддæр сæрды æрбалæудимæ, улæфджыты æрбацыдмæ, ам бирæ куыст вæййы. Коттеджтæ ахоринаг, хъæдын асинтæй чи бамбийы, хуыссæнгæрзтæ æмæ мигæнæнтæй чи нал бæззы, уыдон дæр сногкæнинаг вæййынц. Хосгæнæндоны ис Иосиф Сталины цырт дæр, кæцымæ «Ныфс»-ы хицау домы сæрмагонд зылд. Уый дæр реставраци цыд. Ацы аз, амалиуæггæнæг кæрты æмбисæн бамбæрзта йæ сæр, цæмæй къæвдабонты дæр улæфджытæн сæ бон тезгъо кæнын уа сæрибарæй.

«Ныфс» официалонæй йæ сезон кæд нæма байгом кодта, уæддæр сæм баййæфтам уазджытæ Мæскуыйæ. Уыдон ам æртæ боны фесты, фæлæ сæ тæлмæнтæ та уыдысты егъау. Сæ иу загъта «Стыр горæты тыхст цардæй, æнтæф æмæ уæззау уæлдæфæй хи фæиппæрд кæнын æмæ ма ноджы хосгæнæн донæй ваннæтæ райсын у стыр бæллиццаг хъуыддаг. Уæлдай тынгдæр нæ зæрдæмæ фæцыд æхсæрдзæнтæм балц кæнын. Ам къæдзæхæй цы цыхцырæджы дон цæуы, уый бын хи найыны фæстæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма ногæй райгуырд. Бирæ рæтты уыдыстæм, суанг фæсарæнты дæр, фæлæ Ирыстоны хуызæн сатæг уæлдæф никуыма федтам. Чилæхсаты Владимир мæ хæлар у, цалдæр азы нæ хуыдта Ирыстонмæ, æппæлыд-иу ацы бынатæй… Ныр æз тæригъæд кæнын, ацы æнтæф бонты горæты цæрын кæй хъæуы, ацы диссаджы бынат чи нæ федта, уыдонæн». Уазджытæй сæ иу разынд нæ коллегæ, уый квадракомптерæй систа хосгæнæндон «Ныфс» уæлдæфæй æмæ дзырдта, кадртæ кæй апарахат кæндзæнис Уæрæсейы централон каналтыл.

Хосгæнæндон «Ныфс», æцæгæйдæр, кæд дзæнæты бынаты ис, уæддæр æм фылдæрбæрцæй тырнынц улæфынмæ нæ, фæлæ хос кæныны тыххæй. Улæфджытæм йæ хъус фæдары дохтыр-терапевт, кæцы бæлвырд кæны, кæмæн феххуыс уыдзысты ваннæтæ. Дон, алкæмæн нæ бæззы. Онкологон низ, рæуджытæ æмæ цармы низтæй чи тыхсы, уыдонæн ацы дон у тобæгонд. Хосгæнæндоны кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм фылдæр цæуынц Цхинвал, Ленингор, Знауыр æмæ Цæгат Ирыстоны цæрæг хуссарирыстойнæгтæ. Уыдонæй бирæтæ æрцæуынц лæдзгуыты æнцой, фæлæ сæ ам ваннæтæ райсгæйæ, сæ сæр нал бахъæуы. Ис ахæмтæ дæр, кæцытæ æрвылаз дæр æрбацæуынц, уымæн æмæ сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Чи æрбацæуы, уыдон æхсæн канд ацæргæ адæм нæй. Æвзæнгтæ дæр тырнынц ам баулæфынмæ, зæгъынц, зæгъгæ сæ нуæрттæ тынг улæфынц ацы бынаты.

ПРОБЛЕМÆТÆ

Хосгæнæндонæн йæ сæйрагдæр проблемæтæй иу у электронон рухсы цухдзинад, уыимæ та баст сты мобилон бастдзинад, бынæттон телеуынынад, радио æмæ интернет. Республикæйы къухдариуæгад ныфс бавæрдта, кæй сын баххуыс кæндзæнис электроны рухс бауадзынæй, ацы фарстыл куыстой энергетиктæ, фæлæ Балтайæ Нагутнимæ электро цæджындзтæ ныссадзын æмæ тел аивазын æнцон хъуыддаг нæ разынд. Уымæн æмæ иуæй фæндаг у зынвадат æмæ уынгæг. Сæрмагонд техникæйæн та хъæуы уæрæх фæндаг. Электрохызæджы хистæр Гæбæраты Анатоли зæгъы: «Куыстытæ сахуыр кодтам æмæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: Нагутнийы хосгæнæндонмæ электроны хахх ауадзын лæууы тынг зынаргъ республи-кæйæн. Уырдæм, цалынмæ уыцы куыстытæм не ‘рывналæм, уæдмæ хъуамæ арæзт æрцæуа фæндаг, æрмæстдæр уый фæстæ арæзт æрцæудзæн проект. Цæмæй рухсы цæджындзтæ ныссадзæм, уый тыххæй ракалын хъæуы бирæ бæлæстæ. Хосгæнæндон кусы æрмæстдæр сæрды мæйты æмæ ныртæккæйы уавæрты хуыздæр у, цæмæй пайда кæной генераторæй».

Чилæхсаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй йæм фæндаджы арæзтадмæ чысыл фæкаст районы къухдариуæгад, фæлæ йæ уæддæр хъæуы капиталон цалцæг скæнын.

«НЫФС»-Ы ИСТОРИЙÆ

«Ацы хосгæнæндоны кой айхъуыст 1972 азæй фæстæмæ. Ардæм ваннæтæ исынмæ цыд мæ фыд дæр. Фæлæ дзы уавæртæ нæ уыд. Донæн йæ хосгæнæн миниуджытæ сæфынц 2-3 сахаты фæстæ, уымæ гæсгæ йæ ласгæ ничи кодта. Æз дæр ацы бынатмæ райдианы хос кæнынмæ ссыдтæн. Ирон-гуырдзиаг ныхмæлæуды рæстæджы зымæгон бонты пикеты лæугæйæ срыст мæ астæу. 2002-2003 азты ардæм ссыдтæн ме ‘мбæлттимæ хос кæнынмæ. Ахæм æдзæллаг уавæры йæ кæй сæййæфтон, уымæй мæ зæрдæ фæрыст æмæ сфæнд кодтон ам хосгæнæндон саразын», – зæгъы Чилæхсаты Владимир.

Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы хосгæнæндонæй уый уадиссаг æфтиаг нæ исы. Абон æй цы уагмæ æркодта, ууыл дзæвгар фæрæзтæ бахардз кодта. Æрмæст æртагыл æрвылаз дæр уый бахардз кæны 150-180 мин сомы. Балцæджы аргъ та у 10 мин сомы, уыцы аргъæй фыст цæуы фиддон. Кусджытæн мызд æмæ бон цалдæр хатты хæрд, куы сæ æрнымайай, уæд уадиссаг ницыуал æфтиаг ратты хосгæнæндон.

Чилæхсаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уый ацы бынаты хосгæнæндон куы арæзта, уæд дæр зыдта, афтæ кæй уыдзæн. Фæлæ бизнес кæнынæн ын стыр ахъаз кæй нæ фæуыдзæн уый дæр мурмæ нæ дары. «Уадз алчидæр ацы бынатæй æнæнизæй здæхæт», – зæгъы  арфæйы хуызы Чилæхсаты Владимир.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.