Хуссар Ирыстонæн æрдз цы хæзнатæ балæвар кодта, уыдонæй сæ иу – Нагутнийы хъæды астæу цы хосгæнæндон ссардæуыд 1972 азы, уый. Доны æууæлтæ ахуыр куы æрцыдысты, уæд рабæрæг сты йæ хосгæнæн миниуджытæ. Хистæр кары цæрджытæ абон дæр æрымысынц, дон иууыл фыццаг кæй ссардта Нагутнийы хъæуы цæрæг, æххуырст фыййау. Фосы фæдыл зымæджы адзæгъæл хъæды. Бæлæсты ‘хсæн бамбæлд цæугæдоныл, кæцы нæ салд. Доны анализ æрвыст æрцыд Гуырдзыстонмæ æмæ уайтагъд уыцы бынаты фæзынд мæнгагъуыст. Уырдæм цæуын райдыдтой Гуырдзыстонæй ваннæтæ исынмæ. Цы-дысты йæм Знауыры районы цæрджытæ дæр. Фæлæ ирон-гуырдзиаг ныхмæлæуды рæстæджы фæндаг дæр æмæ мæнгагъуыст дæр æдзæллаг уавæрмæ æрхаудтой. Фæлæ разынд Знауыры хуыцауысконд адæймаг Чилæхсаты Владимир, кæцы сфæнд кодта хосгæнæндон сæндидзын кæнын. Йæ ном ын схуыдта «Ныфс» æмæ ныр уырдæм алы афæдз дæр бацæуы дзæвгар адæм. Æз мæхæдæг, ацы уацы автор, æрæджы улæфты бонты уыдтæн уым æмæ уын дзурын мæ тæлмæнтæ:

Хосгæнæндонмæ фæндаг. Асфальт фæндаг фæцис Знауыры æмæ дарддæр Балтайы хъæумæ бахæццæ стæм. Ам нæ æрурæдтой арæнхъахъхъæнджытæ, федтой нын не ‘мбæстагон бæлвырдгæнæн гæххæттытæ. Лæмбынæг нæ бафарстой, кæдæм æмæ цæмæн цæуæм. Нæ нæмттæ, нæ мыггæгтæ нын фæнысан кодтой сæхимæ æмæ нæ æфæндараст кодтой.

Иуæй-иу хъæутау Балта æдзæрæг хуыз не ‘вдисы. Фæндаджы былтыл капиталон арæзт дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ ивынц кæрæдзи. Зыны дзы ногарæзт хъæдын хæдзæрттæ дæр. Хъæуы цæрджытæ хæдзарон фос кæй дарынц, уый бæрæг у сæ кæртыты, стæй хъæууынгты хуытæ, родтæ, кæрчытæ фенæн кæй ис, уымæй. Мæнæ разынд Уæрæсейы арæнхъахъ-хъæнджыты заставæ дæр. Æдтæмæ дзы ничи зыны, фæлæ фæндагмæ фиксатортæ арæзт кæй ис æмæ алы уысм дæр хъахъхъæд кæй цæуы, ууыл гуырысхо нæ хъæуы. Куыддæр Балтайы хъæуæй Метъехмæ бахызтыстæм, афтæ æрбатары ис мобилон бастдзинад. Фæуынгæг æххæл-мæххæл фæндаг.

Фæлæ мæнæ аргъауы куыд вæййы, афтæ: фæндаджы дыууæ фарс бæрзонд бæлæстæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц. Фæндаджы иувæрсты та згъоры цæссыджы хуызæн сыгъдæг цæугæдон, уый сырсыр адæймагæн диссаджы æхцондзинад хæссы. Дарддæр фæндаг бацыд назхъæды астæуты. Нæзытæ рæхснæг, цыма арвмæ фæцыдысты. Фæндаг ранæй-рæтты лæбырд, лæсæн бынæттæ кæм ис, уым хафт, хуыр дæр ыл ныккалдтой, фæлæ куыд зыны, афтæмæй лæгдыхæй. Ацы аз фæндаг капиталонæй цалцæг не ‘рцыд. Раззаг азты-иу æй трактор алæгъзытæ кодта. Сахатæй фылдæр фæцыдыстæм Знауырæй Нагутнимæ, зынва-дат фæндаг кæй у, уымæ гæсгæ. Фæлæ алæмæттаг æрдзы хъæбысы цæуынæй, уæддæр æхцондзинад райстам.

Хосгæнæндоны. Мæнæ разынд хосгæнæндон «Ныфс». Æрбынат кодта тархъæды астæу. Улæфæн-донмæ хæстæг згъоры чысыл цæугæдон, раст ацы дон у хайджын хосгæнæн миниуджытæй. Стæгниз, нуæрттæ æмæ сæ астæутæй чи хъæрзы, уыдонæн ацы донæй ваннæтæ райсыны фæстæ вæййы у æвдадзы хосау. Сæхи фæхатынц тынг хорз.

Ам цы цалдæр коттедж æвæрд ис, уыдонмæ бахизын хъæуы хиды сæрты. Коттеджтæй дарддæр ма ам ис цалдæр хицæн бæстыхайы – хæрæндон, медпункт, ваннæтæисæн хатæнтæ нæлгоймæгтæн æмæ сылгоймæгтæн хицæнтæй, сæрдыгон мæнгагъуыст, библиотекæ телевизормæ кæм бакæсынц, ахæм хатæн, билярдон стол, шашкæтæ æмæ шахматтæ хъазæнтæн столтæ, тренажертæ. Иудзырдæй, ардæм улæфынмæ чи æрбацæуы, уыдон ваннæтæ  райсынæй дарддæр кæдфæндыдæр ссардзысты, сæхи кæм аирхæфсой, сæ рæстæг хъæлдзæгæй кæм арвитой, ахæм бынат.

Куыддæр хосгæнæндонмæ бахызтыстæм, афтæмæй нæ размæ худгæбылæй рахызт бынæттон амалиуæггæнæг æмæ пансионат «Ныфс»-ы сæнди-дзынгæнæг Чилæхсаты Владимир. Вало, афтæ йæ хоны алчи дæр фырбуцæн, уайтагъд мах, цытджын уазджытау мидæмæ акодта æмæ ныл улæфджытæ дæр бацин кодтой, цыма рагæй кæй уындмæ бæллыдысты, ахæм хиуæттæ сын баххæссыдыстæм. Улæфæндоны алфæмблай алыгъуызон дидинджытæй у аив фæлыст. Санаторимæ хъусдарæг кæд зымæджы бонты ам дæр вæййы, уæддæр уалдзæджы мæйты ам бирæ куыст æрцæуы улæфджыты æрбацыдмæ.

Коттеджтæ ахорын, хъæдын асинтæй чи бамбийы, уыдон раивын. Хуыссæнгæрзтæй æмæ мигæнæнтæй чи базæронд вæййы, уыдон баивынц ногтæй.

Хосгæнæндоны ис Иосиф Сталины цырт дæр, кæцы «Ныфс»-ы хицауæн балæвар кодта дзæнæттаг зынгæ историк азфыссæг Мæргъиты Алекси. Зæгъынц, зæгъгæ-иу алы аз дæр уый ам улæфыд. Ацы аз «Ныфс»-ы директор улæфджыты хæрзиуæгæн самал кодта интернет дæр. Уый фæрцы улæфджытæ кæсынц бирæ телеравдыстытæм, сæ бинонтимæ та сын бастдзинад вæййы кæдфæнды дæр. Раздæр-иу пансионаты улæфджыты тынг тыхсын кодта, сæ сывæллæттимæ адзурыны фадат сын кæй нæ уыд. Фæлæ-иу сæ уæддæр æртæ бон иу хатт Вало машинæйыл баласта, бастдзинад кæм ахста, ахæм бынатмæ æмæ-иу бадзырдтой сæ бинонтæм.

Уазджытæ: «Ныфс»-æй ацæуæн ис æхсæрдзæнтæм. Къæдзæхæй цы цыхцырæджы дон цæуы, уый бын хинайыны фæстæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма ногæй райгуырд.

Хосгæнæндоны цы улæфджытæ уыд, уыдон ‘хсæн уыдысты æвзонг лæппутæ æмæ цалдæр сывæллоны дæр. Куы сæ фарстам, дзæбæх у ам, уæд загътой, зæгъгæ, сын фадат ис æрдзыхъæбысы спортæй архайынæн дæр. Ам ма æрбаййæфтам профессорты, Хуссар Ирыстоны университеты ахуыргæнджытæ Плиты Гацыр æмæ Дзабиты Зарбеджы. Плиты Гацыр куыд зæгъы, афтæмæй цалдæр азы фæд-фæдыл цæуы ацы хосгæнæндонмæ æмæ кæддæриддæр баззайы райгондæй. Дзабиты Зарбеджы зæрдæмæ дæр улæфæндон тынг цæуы, уæлдайдæр та персоналы ахаст. Кæрдæджыты хосгæнæн æууæлтæ  Зарбегæй хуыздæр чи зоны, уымæ гæсгæ рæдауæй амыдта улæфджытæн цавæр кæрдæг, кæцы низы ныхмæ у. Ам улæфджыты ‘хсæн дзæвгар ис Цæгат Ирыстонæй æрцæугæтæ дæр. Сæ иу, Гæбæраты Мери зæгъы, зæгъгæ, йæ хотимæ ныр цалдæр аз фæдфæдыл фæулæфы ам. Къæхты низæй тыхсы æмæ ваннæтæ райсыны фæстæ бæрæг фæхуыздæр вæййы. Уæлдай райгонд уыд «Ныфс»-ы директорæй, аудгæ ахаст сæм кæй дары, уый тыххæй. Алы улæфæгæн дæр, йæ зæрдæмæ фæндаг ары. Бирæ рæтты, уыдтæн улæфынмæ, фæлæ Ирыстонæй хуыздæр сатæг уæлдæф никуыма федтам.

Улæфджыты æнæниздзинадмæ хъус дары дохтыр-терапевт Майсурадзе Мана-на. Дон алкæмæн нæ бæззы. Онкологи рæуджытæ æмæ цармы низтæй рынчын чи у, уыдонæн  ацы доны ваннæтæ нæ бæззынц, гæнæн ис æмæ низ сцырын уа. Хосгæнæндоны ис массажгæнæг дæр Кæсæбиты Эльзæ. У цæстуарзонæй лæггадгæ-нæг улæфджытæн. Зæгъы, зæгъгæ, улæфджытæн сæ фылдæр кæд ацæргæтæ сты, уæддæр сæ туджы æлхъывдадæй ам ничи фæтыхсы.

Проблемæтæ. Хосгæнæндонæн рагæй фæстæмæ йæ сæйрагдæр проблемæтæй иу уыд электроны рухсы цухдзинад. Ацы фарстыл бирæ азты куыстой нæ республикæйы разамынад, ныр уыцы фарст аскъуыддзаг ис. Æрмæст æртагыл-иу æрвылаз дæр «Ныфс»-ы къухдариуæгад бахардз кодта 180 мин сомы. Ныр та сæйраг цæлхдур сси фæндаджы уавæр. Хъæуы йæ тракторæй арæзтытæ кæнын.

Чилæхсаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уый зындзинæдтæй нæ тæрсы, зыдта хосгæнæндон аразгæйæ йæм разæй бирæ ныхдуртæ кæй æнхъæлмæ кæсдзæн.

«Фæлæ мын уæддæр тынг æхсызгон вæййы ацы бынатæй адæм  райгондæй куы аздæхынц, уæд», – зæгъы Чилæхсаты Владимир.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.