Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Цæгат Ирыстоны паддзахадон театр КВН-ы директор Плиты Сосланы.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны КВН-ы проекты райрæзты фарстатыл, кæцы кусид республикæйы популяризацийыл æмæ бренд «Хуссар Ирыстон» размæ кæныныл.

Плиты Сослан банысан кодта, раздæр дæр кæй æрцыд Цхинвалмæ ахæм фæндонимæ.

«Æз ардæм дыууæ хатты æрцыдтæн æмæ студенттимæ фембæлдтæн, уыдоны фæнды хайад исын КВН-ы, фæлæ йæ кæронмæ не ‘мбарынц, уый сын цы ратдзæн, уый.

Мах цæттæ стæм ууыл кусынмæ, Цæгат Ирыстонæй æрцæудзысты специалисттæ, кæцытæ кусдзысты сывæллæттимæ, æрмæст хъæуы административон уынаффæ райсын. Ахæм къаннæг территорийыл, цыран ис бирæ курдиатджын фæсивæд, æнæмæнгæйдæр хъуамæ исты рауайа», – загъта Плийы фырт.

Плиты Сослан ма банысан кодта, КВН-ы хъазын кæй у, фæсивæд сæ рæстæг кæм æрвитынц, ахæм бынат, æххуыс кæны интерестæ размæ кæнынæн.

«Æртæ азы дæргъы, махмæ куы ницы уыд, уæд командæ сарæзтам, кæцы ныртæккæ хъазы телевизион фыццаг лигæйы. Фæзынд ма ног командæтæ: хъазын райдыдтой уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, фæзынд ма хъæууон командæ дæр. Мах кæм кусæм Цæгат Ирыстоны цалдæр командæйæ, уым Хуссар Ирыстоны командæйæн уыдзæн æнцондæр», – загъта Плиты Сослан.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, КВН-ы командæ кæй хъæуы Хуссар Ирыстоны, уымæн æмæ дзы фæсивæдæн ис стыр фадæттæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг фæсивæдæн ис стыр потенциал, загъта, зæгъгæ, раздæр горæт Цхинвалы скъолайы командæ «16+» хайад райста Æппæтуæрæсейаг Юниор-Лига КВН-ы, цыран бацахста призон бынат.

«Уый хынцгæйæ, зæгъæн ис, махмæ æцæгæйдæр, кæй ис курдиатджын фæсивæд, ис нын бирæ фадæттæ, кæцытæй хъæуы пайда кæнын. Æз æй нымайын, КВН-ы командæ саразын ныры уавæрты у реалон. Ныфс мæ ис, де ‘ххуысæй мах кæй сбæрæг кæндзыстæм куысты раст здæхтытæ. Уый у æнæмæнгхъæуæг», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххуысгæнæг Гæззаты Давид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.