Кемеровойы æрцæугæ æвирхъау трагеди æрбангом кодта Уæрæсе æмæ уымæн æддейæ адæмты. Ацы уæззау рæстæджы ничи баззад уæлæхохæй ацы уæззау хъуыддагмæ, ничи сæхгæдта йæ зæрдæ уæззау рыстæй… Уымæн æмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй ахæм стыр фыдохмæ…

Адæм дидинджытæ æмæ хъазæнтæ хæссынц бæрæг бынæттæм, Уæрæсейы Федерацийы минæварадты рæзтмæ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады размæ дæр дыууæ боны дæргъы нæ бæстæйы разамонджытæ, æхсæнады минæвæрттæ цыдысты æмæ хастой дидинджытæ, сыгътой цырæгътæ, ардтой зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Уæрæсейы минæварадмæ знон æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, министрадтæ, депутаттæ, уагдæтты кусджытæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр Уæрæсейы минæварады «Мæсæллæйты чиныджы» ныффыстой Кемеровойы æрцæугæ трагедийы тыххæй хъыджы ныхæстæ. Уый фæстæ дидинджытæ сæвæрдтой минæварады бæстыхайы раз. Министрадтæ æмæ уагдæтты минæвæрттæ дæр хастой дидинджытæ, хъазæнтæ трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтты ном арынæн.

Кемеровойы трагедийы фæмардуæвджыты бинонтæн сæ фарс балæууыны нысанæн Бибылты Анатоли афтæ дзырдта: «Мæсæллæй кæны абон æгас Ирыстон уыдоны бинонтæн. Адæм цæуынц æмæ дидинджытæ хæссынц, чи бабын, уыдон номыл. Абон æгас ирон адæм сты иумæ Уæрæсеимæ, йе ‘ввахс хиуæтты чи фесæфта, уыдоны бинонтимæ».

Ахæм рæстæджы бæрндзинад фылдæр бæстæйы къухдариуæгадыл ис. Уый нысанæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта Уæрæсейы къухдариуæгады номыл дæр. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй аххосджынтæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, æфхæрд баййафдзысты закъонмæ гæсгæ.

Бибылты Анатоли ацы трагеди абарста Беслæны трагедиимæ, уымæн æмæ ацы базарадон хиирхæфсæн центры дæр бабын сты æнæазым сывæллæттæ.

«Уый тынг зын у, уый раст нæу, афтæ ма хъуамæ рцыдаид», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Ирыстон хъыг кæны Кемеровойы базарадон центр «Зимняя вишня»-йы фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ иумæ, фæнды сæ, цæмæй сæм сæ уæззау маст сфæразынæн разына хъарутæ.

Мах сымахимæ стæм удæй, хъуыдытæй… нæ зæрдæ риссы æмæ хъынцъым кæнæм уемæ…

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.