9 майы Мæскуыйы центры ацыд æппæтуæрæсейон акци «Æнæмæлгæ полк». Акцийы хайадисджытæ рахастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты транспаранттæ æмæ нывтæ.

«Акцийы хайад райстой иу милуан адæймагæй фылдæр, сывæллæттæ, хистæр æмæ зæронд кары адæм, йæ кæрон кæмæн нæ зынд, ахæм колоннæйы. Бирæтæ æрбацыдысты сæ бинонтимæ иумæ, цæмæй равдисой, кæй нæ рох кæнынц сæ фыдтæ æмæ дадаты хæстон сгуыхтдзинад. Мах та нæхи рады рахастам нæ дадаты æмæ не ‘мзæххонты нывтæ. Уый у нæ хæс, чи нын бахъахъхъæдта нæ зæхх æмæ абон цъæх арвы бын кæй руаджы цæрæм, уыдоны раз. Мæн уырны, алчи дæр кæй æнкъардта, ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм иудзинад, патриотизмы æнгомдзинады æнкъарæнтæ. Бузныг йæ хайадисджытæн иууылдæр!», – банысан кодта Мæскуыйы РЦИ-Аланийы æдзухон минæварады æдзухон кусæг Фæрниаты Сослан.

Мадзалы ма хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин, Уæрæсейы Федерацийы Советы æмæ Паддзахадон Думæйы уæнгтæ, Хицауады æмæ æхсæнадон организациты уæнгтæ, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Цæгат Ирыстоны æдзухон минæвæрады кусджытæ, Мæскуыйы Цæгат Ирыстоны фæсивæдон организациты минæварадтæ, Ирыстонæй рацæугæтæ æмæ бирæ æндæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.