Донецкы Адæмон Республикæйы хæстон архæйдтытæ кæй цæуы, уымæ гæсгæ февралы мæйы фæуды Хуссар Ирыстонмæ эвакуацигонд æрцыдысты 42 адæймаджы, кæцыты хсæн ис 12 сывæллоны. Ацы лигъдæттæн нæ республикæйы къухдариуæгады æмæ ма хуымæтæг цæрджыты æрдыгæй дæр ис хорз хъусдард, – ницы цух сæ уадзынц, арæзт сын æрцыдис æппæт уавæртæ дæр. Рæстæгмæ цæрынæн та сын рахицæн кодтой ресторан «Виктория»-йы уазæгдон æмæ дзы милицийæн æвæрд æрцыдис пост сæ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй.
Милицийы кусджыты ма бафæндыд, цæмæй ацы лигъдæттæм истæмæй фæкæсой, баххуыс сын кæной, æмæ ведомствойы рæнхъон сконд æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ. Хызынты ма сын бацæттæ кодтой лæвæрттæ æмæ сын сæ цытджын æгъдауæй радта Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Марданты Спартак. Фембæлды рæстæджы сын зæрдæбынæй раарфæ кодта æмæ сын загъта ныфсы ныхæстæ.
«Сымах ныры онг бирæ зындзинæдтæн ныффæрæзтат, хæст уæ алкæй бинонтыл дæр бандæвта. Фæлæ хи ауадзын нæ хъæуы – фашисттæн бирæ рæстæг нал ис. Хуссар Ирыстоны адæм дæр ахæм фæндагыл рацыдысты æмæ уæ мах хуызæн ничи æмбары абоны бон», – загъта Марданты Спартак.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.