Уæрæсейы  Президент Владимир Путинæн

Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Арфæ кæнын дæуæн æмæ дæ номæй та Уæрæсейы Федерацийы бирæнацион адæмæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Историйы бирæ азты дæргъы уæрæсейаг адæм тох кодтой бæстæйы суверенитет æмæ хæдбардзинады, хатт та Уæрæсейы паддзахадæн йæ уæвыны бары сæраппонд.

Хуссар Ирыстоны адæм алыхатт дæр бузныджы æнкъарæнтимæ мысдзысты уæрæсейаг хæстон-сæрибаргæнæджы ном, кæцы 2008 азы августы йе ‘фсæддон хæсыл иузæрдионæй баззад æмæ æрурæдта Хуссар Ирыстонмæ цы тасдзинад æнхъæлмæ каст, уый.

Ацы нысаниуæгджын бон дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад, амонд æмæ ног æнтыстытæ бæстæйы хæрзиугæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевæн

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Арфæ дын кæнын æгæрон хъæбатырдзинад, хъайтардзинад, Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын æмæ æфсæддон хæсыл æнувыддзинады бæрæгбон –  Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Ацы бон нæ цардмæ фидарæй бахызт, куыд патриотизмы, лæджыхъæд æмæ æхсардзинады символ. Мах сæрыстыр стæм Советон æфсады хорз хæстон традицитæй æмæ ацы нысаниуæгджын бон мах кад кæнæм æхсарджын, уды скондæй тыхджын адæмæн, йæ цард Фыдыбæстæйæн службæ кæнынæн чи снывонд кодтой, уыдонæн.

Ацы нысаниуæгджын бон дын, цытджын Дмитри Анатолийы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, сабырдзинад æмæ æнтыстытæ бæстæйы æдасдзинад æмæ авторитет сфидар кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгумæ

Цытджын Сергей Кужугеты фырт!

Арфæ дын кæнын дæ профессионалон бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

23 февраль у æппæт нæлгоймæгты ахсджиаг бон, кæддæр пагæттæ æмæ æфсæддон формæ чи дардта, уыдоны, афтæ ма æппæт сылгоймæгты, кæцытæ тыхстæй æмæ сæрыстырæй æрыздæхынмæ æнхълæмæ кастысты Гарзджын тыхты рæнхъытæй сæ фырттæм, сæ фыдтæм, се ‘фсымæртæм.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Сергей Кужугеты фырт, æнæфæцудгæ фæндвидардзинад, бинонты фидар ныфс, æнæниздзинад, стыр æнтыстытæ дæ зын куысты Уæрæсейы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Гарзджын тыхты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цытджын ветерантæ, хæстонтæ-интернационалисттæ, Уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ! Республикæйы зынаргъ æмбæстæгтæ!

РХИ-йы Хицауады номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын бæрæгбоны цытæн!

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдтæ сты историон рæстдзинад, кæцыйæн аиуварсгæнæн нæй ныррыккон æхсæнады цахæмфæнды ивындзинæдтæй дæр. Патриотизм, хъæбатырдзинад, рæстдзинад æмæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын алыхатт дæр сты æмæ уыдзысты нæ адæммæ хуыздæрæй цы ис, уый.

Не ‘хсæнады стыр кад кæнынц æмæ сæ зæрдыл дарынц нæ хъайтартæ – Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдтæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сын дæттынц сæ хæстон кадджын традицитæ.

Ацы бон мах мысæм, хæсты быдыры чи фæмард æмæ йæ цард æфсæддон дæсныйадæн чи сынвонд кодта, йæ бæстæйы æмæ  уымæн æддейæ сабырад бахъахъхъæныныл чи тох кодта, æппæт уыдоны.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ уæ зын куысты Республикæйы хæрзиуæгæн! Сабырад æмæ амондæй хайджын ут!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

Фыдыбæстæйы цытджын хъахъхъæнджытæ! Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты зынаргъ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын  Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

Уый у иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, кæцы нымад у æхсардзинад, хъæбатырдзинад æмæ патриотизмы символыл æмæ иу кæны Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æппæт фæлтæртæ дæр. Ацы бон мах мысæм нæ дадаты æмæ нæ фыдты сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынæн æмæ Райгуырæн бæстæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фашистон тыхæйисджытæй бахъахъхъæнынæн. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм 1989-2008 азты гуырдзиаг неофашистты ныхмæ тох кæныны рæстæджы Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл чи тох кодта, уыцы лæппуты сгуыхтдзинæдтæ. Символикон у, ацы бæрæгбон мах кæй нысан кæнæм нæ республикæйы гарзджын тыхты сырæзты бон, кæцыты стыр хæстон цæттæдзинад æмæ службæмæ бæрнджын ахаст ифтонг кæнынц нæ республикæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнынмæ.

Мæ цæст уарзы Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн, æфсæддонтæн æмæ ветерантæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сыгъдæг арвы бын царды фæндиæгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.