26-æм декабры уагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады ацы азы фæстаг рабадт.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æрæмбырдуæвджытæн ракодта Ногазон арфæтæ. Йæ цæст сын бауарзта æнæниздзинад, царды хорздзинæдтæ æмæ æнтысгæ куыст.

Хицауады уæнгтæ уынаффæ кæнынмæ цы фарстытæ рахастой, уыдонæн сæ ахсджиагдæртæй иу уыд республикæйы цæрджыты сæйрагдæр социалон-демографион къордтæм гæсгæ удгоймагæн фæцæрыны минимумы бæрц сфидар кæнын ивгъуыд азы æртыккаг кварталæн.

РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй уый уыд 9 488, 44 сомы. Куыстхъом цæрджытæн – 10 204, 03 сомы, пенсиисджытæн – 7 802, 66 сомы æмæ сывæллæттæн та – 10 260, 92 сомы. Уыдон та сты къаддæр дыккаг кварталимæ абаргæйæ. Йæ аххосагыл ын Бекъойы фырт банымадта, æртыккаг кварталы хицæн хæлцадон товарты æргътæ республикæйы кæй фæфылдæр сты, уый.

Фидар ма æрцыдысты 2019 азæн цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тарифтæ дæр.

Ног азы райдианæй тарифтæ электроэнергийæ, æрдзон газæй, донæй æмæ æндæр ахæмтæй фæфылдæр уыдзысты юридикон цæсгæмттæ æмæ коммерцион куыстуæттæн. Цæрджытæн тарифты æргътæ баззайдзысты, куыд уыдысты, афтæмæй. Иннæ фæлхасгæнджытæн фидар æрцыдысты экономикон æгъдауæй ахъуыдыгонд тарифты бæрцтæ.

Рабадты ивындзинæдтæ бахастæуыд «РХИ-йы паддзахадон унитарон куыстуæтты архайдыл контролы фæдыл Æхсæнведомствойон къамисы тыххæй» РХИ-йы Хицауады 2017 азы 14 сентябры уынаффæмæ, афтæ ма сног кодтой ацы къамисы сконд. Ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты уый тыххæй, æмæ хицæн унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ ивд æрцыдысты.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта, цæмæй лæмбынæг ахуыр æрцæуа ахæм куыстуæтты архайд æмæ, цас эффективон сты, уый. «Гæххæттыл фыст ис 50 ахæм куыстуатæй фылдæр, фæлæ æцæгæй та се ‘мбисы бæрц дæр нæ кусы. Сахуыр кæнут ацы фарст, цæмæй конкретон мадзæлттæ ист æрцæуа, пайда чи нæ хæссынц, уыдоны фæдыл», – загъта къамисы уæнгтæн Пухаты Эрик.

Хицауады уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд паддзахадон уагдон «Адæмон инструментты паддзахадон оркестр «Айзæлд». 2017 азы паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы Барамындæй оркестрæн лæвæрд æрцыд статус «паддзахадон». Культурæйы министр Зассеты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй «Айзæлд» горæты администрацийы дæлбарæй рахызт культурæйы министрады дæлбармæ. Ныртæккæ ацы оркестры сконды  ис 27 адæймаджы.

Рабадты æркастæуыд организацион фарстмæ дæр. Дзукъаты Алан сæрибар æрцыд хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæджы бынатæй.

Рабадты ма æркастысты Ногазон мадзæлттæ ауадзыны тыххæй республикæйы районтæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны фарстмæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.