10 марты Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста паддзахадон уагдæтты кусæг сылгоймæгты иу къорды.

Президент куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон у ацы сылгоймæгтимæ фембæлд.

«Æхсызгон мын у, абон уемæ кæй æмбæлын, уый. Сымах кусут нæ райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн. Цы бынæтты кусут, уым архайут  æнæзæрдæхудтæй. Уый тыххæй уæ стыр бузныг дæн. Бузныг, нæ райгуырæн Ирыстоны уæззау рæстæджытæ куы уыд, уæд Хуссар Ирыстоны кæй баззадыстут æмæ уæ паддзахадæн, уæ адæмæн кæй æххуыс кодтат, уый тыххæй.

Президент куыд загъта, афтæмæй «абон Хуссар Ирыстон сæрибар, хæдбар, нымад бæстæ у. Нæ хæдбардзинад та банымадта нæ стратегион партнер – Уæрæсейы Федераци. Уый нæ тынг разæнгард кæны. Уыцы равг мах хъуамæ ма фесафæм. Мах хъуамæ рæзæм æмæ размæ цæуæм. Куыд æй уынæм, афтæмæй республикæ иу ран нæ лæууы, республикæ размæ цæуы, йæ хуыз ивы хуыздæрæрдæм. Хъуамæ æмбарæм, уый Уæрæ-сейы Федерацийы фарсхæцынады руаджы кæй у æмæ уый тыххæй бузныг стæм стыр Уæрæсейæ. Мах æй зонæм, куыд ахсджиаг нын у уыцы æххуыс. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ уыцы æххуысæй нын тынг фæзын уыдаид.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сусæггаг нæу, нырма дæр бирæ аразинаг кæй ис, уый, «фæлæ мах зонæм, куыд сæ саразæм, куыд аскъуыддзаг кæнæм проблемон фарстатæ. Мах сымахимæ стыр фæлтæрддзинад райстам, цæмæй фæтых уæм, нæ паддзахады раз  цы хæстæ лæууы, уыдоныл».

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, абон мах цæрæм вазыгджын этапы, нæхи цæттæ кæнæм президентон æвзæрстытæм. «Мах æй хъуамæ зонæм, нæ царды бирæ вазыгджын фæндæгтыл кæй рацыдыстæм. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ адæмы уыцы фæлтæрддзинад æмæ уыцы куырыхондзинад мах æркæндзысты, цы нысанмæ цæуæм, уырдæм.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ма президентон æвзæрстытæм баззад иу мæйæ къаддæр. Мах хъуамæ равзарæм радон фондз азæн ахæм Президент, кæцы адарддæр кæндзæн, цы хъуыддæгтæ райдыдтам, уыдон нæ паддзахады, нæ адæмы хæрзиуæгæн æмæ Уæрæсейы Федерациимæ цы бастдзинæдтæ сарæзтам, уыдон сфидардæр кæныны сæраппонд. Уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдон фарс хъуамæ рахæцæм æмæ сæ байдзаг кæнæм ног, хуыздæр мидисæй, кæцы фæахъаз уыдзæн нæ паддзахады дарддæры рæзтæн. Бауырнæт уæ, уыцы куыст мах кæнæм æнæрынцойæ. Æмæ нын уый бар дæтты, цæмæй мах сымахимæ иумæ адарддæр кæнæм нæ куыст. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ адæм уый æмбарынц æмæ 9 апрелы сараздзысты раст равзæрст – хъæлæс ратдзысты уыцы адæймаджы тыххæй, кæцыйы программæ æмæ хъуыдытæ сты нæ паддзахады хæрзиуæгæн. Адæм сæ равзæрст хъуамæ саразой æнæ æддагон æндæвдадæй. Мах нæ размæцыды бæрзонд æмвæзадыл стæм æмæ  уыцы фарстмæ хъуамæ бацæуæм цивилизацион æгъдауæй», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Дарддæр паддзахады сæргълæууæг паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта сылгоймæгты. Уый фæстæ сын ноджыдæр раарфæ кодта Сылгоймæгты дунеон боны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нырма нæ бæстæйы сылгоймæгтæй бирæтæ сты паддзахадон хорзæхты аккаг, фæлæ, куыд фæзæгъынц, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы.

Президент сæрмагондæй раарфæ кодта Ахуырады министрады хаххыл Президенты уынаффæгæнæг Темина Казаховайæн, кæцы бæрзонд хæссы куыд ирон сылгоймаджы, афтæ йæ раттæг уырыссаг сылгоймаджы кад дæр.

 

***

10 марты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд тыхон структурæты минæвæрттимæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон у, ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ  Ирыстоны чи хъахъхъæдта æмæ хъахъхъæны, кад ын чи кæны, уыдонимæ фембæлд.

«Абон сымах æххæст кæнут закъон, архайут, цæмæй нæ республикæ уа сæрибар. Мæн уырны, æмæ дарддæр дæр лæудзыстут уыцы фæндагыл – хъахъхъæндзыстут нæ паддзахады сабырдзинад æмæ стабилондзинад. Фаг нын уæнт, цы уæззау цаутæ бавзæрстам æмæ федтам, уыдон.  Бæрæг куыд у, афтæмæй 20-æм æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ хуссарирыстойнаг адæм уæззау уавæры уыдысты. Цæрæнбонты цы сыхæгтимæ цардыстæм, уыдон ныл гадзрахатæй рацыдысты æмæ  нæ адæмы ныхмæ хæст ра-сидтысты. Фæлæ мах бахъахъхъæдтам нæ бæстæйы æмæ абон нæ зæххыл цæрæм сæрибарæй æмæ мах хъуамæ архайæм ууыл, цæмæй нæ зæнæг, нæ зæнæджы зæнæг ацы зæххыл сæхи хатой сæрибарæй», – загъта Президент.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй абон æппæт дæр арæзт æрцыд, цæмæй Хъахъхъæнынады министрад дæр æмæ Мидхъуыддæгты министрад дæр размæ цæуой. Президент ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Гарзджын тыхты службæгæнджытæн 2004 азæй 2008 азмæ иу аз нымад цæудзæн æртæ азыл.  Тыбылты Леонид ма загъта, зæгъгæ, йæм  ноджыдæр ис бирæ фæндтæ, цæмæй Хъахъхъæнынады министрад размæ цæуа, уый тыххæй.

«Ацы министрад æмбæлон æмвæзадыл цы бæстæйы вæййы, уыцы бæстæ алы хатт дæр йæхи фæхаты фидарæй», – загъта уый.

Президенты ныхæстæм гæсгæ ацы бонты Хицауады уыдзæнис æмбырд, цыран уынаффæ рахастæуыдзæн,  Мидхъуыддæгты министрадæн цы коэффициент рахастæуыд,  уыцы коэффициент цæмæй нымад æрцæуа Гарзджын тыхты службæгæнджытæн дæр æмæ сын 2004 азæй 2008 азмæйы стаж дæр фæфылдæр уа. Фæстæдæр та архайдæуыдзæн, цæмæй уыцы уынаффæ апарахат уа паддзахадон хъахъхъæнынады службæгæнджытыл дæр.

Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй йæм ис иу куырдиат, уый та у закъондзинад æмæ фæтк хъахъхъæнын. «Иу мæй ма баззад президентон æвзæрстытæм, æмæ æвзæрстытæ хъуамæ ауадзæм сабырæй, стабилонæй. Ацы хъуыддаджы сæйраг хæс ис сымахыл».

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, зæгъгæ, «нæ адæмæн хъуамæ саразæм  æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сæ бон уа æмбæлон æгъдауæй цæрын,  æвзæнгтæн сæ бон уа рæстæгыл бинонтæ æркæнын,  цæмæй  сын цы хъæбултæ уа, уыдон  цъæх  арвы  бын  цæрой. Уыцы хъуыддаг та ис уæ къухы. Раст у, Президентыл дæр стыр хæстæ ис, нырма аразинаг дæр бирæ ис хъæууон хæдзарады дæр æмæ экономикæйы фадыджы дæр. Цæмæй æппæт дæр арæзт æрцæуа, уый тыххæй хъæуы сабырдзинад.  Мах нал кæндзыстæм 2011 азы кой, уадз, уый баззайæд историйы. Уыцы аз лæууыдыстæм мидæггагон хæсты къæсæрыл, уый та у иууыл цъаммардæр хæст. Цæмæй уыцы хъуыддæгтæ ма æрцæуой, уый тыххæй мах сымахимæ  иумæ хъуамæ архайæм. Мæн фæнды, цæмæй Уæрæсейы æххуысæй цы царды бацыдыстæм, уыцы цард дарддæр кæнæм. Махæн не скаст, нæ фæндаг Уæрæсейы ‘рдæм у», – загъта уый.

Президент радзырдта референдумы тыххæй дæр. «Референдум уадзæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны фарст цæрæнбонтæм скъуыддзаг æрцæуа, раздахæм ын йæ историон ном Алани. Уый хъуамæ фидар æрцæуа конституцион æгъдауæй. Уый тыххæй бирæ куыст æрцыд, бирæ бакуыстой ахуыргæндтæ дæр, уый фæстиуæгæн нæм бирæ æрвыстæуыд фыстæджытæ дæр. Мæн уырны, æмæ референдумы адæм сæ ныхас зæгъдзысты нæ паддзахады историон ном раздахыны пайдайæн.

Уый фæстæ Президент Тыбылты Леонид тыхон стуктурæты службæгæнджытæй иуты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй, иннæтæн та радта æфсæддон чинтæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.