РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд фермертимæ, кæцытæ 2011 азы товарон кредитты хуызы райстой 900 сæры хъалмыхъаг мыггаг стур-тæ. Хицæн аххосæгтæм гæсгæ фермертæ абоны онг дæр нæма сæххæст кодтой кредитон бадзырды фæдыл сæ хæстæ.

Фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ, Паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон хъусдарды службæ «Югоссельхознадзор»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан.

Фермертæ президентæн радзырдтой сæ проблемæты тых-хæй, кæцытæ фæзындысты, фосы ма бынатмæ куы ластой, уæдæй райдайгæйæ ныртæккæ тæрхондоны хъуыддæгты æвзарыны онг. Сæ ныхæстæм гæсгæ стуртæ райсынæй фæстæмæ уыдонæй мардис бирæ. Уыимæ ма æртæ азмæ цы бадзырдтæ сарæзтой, уыдоны фосы уæз æвдыст æрцыд бирæ фылдæрæй. Хъуыддæгтæ æвзарыны фæстиуæгæн РХИ-йы генпрокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг, фæлæ фæдагуырды процесс рæстæгмæ урæд æрцыд, хъæууон хæдзарады управленийы уæды сæргълæууæг  уголовон агуырды кæй ис, уымæ гæсгæ.

Чиновниктæ æмæ фермертæм байхъусгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй ацы проблемæ æвзæрст æрцæуа, уый тыххæй хъæуы рахизын ахæм ныхасмæ, цыран фермертæн претензитæ нæ уыдзæн паддзахадмæ.

«Кредитон бадзырдтæй сисын хъæуы пенитæ æмæ фермертимæ ног бадзырдтæ саразын, цыран нымад нæ цæудзысты, низæй чи амард, уыцы фос. Афтæмæй фæкъаддæр уыдзæн кредитон бадзырды бæрц. Афтæ ма кæд стурты уæз фæфылдæргондæй нысан æрцыд, уæд æй хъæуы аивын», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли æрдомдта, цæмæй алы фермеры тыххæй дæр баконд æрцæуа хисæрмагонд хъуыддаг, цæмæй индивидуалонæй куыст цæуа алкæимæ дæр.

Генералон прокурорæн бахæс æрцыд, цæмæй уголовон хъуыддæгтæ баконд æрцæуой уыцы бæрнджын адæймæгтыл, кæцытæ фермертыл сайдæй разылдысты. Уголовон хъуыддæгтæ конд æрцæудзæнис уыцы фермертыл дæр, кæцытæ райстой йæ рæстæджы хатырон кредиттæ æмæ ацыдысты республикæйæ.

* * *

Президентмæ цы фермерты къорд æрбацыд, уыдон райгондæй баззадысты ацы фембæлдæй. Цы вазыгджын уавæры бахаудтой, уым сæм æмбарындзинад кæй равдыстой Президент æмæ Хицауады уæнгтæ ууыл сæ зæрдæ даргæйæ, ныфс бавæрдтой, закъоны фæлгæтты архайгæйæ, кæй адарддæр кæндзысты сæ фермерон куыст.

Хорзыл нымайынц, РХИ-йы хицауад чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредитты тыххæй цы закъон райста, уый. Уым сæйраг нысан у амалиуæгады фадыджы фидар рæзт сифтонг кæнын. Хатырон кредиттæй фермеры сифтонг кæнын ахъаз уыдзæн уæлæмхас кусæгон бынæттæ саразынæн, бирæнымæц социалон-экономикон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.