Нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы 5 «в» къласы ахуыргæнинæгтæ бафснайдтой, скъолайы кæрты Ирыстоны сæрыл фæмардуæвджытæн цы уæлмæрд ис, уый. Уыцы хъæппæрис равдыстой сæ ахуыргæнджытæ Бежанты Манана æмæ Гæбæраты Екатеринæ.

«Ацы бон мах æрæмных кодтам акци «Зæххы бон»-мæ. Æфснайынмæ цы сывæллæттæ рахызтысты, уыдон сты ногдзауты къорд æмæ хæссынц ацы скъолайы рауагъдон, ирон-гуырдзиаг хæсты амæттаг Тасойты Иналы (Коммунисты)  ном.

Уæлмæрд æфснайд æрцыд иууылдæр, ам цы зынгхуыст хъайтартæ ссардтой се ‘нцойад, уыдон цыртытæ цæхæр скалдтой. Ныссагътой дзы алыгъуызон дидинджытæ.

Бежанты Мананæ куыд зæгъы, афтæмæй 1990-1992 азты нæ лæппутæй æвзонгæй чи фæхъуыд, уыдон ‘хсæн уыд Тасойты Инал дæр, йæхицæн скодта æнусон ном. Цхинвалы цы уынгыл цард, уый хæссы йæ ном. 2016 азы йын йæ хæдзарыл бакодтой мемориалон фæйнæг йæ къамимæ. Тасойты Инал скъолайы хуыз-дæр рауагъдонты æмрæнхъ ма 1990 азты активон хайад иста райгуырæн бæстæ гуырдзиаг националисттæй бахъахъхъæныны хъуыддаджы дæр. 1991 азы цыппурсы Гуырдзыстоны экстремисттæ куы æрбабырстой нæ горæтмæ, уæд уыцы тохты Коммунист ссардта йæ мæлæт. Згъудеры уæлмæрдмæ æнцонтæй ссæуæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ бавæрдтой йе скъолайы кæрты.

«Махæн нæ къорд хæссы Тасойты Иналы ном. Архайæм, цæмæй Инал цы Ирыстонæн снывонд кодта йæ цард, уымæн аккаг фæлтæр уæм. Мах ын канд йæ ингæнмæ нæ дарæм нæ хъус. Йæ ныййарæг мад дæр ис къорды хъусдарды бын. Ивгъуыд къуыри та сын сæ хæдзары раз ныссагътам дидинджытæ», – зæгъы ногдзаутæй сæ иу.

Ахæм акцитæ аразын скъолаты ахуыргæнинæгтæм æвзæрын  кæнынц патриотон æнкъарæнтæ. Рæзгæ фæлтæр сæ райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты куы зоной, æмæ сын аргъ куы кæной, уæд сын уый дæтдзæн æрмæстдæр хорз фæстиуæг.

5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ Бежанты Манана æмæ Гæбæраты Екатеринæ куыд загътой, афтæмæй ногдзауты æрмæст Тасойты Иналы царды хабæрттæ нæ цымыдис кæнынц. Ам, 5-æм скъолайы кæрты йе ‘нусон бынат чи ссардта, уыдонæй зонынц алкæйы царды хабæрттæ дæр. Кæм æмæ цы уавæрты цардысты, куыд ссардтой сæ мæлæт, сæ фæстæ кæй ныууагътой…

5-æм скъолайы ногдзауты къорд дарддæр та хъавы Фыдыбæстæйы хæсты фæмардуæвджыты номыл цы мемориалон цыртытæ ис, уыдон алфæмблай ныссыгъдæг кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.