Фӕззӕджы æрбалӕудæй нӕ фынгыл парахатӕй фӕзындысты алыхуызон салаттӕ, халсæрттӕ, дыргътӕ ӕмӕ гагадыргътӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы рӕстӕг уӕлдай тӕссагдӕр вӕййы тъӕнгты ахӕм низты фæзындæй, куыд  дизентери, гепатит ӕмӕ ӕндӕртӕй). Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ цæрджытæ рынчын кӕнынц ӕндӕр хӕцгӕ низтӕй дӕр.

Раст зӕгъгӕйӕ, кӕй ранымадтам, уыцы низтӕ тӕссаг сты, ӕвзӕр фӕстиуджытӕ куы расайой, уымӕй. Дохтыртӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй рынчынты фылдӕр хай сӕхимӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ фӕзилынц, уый аххосӕй сӕ царды фӕстаг бонтӕм хъизӕмар фӕкӕнынц хуылфыдзаумӕтты низтӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ зонӕм, ацы ӕнамонддзинадӕй нӕхи ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты куыд бахъахъхъӕнын хъӕуы, уыдӕттӕ.

Фыццаджыдӕр, зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ тъӕнгты хӕцгӕ низтӕ кæй фæзынынц чъизи къухтӕй, ӕнӕхсад хæлцадон продукттӕй, алыхуызон бындзытӕ, ӕндӕр низпарахатгæнджытæ кӕм бамбырд вӕййынц, ахӕм антисанитарон уавӕрӕй. Низы гуырӕнтӕ та арӕхдӕр вӕййынц чъизи доны, ӕнӕхсад халсæртты, дыргъты, гагадыргъ-ты. Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иу дыргъдӕтты хицӕуттӕ тыллӕгæрзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй мӕрмӕ фаджысӕй уӕлдай бахӕссынц алыхуызон чъизидзинӕдтӕ дӕр.

Фӕлтӕрддзинад куыд равдыста, афтӕмӕй ӕвзӕр ӕхсад кӕнӕ фыцгӕ доны ӕнӕкуыстгонд продукттӕ, уӕвӕн ис, ӕмӕ суой низы фыццаг аххосаг. Уымæ гæсгæ ӕрвылбон дæр цӕст дарын хъӕуы тӕбӕгъты, цӕлгӕнӕн дзаумӕтты сыгъдӕгдзинадмӕ. Бындзыты уадзӕн нӕй хӕдзармӕ, афтæ мыстыты дæр. Базарӕй цы дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ ӕрбахӕссай, уыдон хӕрзӕхсад ныккӕныны фӕстӕ сыл хъӕуы фыцгӕ дон ауадзын. Сывӕллӕттӕ та хъуамӕ бон цалдӕр хатты сӕ къухтӕ ӕхсой сапонӕй.

Ныртӕккӕ хӕцгӕ низтӕ фӕзынынӕй тӕссаг кӕй у, уый махыл дывӕр хӕстӕ ӕвӕры. Хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ не ‘хсӕн ис, сӕ низ йӕхи ӕргом кӕмӕн не ‘вдисы, фӕлӕ ӕмбӕхст хуызы кæмæн ис, ахӕм рынчынтӕ. Низджын кӕй сты, ууыл дызӕрдыг дӕр кӕй нӕ кӕнынц, уый аххосӕй алыхуызон низты амидингӕнджыты парахатӕй тауынц сӕ алыварс. Уӕлдай тӕссагдӕр та сты, тъӕнгтӕй цы чъизидзинӕдтӕ рацӕуы, уыдон, низы амидингӕнджытӕ сӕ кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ.

Сывӕллоны бонтӕй фӕстӕмӕ мах нӕхи фӕдзӕбӕх кӕнӕм алыхуызон, уыимӕ, тыхджын хостӕй дӕр. Бирӕтӕн уый аххосӕй сӕ тых асӕтты кӕнӕ та адӕймагыл фӕзынынц цыбыр рӕстӕгмӕ тӕвд кæныны хуызы. Ахӕм рӕстӕг гуыбын фӕриссы, рын-чын суанг туг цӕуын дӕр райдайы.

Бирӕтӕ сӕхи ӕвзӕр куы банкъарынц, уӕд байхъусынц сыхаджы, ӕндӕр зонгӕ адӕймаджы амынддзинӕдтӕм ӕмӕ сӕ рынчыны рӕстӕг фӕнуазынц алыхуызон хостӕ, кӕрдӕджыты дӕттӕ, ӕмӕ адон низы бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕкъуырма кӕнынц, кӕронмӕ та сӕ не сдзӕбӕх кӕнынц, ӕмӕ уымӕй сӕхи ӕнӕнхъӕлӕджы баппарынц фыдбылызы.

Бӕлвырддӕр куы зӕгъӕм, уӕд низ иуӕй иудадзыгон хуызмӕ рахизы, иннӕмӕй та тӕссаг вӕййы уый бинонтӕй искӕуыл бафтауынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах фӕнды, низы фыццаг бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕмӕ фӕзындысты, уыдоны бафӕдзӕхсын, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхи ма дзӕбӕх кӕной ӕмӕ искӕй ныхӕстӕм дӕр ма хъусой, фӕлӕ куыддӕр сӕхи ӕвзӕр банкъарой, афтӕ ӕвӕстиатӕй дохтырмӕ фӕдзурой.

Арӕх сывӕллон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбарынчын вӕййы. Дохтыры ӕрбацыдмӕ рынчын сывӕллон хъуамӕ хæрдæй йæхиуыл фæхæца. Хуыздӕр у уымӕн пырындзы фых ӕмӕ хъӕбӕр цай дӕттын.

Ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй. Ирыстоны хатгай низы гуырӕн вӕййы нуазыны дон дӕр. Ахӕм рӕстӕг уый ӕдзухдӕр фӕхъӕуы фыцын. Куы ныууазал уа, уӕд та хъуамӕ конд ӕрцӕуа, йӕ сӕр ӕхгӕд кӕмӕн уа, ахӕм сыгъдӕгӕхсад графины. Ӕдзухдӕр сыгъдӕгдзинадыл архайын фӕхъӕуы канд хӕринаггӕнӕны нӕ, фӕлӕ хӕдзары алфæмбылай дӕр, ӕмӕ уӕд уӕхи бахъахъхъӕндзыстут кӕцыфӕнды хӕцгӕ низӕй дӕр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.