Ацы аз Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы æхсызгон цау. Ам эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн иумиагахуырадон астæуккаг скъола æмæ сывæллæтты цæхæрадоны комплексон дыууæуæладзыгон бæстыхай. Скъолайы уыдзæн 70 ахуыргæнинагæн бынат, сывæллæтты цæхæрадоны та – 30 сабийæн.

Дыууæ уагдоны дæр ифтонг æрцæудзысты хъæуæг дзаумæттæ æмæ ифтонггæрзтæй, афтæ ма хæрзарæзт æрцæудзæнис йæ алыварс территори дæр – арæзт дзы æрцæудзысты спортивон æмæ хъазæн фæзуæттæ.

Проект æххæст цæуы 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономи-кон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты. Дыууæ проекты иумæйаг сметæйон аргъ у 86 милуан 600 мин сомы.

Объектты арæзтады фæдыл куыстытæ æххæст кæны хуссарирыстойнаг арæзтадон фирмæ, арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Бадо». Ацы организацимæ ис арæзтады къабазы бæрæг фæлтæрддзинад. Уый 2014 азы сарæзта Дменисы хъæуы рæсугъд дыууæуæладзыгон бæстыхай – сывæллæтты цæхæрадон, афтæ ма 2015 азы сцалцæг кодта Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы бæстыхай.

Арæзтадон фирмæ «Бадо»-ы генералон подрядон Уалыты Владиславы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ объекты кæнынц фыццаг уæладзыджы æмбæрзæн куыстытæ, амайынц лæсгæртæ.

«Лæсгæртæ уый тыххæй арæзт цæуынц, цæмæй хатæнтæй пайда кæнын хæрзвадатдæр уа. Амайгæ та сæ фылдæр кæнæм агуырийæ, уымæн æмæ уый тынгдæр уромы хъæлæба, уымæлад æмæ у гигиенондæр», – банысан кодта Уалыты Владислав.

Ныртæккæ объекты кусынц 35 адæймагæй фылдæр æмæ 3 иуæджы та арæзтадон техникæ. Эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа ацы азы кæронмæ. Уалыйы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй кусджытæн се ‘мбис сты бынæттон цæрджытæ, иннæтæ та – цæгаткавказаг республикæтæй специалисттæ.

«Ног комплексон бæстыхайы ахуыргæнæн кабинеттæй дарддæр уыдзысты актон æмæ спортивон залтæ, хæрæндон, спецкабинеттæ æмæ техникон хатæнтæ. Иу ныхасæй, ахуыргæ-нæн уагдоны цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Бæстыхайы фасады бамбæрздзысты агуырийæ», – загъта Уалыты Владислав.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.