Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты цы уæлмæрд ис, уым иууыл раздæр кæй бавæрдтой, уыдонæй сæ иу  у  Ирыстоны хъайтар Тасойты Инал (Коммунист). Уый йæ адзал ссардта знаджы нæмыгæй, фæлæ йæ ном цæргæйæ баззад. Гуырдзыстоны æфсад куы ‘рбабырстой нæ  горæтмæ 1991 азы цыппурсы мæйы, уæд сæ ныхмæ тохы ссардта йæ мæлæт Коммунист. Згъудеры уæлмæрдыл знæгтæ æрхъула кодтой, нæ мæрдтæ дæр нын уæлмæрдмæ нæ уагътой, æмæ уæлмæрд бар-æнæбары фæзынд 5-æм скъолайы кæрты. Тасойты Инал гыццылæй цы скъоламæ бацыд ахуыр кæнын-мæ, æнусон æнцойад дæр уый кæрты ссардта. Цхинвалы цы уынгыл цард, уый дæр ныртæккæ хæссы хъайтары ном. 2016 азы та йын йæ хæдзарыл бакодтой мемориалон фæйнæг йæ хуызистимæ.

Æртæ азы размæ 5-æм скъоламæ 4 «б» классы ахуыргæнинæгты ногдзаутæм куы истой, уæд сæ къорд схуыдтой Тасойты Иналы номыл. Сæ къласгæс Бежанты Мананæ куыд зæгъы, афтæмæй сабитæн сæхи фæнд уыд сæ къордæн Фыдыбæстæйы хъайтары ном радтын. «Мах архайæм, цæмæй  Иналы мад  æппынæдзух уа нæ къорды  хъусдарды бын. Зæгъæм, ивгъуыд аз Коммунисты хæдзары раз ныссагътам алыгъуызон дидинджытæ, бафснайдтам сын сæ кæрт. Æппынæдзух ахуыргæнинæгтæ сæ хъус дарынц Иналы уæлмæрдмæ. Мах абон сабыр арвы бын цæрæм Коммунист æмæ уый хуызæн хъæбатыр лæппуты фæрцы», – загъта Мананæ.

18-æм январы Тасойты Иналæн у йæ гуырæн бон. Ацы аз ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 59 азы. Уыцы бонмæ 6 «б» къласы ахуыргæнинæгтæ бацыдысты æмæ бафснайдтой хъæбатыр лæппуйы ингæн. Бежанты Мананæ сын Коммунисты цырты раз ауагъта патриотикон урок. Ацы хъайтары биографи кæд лæмбынæг зонынц сабитæ, уæддæр ма æрæджы ахуыргæнæджы къухы бафтыд Тасойты Иналы царды тыххæй ног зонæнтæ, æмæ уыдонимæ дæр базонгæ кодта ахуыргæнинæгты.

Хорз уаид иннæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр ацы хъæппæрис куы райстаиккой æмæ æндæр хъайтарты цыртытæм дæр куы цæуиккой сæ райгуырæн кæнæ сæ мæлæты бон, цæмæй рæзгæ фæлтæр хуыздæр зоной, Ирыстоны сæрвæлтау сæ цард чи радтой, уыцы  хъайтарты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.