РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыд 10 фарсты, кæцытæн уыд нормативон-барадон мидис.  Уыдонæй фыццаг фарст уыд иу азы æмгъуыдмæ бæлæстæм зилын æмæ сæ æхсæдыны  фæдыл хъæдкалыны фонд дих кæныны план сфидар кæныны фæдыл. Республикæйы Хъæды хæдзарады управленийы сæргълæууæг Чилæхсаты Таймуразы ныхæстæм гæстæ, ивгъуыд аз республикæйы æдæппæт бакуыстгонд æрцыд 853 кубометр хъуыддагон хъæдæрмæг.

«Уыцы нымæцтæ сты документтæм гæсгæ. Фæлæ æнæуый спайдачындæуыд фылдæр хъæдæрмæгæй. Дырысдæр зонæнтæ райсыны тыххæй хъæуы хъæдтæ бæрæг кæнын», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, æнæконтролæй хъæд калын æруромыны æнæмæнгхъæуындзинад. Уый бахæс кодта республикæйы Генералон прокуратурæ æмæ Æрдзæй пайда кæныны комитетæн, цæмæй ревизи ауадзой хъæдтыл æмæ сбæрæг кæной, Хуссар Ирыстоны хъæдтæй цас калд цæуы, уыдоны гуырахсттæ.

«Хъæд бахъахъхъæныны тыххæй хъуамæ уа дырыс план. Æнæконтролæй хъæд калын æруромыны тыххæй райсын хъæуы мадзæлттæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх чиныгмæ хаст зайæгойтæ кæй сæфынц, уымæ дæр хъусдард аздахын хъæуы», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый республикæйы районты сæргълæуджытæн дæр бахæс кодта, цæмæй республикæйы районты цы цæрæн хæдзæрттæ ис, уыдон бахынцгæйæ, анализ саразой, хъæдæрмæг цас хардз цæуы, уымæн.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджетæй ивгъуыд аз куыд спайда чындæуыд, уый фæдыл.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы республикæмæ ластцæуæг тамакойы продукцийы акцизты план уæлдайджынтæй сæххæст 19 миллиард сомæй.

Хæцæнгарз æлхæнын, æфснайын æмæ йæ ласыны тыххæй юридикон æмæ физикон гоймæгтæн лицензитæ дæттыны иурæстæгон фиддонты фæдыл фарст,  Президенты фæндонмæ гæсгæ, æргъæвд æрцыд æнæрадон рабадтмæ, кæцы хъуамæ ауагъд æрцæуа иу къуырийы фæстæ

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь фехъусын кодта, æнæмæнгхъæуæг æмæ æвæстиатæй хъахъхъæнын кæй хъæуы, уыцы паддзахадон объектты номхыгъд, кæцыты хъуамæ хъахъхъæна Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Æнæведомствæйон хъахъхъæнынады управлени. Ацы фарсты фарс рахæцыдысты Хицауады уæнгтæ иу-уылдæр.

Уыимæ иумæ, рабадты хайадисджытæ иууылдæр схъæлæс кодтой, лагерь «Орленок»-ы хуссарирыстойнаг сывæллæтты бау-лæфынæн Хицауады резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй.

РХИ-йы Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.