Нæ рагфыдæлты истори, сæ цардуаг, се ‘гъдæутты бæрæггæнæнты æвдисæн, абон махæн свæййынц, нæ республикæйы территорийыл цы археологион ссарæггæгтæ скъахынц, уыдон. Антикон рæстæджы Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цардис, уыдонæн сæ дзаумæтты традицион формæтæ рæзтысты бирæ æнусты дæргъы, сæ фылдæр та хицæн кæнынц сæйраг элементты иудзинадæй, æцæг сæмбæлынц иуæй-иу хиæдтæ, локалон варианттæ, фæлæ археолог Гаглойты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй уыдон не сты антикон рæстæджы Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл культурæйы иудзинады ныхмæ. Дзырдæн, зæгъæм, иумиаг элементты хуызы махы онг æрхæццæ сты хъусцæджытæ, фибулæтæ, фæрдгуытæ, цонгдарæнтæ, ритуалон-магион нысан кæмæн уыдис, ахæм подвескæтæ æмæ æндæртæ. Уыдонæн сæ формæтæ уыдысты æмхуызон антикон дуджы Хуссар Ирыстоны территорийыл æппæт цæрджытæм дæр. Уыимæ иумæ ма фембæлæн уыдис локалон, алыгъуызон варианттыл дæр, уыдон уыдысты социалон-экономикон, политикон рæзты, æрдзон-географион уавæртæй кæнгæ, афтæ ма, хæдзарадон, историон-культурон æмæ базарадон къабæзтыл чи æххæссыдис, уыцы æддагон бастдзинæдтæй кæнгæ дæр, уымæйдæр уыцы бастдзинæдтæ баст уыдысты канд æмарæн регионтимæ нæ, фæлæ хатт дард бæстæтимæ дæр. Гаглойты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй ингæнтæй бирæты разынынц бронзæйæ æмæ стæгæй судзинтæ, къуымбилуафæн æмæ æхснудæн дзаумæттæ, уыцы нымæцы æлхуыйтæ æмæ æлвисæн дзаумæттæ дæр. Уыдонæн та ис стыр зонадон нысаниуæг.

Ингæнты керамикон æлвисæн дзаумæттæ кæй разынынц, уый дзурæг у, цæрджытæ къуымбилгуыст кæй кодтой, ууыл. Фидарæй зæгъæн ис, уыдон къуымбилæй пайда кодтой дарæс хуыйыны рæстæджы. Монастъеры зæппадзы къахгæйæ-иу бирæ хæттыты разындис цармæй конд дзаумæтты хæйттæ (æцæг-иу уыдысты æмбыд). Уым сылгоймаг ныгæд æрцыдис цармæй къабайы, йæ уæлæ фæрдгуытæ хуыд, афтæмæй. Бæрæг у, кæй пайда кодтой цæрæгойты цармæй дæр. Сæ царды сæрмагонд бынат уыдис, къæмисæнты сæрмæ-иу кæй бафидар кодтой, уыцы привескæтæ æмæ хъусцæджытæн. Зæгъæн ис, æмæ ахæм фæрдгуытæ, цонгдарæнтæ, хъусцæджытæ æмæ сылгоймаджы æндæр фæлындзæнтæ иумæ арæзтой æнæаскъуыйгæ эстетикон иудзинад æмæ сын уыдис идейон æмæ символикон нысаниуæг. Зæгъæм, подвескæтæм цы амулеттæ хаудис, уыдонæн лæвæрдтой кæлæнгæнæг тых.

Куыд нымадтой, афтæмæй фæлындзæнтæ æххуыс кодтой сæ хицауæн, уымæ гæсгæ динон æгъдауæй амыдтой, цæмæй сæ адæм дардтаиккой. Хуссар Ирыстоны территорийыл цы археологион сылгоймаджы фæлындзæнтыл æмбæлдысты, уыдон цæттæ кодтой алыгъуызон æрмæджытæй, уымæн уыдис алыгъуызон форматæ æмæ алыгъуызон варианттæ. Арæх сæмбæлæн уыдис бронзæ æмæ æвзистæй конд цонгдарæнтæ, къæхтылдарæнтæн æмæ сын уыдис алыгъуызон конструкцитæ. Хуссар Ирыстоны территорийыл æрæгантикон дугмæ хауæг зæппадзты цы мардæвæрæн дзаумæттæ разындис, уыдонæн анализ саразыны фæстæ бæлвырд æрцыд, зæгъгæ, уыцы дуджы Хуссар Ирыстоны территорийыл цы фæрдгуытæ дардтой, уыдоны ‘хсæн фембæлæн уыдис сердолик, дзиндзи, мрамор, стæг æмæ хъæдæй конд фæрдгуытыл, фæлæ сæ хуыз уыдис алыгъуызон. Зæгъæм, кæд Стырфæзы зæппадзы æмбæлдысты урс, сырх, бур, кæрдæггъуыз фæрдгуытыл, уæд Монастъеры та – сау, кæрдæггъуыз, цъæх, бур, æрвгъуыз æмæ æндæр хуызтæ кæмæн уыдис, ахæм фæрдгуытыл. Фæлæ уæддæр иууыл тынгдæр аргъ кодтой сердоликæн. Уымæн кæлæнгæнæг тых кæй ис, уый уырныдта адæмы бирæ рæс-тæджы дæргъы. XIX æнусы дæр ма сердоликæй къухдарæнтæ нымад цыдысты талисмантыл. Зæгъæм, Пушкин Александрæн уыдис сердоликæй дыууæ къухдарæны, æмæ сыл уый ныффыста цалдæр æмдзæвгæйы. XX æнусы сбæлвырд кодтой сердоликы хосгæнæн миниуджытæ. Æмæ йæм кæд ахæм миниуджытæ нæ уыдис, уæддæр йæ бон уыд адæймаджы зæрдæйы равг фæхуыздæр кæнын йæ рæсугъддзинадæй.

Гаглойы фырт куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг функци æххæст кодтаиккой æнæмæнг, роны аргъæвджытæ, уыдонæн ис дæргъвæтин истори, бронзæйы дугæй райдайгæйæ. Фарст æвæрд цыдис сæ иртасыны рæстæджы ахæм хуызы, зæгъгæ, ацы аргъæвджытæ, сæйраджыдæр, хохрæбынты æмæ хæхты цæмæн æмбæлдысты, фæ-лæ стæй цæмæннæ уал æмбæлынц IV-æм æмæ уый фæстæ æнусты?

Археологион æрмæджытæ куыд дзурынц, афтæмæй ацы аргъæвджытæй пайда кодтой 2-3 æнусты дæргъы. Ахæмтæ æмбæлынц скифтæм. Уыдон сты цыппаркъуымон пластинæтæ сагты фигурæтимæ. Зæгъæн ис, æмæ ацы аргъæвджытæ кæй фæзындысты, Цæгат Кавказы сарматты политикон активондзинад цæхгæр куы сырæзтис, уæд. Уый бафидар кодтой, Хуссар Ирыстоны уæлмæрдты цы æрмæджытæ разындис, уыдон дæр. Аргъæвджыты фыццаг иртасджытæй сæ иу Мещанинов И. банысан кодта, зæгъгæ, саг (аргъæвджыты сæйраг фигурæ) йæ чъылдыммæ здæхт бырынкъимæ æмæ къалиуджын сыкъатимæ, хорз зонгæ у скифаг дзаумæттæн æмæ лингвистикон æгъдауæй баст у сактæ-скифтимæ. Уый ма банысан кодта фæскавказаг роны згъæр сыфтæн кæй ис культон нысаниуæг æмæ сæ мидæг хæссынц алыгъуызон знæмон иуæгты фыдæлтыккон æмбарынад. Ацы аргъæвджытæ ма иртæста æндæр ахуыргонд Ивановская Т.  дæр æмæ йæ куысты – «Кавказаг бронзæйы аргъæвджытæ»-йы уыцы аргъæвджыты бæтты Ирыстоны территорийыл зындгонд культурæтимæ. Уый фыста, зæгъгæ, бæлвырдæй гæнæн ис æмæ зæгъæм, уыцы аргъæв-джытæ кæй сты, кавказаг, номхуын-дæй та – йæ цæгаттаг æмæ централон хайæ.

Гаглойты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй иуæй-иу стилистикон æмæ формалон хиæдтæм гæсгæ аргъæвджытæн бабæттæн ис, махæн зындгонд культурæтимæ Ирыстоны. Чысыл тымбылфæлгæтджын æвзаггонд кæмæн ис, ахæм аргъæвджытæ-иу цы уавæрты разындысты, уыдон бахынцгæйæ, зæгъæн ис, æмæ æрцæуæм ахæм хатдзæгмæ, уыдонæн алыгъуызон нысанæвæрд кæй уыдис, уый. Цæвиттон, сæргæхц æмæ бæрзæйы рагъыстæджы хъулты цур цахæмдæр бæттæнтæ ныффидар кæнынæн. Ингæнты иунæг хатт дæр рæттæ никуы разындис, фæлæ дзы цы баззайæццæгтæ уыдис, уыдон фылдæр арæзтой цармæй. Ахæм ссарæггæгтæ разындис Стырфæз, Монастъер æмæ Велурайы хъæуты.

Уæдæ, Хуссар Ирыстоны территори ахста хуыздæр географион уавæртæй иу æмæ уымæ гæсгæ йæ цæрджытæ рагзаманы дæр хайад истой дунеон базарады, уый хорз зыны Тлийы хъæуы бронзæйы æмæ раг æфсæйнаг дугты æрмæджытæй.

Уæдæ афтæ, æрæгантикон дуджы, ома, нæ дуджы (I-IV æнусты) Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæг адæмы дзаумæтты анализ бар дæтты куыд истори æмæ культурæ, афтæ экономикæ æмæ этникон æгъдауæй бирæ цымыдисон хатдзæгтæм æрцæуын, – банысан кодта йæ раныхасы Гаглойы фырт. Ныртæккæйы Скæсæн Гуырдзыстоны территорийыл цы материалон культурæйы цыртдзæвæнтæ разыны, уыдоны иумæйагдзинад фактыл банымайгæйæ, уыимæ иумæ хъæуы зæгъын уый дæр, æмæ нæ дуджы фыццаг æнустæй фæстæмæ Централон Фæскавказы цæгаттаг районты, уырдæм хауы Хуссар Ирыстоны ныры территори дæр, фæзындысты сарматтаг-алайнаг культурæйы бирæ элементтæ дæр æмæ нæ дуджы VI-VIII æнусты та Роберт куыд зæгъы, афтæмæй Стырфæз, Едыс æмæ Ачабеты хъæуты, афтæ ма Скæсæн Гуырдзыстоны территорийы иуæй-иу æндæр æмæ æндæр бынæтты цы сæргæхцтæ разындис, уыдон бахынцгæйæ, ис ахæм зонæнтæ, æмæ Кавказаг хохрагъы хуссайраг фæхстыл сарматтаг-алайнаг этникон элемент кæй уæвыд, уый фæдыл.

Ахсджиаг нысаниуæг ис бирæ ахуыргæндты ахæм хъуыдыйæн, – зæгъы Гаглойы фырт, – нæ дуджы фыццаг æнусты Кавказы чи æмбæлы, сæргæхцы уыцы барæй деформаци кæнын, ома, сæ сæртæ-иу цъупп кæй уыдысты, уымæй дæр бæрæг у, нæ дуджы фыццаг æнусты Централон Фæскавказы сарматтæ кæй уыдысты, уый. Куыд историон зонæнтæ, афтæ археологион æрмæджытæ дæр дзурынц ууыл, æмæ алыгъуызон историон заманты скифаг рæстæгæй райдайгæйæ, цæрджыты сконды, ома, Скæсæн Гуырдзыстоны ныртæккæйы территорийы, уыдысты ирæтты фыдæлтæ – скифтæ-сарматтæ-алантæ дæр. Ууыл дзурынц иуæй-иу ахуыргæндтæ, уыцы нымæцы гуырдзиаг ахуыргæндты зонæнтæ дæр. Уый нæ, фæлæ ма зынгæ лингвист Андроникашвили М. рафæлгъуыдта, гуырдзиаг æвзаг алайнаг-ирон æвзагæй кæй айста, къорд ахæм дзырды.

– Уæдæ куыд бæрæг у, афтæмæй хъæууæттæ, рагон уæлмæрдтæ, афтæ ма сæ цы ссарæггæгтæ скъахынц, уыдон æнгом баст сты адæмы цардуагимæ æмæ сын ис стыр нысаниуæг адæмы этникон, социалон-экономикон æмæ политикон истори, афтæ ма йæ алфæмблайы æввахс æмæ дард культурон регионтимæ, уымæн йæ идеологион-динон цæстæнгастæ æмæ бастдзинæдтæ сахуыр кæнынæн, –  загъта Гаглойы фырт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.