Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдантæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты, кæцытæ хъахъхъæдтой 1989 азæй 2008 азмæ Райгуырæн зæххы æнæхъæндзинад æмæ хæдбардзинад.

Хорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Æрæмбырдуæвджытимæ ныхас кæнгæйæ, Президент раарфæ кодта се ‘ппæтæн дæр æрбалæугæ бæрæгбоны цытæн, æнæ уыдонæй Хуссар Ирыстоны адæм абоны бон нæ цæриккой æдас æмæ хæдбар республикæйы. «Хуссар Ирыстоны адæм сæрæстыр сты йæ хъахъхъæнджытæй, кæцытæ удуæлдайæ слæууыдысты йе ‘мбæстæгты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад   хъахъхъæнынмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй иутæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæй сæ амæлæты фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.