Цард размæ куыд цæуы, афтæ йемæ хæссы бирæ ногдзинæдтæ. Рæстæджы цыдимæ, æмбæстæгтæ, æхсæнад кæмæй фæпайда кæнынц, уыцы  дзаумæттæ,  мигæнæнтæ  дарддæры куыст æмæ архайдæй ацух вæййынц, сæ бынат та сын бацахсынц æндæртæ. Фæлæ уыдо-нæн сæ цард ууыл нæ ахицæн вæййы, æрбынат кæнынц иу агъуысты æмæ сæ базонынмæ фæцæуынц, чи сæм фæцымыдис кæны, уыдон. Уыдонæн райдзаст бынат чи æрцæттæ кæны, æмбæстæгтæн уыцы ран æхцондзинад чи хæссы, ивгъуыд царды историимæ сæ чи зонгæ кæны, уый та у музей.

Нæ уацхæссæг Хуыбиаты Никъала бахатыд Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор Зассеты Мерабмæ, æмæ йын цыбыртæй радзырдты сæ куысты тыххæй:

– Хуссар Ирыстоны музей сырæзт 1923 азы, райдианы йæ куысты уавæртæ æмæ фадæттæ нæ уыдысты зæрдæйы фæндиаг. Фæлæ рæстæджы цыдимæ хуыздæр кодтой йæ авналæнтæ, хъæздыгдæр кодта алыгъуызон цымыдисон экспонаттæй æмæ уымæ гæсгæ тынгдæр цымыдис æвзæрын кодта æмбæстæгтæм. Музей у удæгас организм, æппынæдзух кæны змæлгæ æмæ йæм хъуамæ нæ хъусдард здахæм. Нæ музейæн рагон истори ис æмæ райдианæй фæстæмæ архайы æмбæстæгты зæрдæ ссарыныл. Советон рæстæджы цыдæриддæр цаутæ æрцыд Хуссар Ирыстоны, уыдон иууылдæр сæ бынат ссардтой музейы. Ацы уагдонмæ тынг цымыдис кæнынц адæм, уымæн æмæ зноны бон куынæ зоной, уæд сомбонмæ цæуæн нæй, хъуамæ кæстæрты цымыдис здахæм канд абоны цаутæм нæ, фæлæ ивгъуыд æмæ сомбонмæ дæр. Хуссар Ирыстон уæззау фæндæгтыл рацыд, дзæвгар фыдæбæттæ бавзæрста æмæ уыдон æппæрццагæй бандæвтой куыд не ‘мбæстæгтыл, афтæ музейы цардыл дæр. Махмæ уыйбæрц хæзна фесæфт, æмæ уыдонæн ныр нал ис баххæстгæнæн. Уыцы хъуыддаг зæрдыл даргæйæ, музейы кусджытæ æмæ республикæйы раздæры Хицауад æппæт дæр сарæзтой, цæмæй Гуырдзыстоны ныхмæлæуды рæстæджы зынаргъ экспонаттæ æмæ Тъехты Баграты археологон хъæздыгад иууылдæр æфснайд æрцыдаиккой Дзæуждыхъæуы музейы æмæ сын уыцы стыр æххуысы тыххæй зæгъæм æгæрон бузныг. Музейы зæронд агъуыст бынтон кæлæддзаг уавæры кæй уыд, уымæ гæсгæ дзуапп нал лæвæрдта абоны домæнтæн. Ног музейы агъуыст сцæттæ 2015 азы. Уæд батыхстысты кусджытæ æмæ уыцы æрмæджытæ фæстæмæ ссардтой сæ бынат. Уыдонæн уал сарæзтой инвентаризаци, сарæзтой сын экспозици æмæ уал абоны бон цы хуызы сты, ахæм уавæры семæ зонгæ кæнынц ардæм æрбацæуæг æмбæстæгтæ. – Мæн фæнды, – зæгъы Зассейы фырт, цæмæй нæ археологон æрмæджытæй сæ иутæ уой, ныгæд цы хуызы уыдысты, афтæмæй бæстон семæ зонгæ кæной адæм. Зæгъæм, хæстонæн йемæ æвæрдтой хæцæнгарз, зæхкусæгæн та къæпи, æхсырф æмæ афтæ дарддæр. Раст сын уыдонмæ гæсгæ хъуамæ саразæм систематизаци. Зæгъын æмбæлы иннæ скъуыддзагкæнинаг фарсты тыххæй дæр. Бирæ нæм ис куыд нæхи, афтæ æндæр адæмты нывгæнджыты куыстытæй дæр. Уыдон та кæмдæр фæсвæд ма хъуамæ уой, фæлæ семæ зонгæ кæной æрбацæуджытæ. Фæлæ махмæ нырма афтæ нæу, нывтæн сæ фылдæр æвæрд сты фондты, кæм сæ равдисæм, ахæм бынат нæм нæй. Нæ фæнд у, цæмæй цæхгæрæвæрæд къултыл иууылдæр уа кронштейнтæ æмæ сæ уæлæ равæрæн уыдзæн нывтæн.  Цæвиттон,  иу  къуыри  равæрдзыстæм иу нывгæнæджы нывтæ, хъусынкæнинаг адæтдзыстæм адæммæ, æрбацæудзысты æмæ семæ базонгæ уыдзысты. Уый фæстæ та уым уыдзæн æндæр нывгæнæджы нывтæ æмæ афтæ дарддæр. Абоны онг уал, цы нывтæ равæрæм, уыдоны нымæц вæййы  10-12 æмæ уый бынтон цъус у. Ацы фарстайы тыххæй дæр архайæм æмæ мæ ныфс ис, рæхджы æвæрццагæй кæй æрбæстон уыдзæн. Этнографийы хай хъавынц бинаг уæладзыгмæ æрхæссынмæ. Дарддæр дзы уыдзæн Хуссар Ирыстоны æрдзы экспозици, уыдзысты дзы цæугæдæттæ, хæхтæ, бæлæстæ æмæ æндæр ахæмтæ, цæмæй æрбацæуæг банкъара нæ æрдзы рæсугъддзинад. Уый фæстæ хъуамæ ахизæм нæ рагон историмæ, дарддæр та советон дугмæ æмæ афтæ дарддæр. Уыдæтты фæрцы æрбацæуæг банкъардзæн æмæ йæ цæстытыл ауайдзæн, не ‘хсæнад куыд цард, цахæм фæндæгтыл рацыд æмæ цы хуызы æрхæццæ махмæ, уыдæттæ.

Къоста махæн у нæ сæрыстырдзинад æмæ бацархайдзыстæм, цæмæй йæ цард æмæ йе сфæлдыстады тыххæй æвдыст уа хорз экспозици.  Ардæм чи æрбацæуа, уый хъуамæ банкъара, ацы адæймаг цы дуджы цард, фылдæр маст æмæ фыдæбæттæ цæмæн æвзарын кодта йæхицæн, йæ иубæстон, йе ‘фхæрд мæгуыр адæмы тыххæй.

Ахуырады министрадимæ кусæм æмæ арæзт æрцыд лекцион зал, цæмæй нæм бынаты уагъд цæуой лекцитæ. Зæгъæм, студенттæ цахæмдæр æрмæгмæ цымыдис кæнынц, уæд сын уый тыххæй стыр ахъаз уыдзæн сæ дарддæры ахуыры. Дарддæр Хуссар Ирыстон хъæздыг у йе сфæлдыстадон, культурæ æмæ аивады зынгæ архайджытæй, дзæвгар нæм ис, спорты къабазы канд Ирыстоны нæ, фæлæ дунейы дæр йæ ном кæмæн ныхъхъæр ис, ахæмтæ. Уыдонæн дæр хъуамæ бацæттæ кæнæм сæрмагонд хайадтæ æмæ алкæмæн дæр фадат уа семæ базонгæ уæвынæн. Æнæуи уый зæгъинаг дæн, æмæ нæ музей цух никуы уыд адæмæй. Фарон нæм чи æрбацыд, уыдон нымæц схæццæ 1400 къордмæ, алы къорды та вæййы 20-25 адæймаджы. Æрмæст нæм ацы аз Музейы æхсæвы, ома, Цыкурайы фæрдыг нысан кæныны æхсæвы уыд 1000 адæймаджы, уыцы нымæцы Герман, Испани, Итали, Никарагуа æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæтæй дæр. Нæ республикæйы бæрæгбон нысан кæныны рæстæджы афтæ никуы уыд, æмæ нæм уазджытæ ма æрбацæуой. Иууылдæр нæ тынг райгондæй аздæхынц. Зæгъæм, Уæрæсейы национ хъуыддæгты фæдыл бæрнон кусæг Константин Косачев загъта, зæгъгæ, стыр музейты никуы уыдтæн куы зæгъон, уæд мыл нæ баууæнддзыстут, фæлæ уæ хъуамæ бауырна, сымах хуызæн диссаджы музей æз кæй никуы ма федтон дунейы. Номхуындæй, йæ зæрдæмæ фæцыдысты нæ археологи, афтæ ма Тугъанты Махарбеджы конд нывтæ. Мæхи  ‘рдыгæй та уый зæгъдзынæн, – зæгъы Зассейы фырт, æмæ йæ нывтæй кæцыфæнды дæр ма райсон, уæд дæр уымæ гæсгæ радзурин Ирыстоны историйæ кæцыдæр цау.

Кусджытæ арæх вæййынц фестивальты, сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсыты Санкт-Петербурджы, Воронежы æмæ сын уыдон æххуыс кæнынц сæ дарддæры хæрзиуæгон куысты.

Æнæуи та мæ фæнды бахатон мæ адæммæ. Махæн нæ зæххыл цыдæриддæр ис, уыдон сты нæ паддзахады. Æмбæстæгтæ, исты хæзна, рагон æрмæг куы ссарат, уæд æй уæй ма кæнут, фæлæ сæ хæссут музеймæ. Чидæр æй куы балхæна, уæд ирон адæмы нал у æмæ уымæй сæфы нæ культурæ. Хъуыды кæнæм æмæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ нын цы стыр хæзнатæ ныууагътой, уыдон.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.