Паддзахадон информацион фæрæзты боны цытæн Информаци æмæ мыхуыры комитет йæ дæлбар уагдæтты иуæй-иу кусджыты схорзæхджын кодта Кады грамотæтæй. Комитеты сæрдар Хъотайты Мария раарфæ ракодта информацион фадыджы кусджытæн национ информацион фæрæзты боны цытæн. Банысан кодта, сæ хъуыддаджы стыр профессионалтæ кæй сты, уый.

«Уæ куысты стыр зындзинæдтыл кæд æмбæлут, уæддæр уыцы уавæрæй рахизут аккагæй. Хæстон рæстæджыты, финансон хъуагдзинæдты информацион фæрæзтæн сæ куыст никуы æрлæууыд. Кæддæриддæр тырнут уæ куыст æххæст кæнынмæ, журналисты принциптыл æнцойгæнгæйæ», – дзырдта комитеты сæрдар.

Хъотайты Марияйы цæст йæ дæлбаруæвæг уагдæтты кусджытæн бауарзта, æрмæстдæр, хъæлдзæг æмæ хорз цаутæ адæмы рæгъмæ хæссын, зæгъгæ, нæ макуыуал бахъæуæд трагикон цаутæ æвдисыны сæр.

Уый фæстæ Комитеты сæрдар цытджын уавæрты хорзæхтæ радта информацион фæрæзты, полиграфион кондадон баиугæнд æмæ агентад «Союзпечать»-ы кусджытæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.