Сӕдӕ азы размӕ Хуссар Ирыстоны цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцыд нӕ сыхаг Гуырдзыстоны нацистон политикӕйы фӕстиуӕгӕн, уымӕн абоны онг барадон аргъ не ‘рцыд, кӕд ӕй бирӕ бӕстӕтӕ зонынц, уӕддӕр. Афтӕмӕй та  дунеон ӕмӕхсӕнады ӕрдыгӕй карз тӕрхоны аккаг ӕмӕ йӕ официалон ӕгъдауӕй «Ирон адӕмы геноцид» схоныны аккаг, ӕгӕрыстӕмӕй, фыдгӕнджытӕм  цы номӕй бадзурӕм, уый зӕгъын дӕр нын зын кӕны… Хъӕуты  цъыбыртты сыгъд бакодтой, адӕмы стырӕй-чысылӕй  ӕнӕвгъау фӕцагътой, сӕ фос сын атӕлӕт кодтой.

Цагъды уӕлдӕйттӕ ма удаистӕй сӕхи аппӕрстой Цӕгат Ирытонмӕ ӕмӕ уыдонӕн дӕр се ‘мбисы бӕрц зындзӕуӕн хӕххон бынӕтты бабын сты… Ӕмӕ сын чи фӕнымайдзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ!? Беджызаты Чермен,  Хъуылаты Сикъо ӕмӕ ӕнд. фыстытӕм лӕг куы  ӕркӕсы, уӕд зӕрдӕ скъуыдтӕ байдайы…

Ӕниу, мӕнмӕ иу хабар диссаг  кӕсы: Жорданиайы туггопп абырджытӕ  куыд нӕ бахъыгдардтой Чысангом ӕмӕ Лехурагомы цӕрджыты  ӕви уыдон Къуыдаргом ӕмӕ Дзаугомы  цӕрджытӕй къаддӕр тох кодтой  гуырдзиаг меньшевикты ныхмӕ? Ӕмбисондӕн хӕссинагӕй куы баззад легендарон адӕмон хъайтар, кады зарӕг кӕуыл  скодтой, уыцы Дриаты Антъоны ӕмӕ  йӕ дружинӕйы тох, нырма ӕлдӕртты ныхмӕ, стӕй та меньшевикты ныхмӕ. Науӕд Хуыбиаты Уасо ӕмӕ йӕ нӕртон ӕфсин Хацырты Уӕлгъа. Сӕ диссаджы сгуыхтдзинӕдтыл сын Хацырты Сергей трилоги дӕр-ма ныффыста ӕмӕ йӕ  уырыссаг ӕвзагыл дӕр рауагъта. Къаддӕр хъӕбатырӕй йӕхи нӕ  равдыста ме ‘рвад Хъодалаты Уасил, Коцойты Арсены радзырд «Ӕнхъӕл нӕ  уыдысты»-йы гуырдзиаг ӕл-дары чи  агӕрах кодта Цъхъиурайы рагъыл, уый. Се ‘ппӕты нӕ нымайдзынӕн, уыдон литературӕйы дӕр ӕмӕ историйы  дӕр мӕгуырау ӕвдыст не сты.

Фӕлӕ, ноджы-ма йӕ зӕгъын,  ӕвыдӕй куыд ныууагътой Лехурагомы цӕрджыты? Чысангомы  цӕрджытӕн ма  сӕ фылдӕр хай гуырдзиӕгтӕ уыдысты  ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ нӕ февнӕлдтой, фӕлӕ Лехурагомы иунӕг гуырдзиаг дӕр нӕ цард, афтӕмӕй сӕ уӕддӕр «нӕ бахъыгдардтой». Ӕви дын дӕ рахиз цонг исчи куы ралыг кӕна,  уӕд уымӕй галиу цонг не схъӕрздзӕн? Ӕниу, гуырдзиаг абырджыты фыдракӕндӕй мӕнӕн мӕхи хъӕуы  цӕрджытӕ мӕгуырау нӕ фӕхайджын сты. Цы  хуызы? Уый уын ныртӕккӕ радзурдзынӕн.

Уӕллаг Захъхъоры ис дыууӕ мӕсыгы. Иу дзы хонынц «Къабаурийы мӕсыг», иннӕйы та – «Мӕсыг». Къабаурийы  мӕсыг ис Хурыскӕсӕнырдыгӕй  хъӕдгӕрон, фӕз бынаты. Хъӕумӕ  иу  кило-метры дӕрддзӕгӕн. Цы ар-хитекторон стильмӕ гӕсгӕ арӕзт у иу дынджыр къӕдзӕхыл, уый мӕ бон зӕгъын нӕу. Уыйхыгъд, «Мӕсыг» у ирон типыл амад. Цыппӕрдигъон, куыдуӕлӕмӕ – нарӕгдӕр, конусы хуызӕн. «Мӕсыг» лӕууы хъӕумӕ иуфондзсӕдӕ метры дӕрддзӕгӕн къуыппыл, йӕ алыварс – хъӕддаг дыргъ-бӕлӕстӕ, пыхсджын хъӕдтӕ, сындзытӕ. Цӕгатæрдыгӕй йӕ фӕрсты цыдис фӕндаг Цъолды хъӕуырдӕм. Раст уыцы фӕндагыл ссыдысты,  Чысангомӕй Хуссар Ирыстонмӕ хӕцынмӕ чи рацыд, Жорданиайы уыцы абырджыты иу егъау бардз. Мӕсыгы уӕллаг  фарсмӕ куы схӕццӕ  сты, уӕд уым  ӕрурӕдтой сӕ уаргъджын ифтыгъд бӕхты ӕмӕ нӕугӕрдӕг фӕзы ӕрривӕд кодтой,  сихорафон уыд  ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, стыррын хордтой. Бӕхты ауагътой нартхоры хуымы ӕмӕ ӕнӕхъӕн  гектары бӕрцыл фӕхызтысты дыууӕ сахаты бӕрц. Хӕргӕ цы бакодтой, иннӕ та сӕ къӕхты бын ныссӕстой.

 Тӕвдтуг ӕмӕ ӕхсарджын уыдысты фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ Уӕллаг Захъхъоры фӕсивӕд. Ӕгаддзинад сӕ сӕрмӕ никуы ‘рхастой, уарзтой хӕдбардзинад ӕмӕ йӕ сӕраппонд кӕддӕриддӕр цӕттӕ уыдысты тохмӕ. Сӕхи принципиалон ӕмӕ нысанмӕздӕхтӕй равдыстой 20-ӕм азты рӕстӕджы дӕр. Сӕ сӕртӕ не ‘ркъул кодтой фыдгулы раз, не сразы сты уыдон домындзинадыл, сӕ хотыхтӕ исынмӕ сын куы ‘рхъавыдысты, уӕд. Мӕнӕ куыд фыссы тугдзых меньшевиктӕй сӕ иу, Адӕмон Гвардийы командир, Хуссар Ирыстоны  арты хай чи бакодта, уыцы Джугъели Валико: «6 августа 1918 г. Захори. (Захъхъор).

  Рано утром выступаем из Ахал-Гори. Сейчас мы на привале. Были танцы, песни. Гвардейцы веселы и довольны… Досада берет: осетины упорно не сдают оружие. Приходится прибегать к арестам. Приходится…»

…Ӕмӕ куы федтой, сӕ  нартхоры  хуымтӕ сын кӕйдӕр  цъаммар «бурнымӕтджынты» (афтӕ сӕ хуыдтой) бӕхтӕ сафынц, уӕд се ‘хсӕнӕй чидӕр хъӕуысӕрӕй сыгъдӕг гуырдзиагау ныхъхъӕр кодта: «Цы  аразут, ӕдзӕсгӕмттӕ, цы? Худинаг уӕм ницы кӕсы?»

Ацы карз уайдзӕфы хъӕрӕн дзуапп радтой цалдӕр топпы гӕрахӕй. Мӕ зӕрде, канд ӕхсӕнгарзӕй нӕ уыдысты ифтонг, фӕлӕ ма семӕ бӕхуӕрдоныл бастӕй ластой сармадзан дӕр… Иу сахаты бӕрц  рацыдаид, афтӕ, сихор куы ныстыррын кодтой, уӕд сӕ бӕхты ӕрцахстой ӕмӕ та фыдракӕндон балцы фӕндагыл  слӕууыдысты. Уалынмӕ мӕсыгӕн  Цӕгатварсырдыгӕй ахӕм гуыпп фӕцыдис,  ӕмӕ, канд фӕсмӕсыгы ком  нӕ ныннӕрыдис, фӕлӕ ма сыхаг хъӕутӕ  дӕр сызнӕт сты… Туггопп бӕхджынты бардз къахвӕндагыл уӕлӕмӕ схӕрд  кодтой хъӕдгӕроны ‘рдӕм. Мӕсыгы сӕрмӕ та пиллонӕй сыстад рыгхӕццӕ  фӕздӕг ӕмӕ исдугмӕ нал  аггуырст йӕ бынатӕй. Афтӕ  йӕ  мӕрдты пырх ныккалдта бардз Захъхъорӕн сӕрыстырдзинад, фидар-дзинад, ӕнусондзинад чи уыдис фыдӕлтӕй  фӕстӕмӕ, уыцы рӕсугъд амад мӕсыгыл ӕмӕ  йӕ фарс уӕрдоны цалхӕй егъаудӕр сӕртхуынкъӕй баззадис… Ӕз-иу   ӕвзонг лӕппуйӕ  ме ‘мбӕлттимӕ арӕх  сбырыдтӕн ацы мӕсыджы хуылфмӕ ӕмӕ-иу  уыцы хуынкъӕй ӕддӕмӕ кастыстӕм,  куы та-иу дзы йӕ мидӕг цы  егъау бӕлас ӕрзадис, ууыл схызтыстӕм ӕмӕ-иу цымыдисӕй нӕ цӕст хастам фидары къуымты.

  Бонтӕ цыдысты, куыд стырдӕр кодтон,  афтӕ мӕ цымыдис рӕзти: мӕсыг йӕ цъуппытӕй хӕлы, ӕмӕ ам та йӕ  фарс у хӕлд… Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ  уырдыгӕй дуртӕ рахауа…

Гъе, ӕмӕ, боныфӕстагмӕ, ацы  цымыдисон фарстӕн 60 азы размӕ райстон биноныг дзуапп. Цӕвиттон, нӕхи  хъӕуккаг куырыхон зӕронд лӕг  Сотаты Чаисмел радзырдта ацы  фыдгӕнды хабар, фӕлӕ мӕм стыр диссаг кӕсы, абоны онг ӕй  куыд никуы ныффыстон, кӕд  ӕмӕ  мӕ этнографион очерк «Лехурагом»-ы,  канд Уӕллаг Захъхъоры нӕ, фӕлӕ ӕгас Лехурагомы,  алкӕуыл ӕмӕ алцӕуыл дӕр ныффыстон, уӕд? Ӕниу, ам хорз рафидауид уырыссаг ӕмбисонд: «Лучше поздно, чем никогда».

                      15.08.2020 аз,

ХЪОДАЛАТЫ Герсан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.