Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон думæйы Хъахъхъæнынады фæдыл комитеты Сæрдары фыццаг хæдивæг Андрей Красов раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Иляйы фырт!

Арфæ дын кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн -æфсæддон æхсардзинад, хъæбатырдзинад, патриотизм æмæ Райгуырæн зæххæн удуæлдай  лæггад кæныны бæрæгбоны цытæн.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ азты цæрæнбон, амонд, фæрныгад, æнтыстытæ æмæ дидинæфтыд, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ, профессионалон æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ».

Парламенты Сæрдары арфæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æфсæддонтæ æмæ  ветерантæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон у ахсджиаг бæрæгбон, æппæт адæм кад кæнынц сæ хъахъхъæнджытæн, кæцытæн ардбахæрды æнувыддзинад у сæ хæс, æрымысынц ветеранты æмæ хæстонтæ-хъахъхъæнджыты, кæцытæ зын рæстæджыты хъахъхъæдтой райгуырæн зæхх.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн, кæцыйы Уæлахизы 75 азы юбилей мах нысан кæнæм ацы аз. Нæ сæрæй ныллæг кувæм уе сгуыхтдзинæдты раз, ахуыр кæнæм уæ цæвиттоныл, уарзын æмæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнын. Уый у патриотизмы æмæ нæ адæмы æппæт фæлтæрты иудзинады бæлвырдгæнæн.

Мæ цæст уын уарзы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, æнæниздзинад, амонд, сабырад æмæ хорздзинад, нæ ветерантæн та – бирæ азты цæрæнбон, бинонты хъусдард, афицертæ æмæ салдаттæн та – сабыр æмæ æнтыстджын службæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.